‏ Job 41

1Ахӕм ныфс дӕ ӕппындӕр ма уӕд!
Йӕ иу бакастӕй дӕр нӕ нырриздзынӕ?
2Уый смӕсты кӕнын чи бауӕнддзӕн,
ныхӕй-ныхмӕ йӕм чи ӕрлӕудзӕн?
3Мӕ размӕ чи ралӕууа,
уымӕн Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн.
Арвы бын цыдӕриддӕр ис,
уыдон иууылдӕр Мӕн сты.
4Йе уӕнгты тыххӕй
ӕнӕ зӕгъгӕ нӕ фӕуыдзынӕн:
хъаруйӕ ӕххӕст сты, кондӕй — рӕсугъд.
5Йӕ дарӕсы кӕроныл ын чи схӕцдзӕн,
йӕ дывӕр згъӕр ын чи фӕхуынкъ кӕндзӕн?
6Йӕ ком ын чи байгом кӕндзӕн?
Йӕ дӕндӕгты равӕрд тас ӕфтауы.
7Йе рагъыл — уартыты рӕнхъытӕ,
сасмӕй ныхӕстау — ӕнгомӕвӕрд.
8Кӕрӕдзимӕ афтӕ хӕстӕг сты,
ӕмӕ сӕ астӕуты уӕлдӕф дӕр нӕ ацӕудзӕн.
9Иу дзы иннӕмӕ йӕхи нылхъывта,
ӕддӕг-мидӕг ауадысты.
10Йе’хснырстӕй арв ферттивы,
йӕ цӕстытӕ — сӕуӕхсиды ӕнгӕс;
11йӕ комӕй арт бырсы,
зынджы стъӕлфӕнтӕ дзы хауы;
12йӕ фындзы хуынчъытӕй фӕздӕг кӕлы,
цыма къонайы сӕрмӕ
арт пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау;
13йӕ комулӕфтӕй сзынг вӕййы ӕвзалы,
арт цӕуы йӕ комӕй.
14Йӕ хъуыры кондыл бӕрӕг у йӕ хъару,
йӕ бакастӕй тас ӕфтауы.
15Йӕ фыдтӕ кӕрӕдзимӕ афтӕ ӕнгом сты,
ӕмӕ нӕ фенкъуысдзысты.
16Йӕ зӕрдӕ дурӕй уӕлдай нӕу,
куыройы фыдау хъӕбӕр у.
17Йӕ уындӕй тыхджынтӕ дӕр фӕтӕрсынц,
сӕ сӕр сӕ кой свӕййы.
18Йӕ ныхмӕ нӕ фӕлӕудзысты
нӕдӕр кард, нӕдӕр арц, нӕдӕр згъӕр.
19Уый ӕфсӕн хъӕмпыл нымайы,
ӕрхуы та — ӕмбыд къодахыл.
20Фаты тасӕй лидзӕг нӕ фӕуыдзӕн,
дурӕхсӕны дуртӕ уымӕн
зыгуымӕй уӕлдай не сты.
21Ӕфсӕн лӕдзӕг хъӕмпыхалыл нымайы,
арцы ӕхситт ӕм худӕгау кӕсы.
22Йӕ гуыбыны цъар — дурыны сӕстытау,
похци кӕнӕгау уый фӕцӕйбыры цъыфыл.
23Хуыдым рафыцын кӕны агау,
фыцгӕ сойы аг фестын кӕны денджыз.
24Цӕхӕркалгӕ фӕд уадзы йӕ фӕстӕ,
ӕгӕрон арф цыма урс фынг фестади, уыйау.
25Зӕххыл уый хуызӕн нӕй,
йе сконд афтӕ у, ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсы.
26Бӕрзондӕй цыдӕриддӕр ис,
уыдонӕй алцӕмӕ дӕр сӕрбӕрзондӕй кӕсы:
ӕппӕт сӕрыстыртӕн сӕ паддзах у уый».
Copyright information for OssIBT2022