Job 42
Иовы дзуапп Хуыцауӕн
1Ӕмӕ Иов дзуапп радта Хуыцауӕн:2«Зонын ӕй, Дӕ бон алцыдӕр у,
цы Дӕ бафӕнда, ӕмӕ цы нӕ сараздзынӕ!
3Ӕз цы дӕн, цӕмӕй дын Дӕ фӕнд фауон,
зонгӕ куы ницы кӕнын, уӕд?
Цы не’мбарын, уыдӕтты кой кодтон,
мӕ зонд кӕй нӕ ахсы,
уыцы диссӕгтыл дзырдтон.
4Уӕдӕ ӕрыхъус, цы зӕгъдзынӕн, уымӕ,
ӕз Дӕ фӕрсдзынӕн, ӕмӕ мын дзуапп ратт.
5Нырмӕ Дын ӕрмӕст Дӕ кой хъуыстон,
ныр та Дӕ мӕ цӕстӕй уынын.
6Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныхӕстыл мӕ къух исын,
фӕсмонӕй мӕхи хӕрын,
фӕнык ӕмӕ рыджы бадгӕйӕ».
Хуыцауы тӕрхон
7Дунедарӕг Иовимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта теманаг Елифазӕн: «Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ’мбалмӕ дӕр фыр мӕстӕй судзын — сымах Мӕн тыххӕй Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уымӕн. 8Уымӕ гӕсгӕ авд гал ӕмӕ авд фысимӕ фӕцӕут мӕ цагъар Иовмӕ ӕмӕ сӕ уӕхи номыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссут, мӕ цагъар Иов сымах тыххӕй скувӕд. Ӕрмӕстдӕр уый куывд айсдзынӕн Ӕз ӕмӕ уӕ нӕ бафхӕрдзынӕн, Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уый тыххӕй». 9Теманаг Елифаз, шуахаг Билдад ӕмӕ наамайаг Цофар ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Ӕмӕ айста Дунедарӕг Иовы куывд. 10Иов йе’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ын Дунедарӕг, раздӕр ӕм цы уыди, уыдон дывӕрӕй фӕстӕмӕ бафтыдта йӕ къухы. 11Ӕрбацыдысты йӕм йе’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ, йӕ раздӕры хорз зонгӕтӕ. Йемӕ фынгыл бадтысты йӕ хӕдзары ӕмӕ йын зӕрдӕтӕ ӕвӕрдтой, Дунедарӕг ын бӕллӕхтӕ кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй, алчидӕр ын балӕвар кодта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы ӕмӕ фӕйнӕ сыгъзӕрин къухдарӕны. 12Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ. 13Авд фырты ӕмӕ йын ӕртӕ чызджы райгуырди. 14Иуы дзы схуыдта Емимӕ, иннӕйы — Кессиа, ӕртыккаджы — Керен-Гапух. 15Дунетыл уыдонӕй рӕсугъддӕр сылгоймаг нӕ уыди, ӕмӕ сын сӕ фыд йӕ бынтӕй се’фсымӕрты ӕмрӕнхъ схай кодта. 16Уый фӕстӕ ма Иов фӕцарди сӕдӕ цыппор азы ӕмӕ ма йӕ байзӕддӕгтӕн суанг сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр ӕрӕййӕфта. 17Иов амарди хӕрз зӕрондӕй, цӕрынӕй бафсӕсти, афтӕмӕй.
Copyright information for
OssIBT2022