‏ Job 5

1Ныхъхъӕр кӕн — чи дын ратдзӕн дзуапп?
Ӕппындӕр ничи, иу сыгъдӕг дӕр — нӕ!
2Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст,
ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.
3Ӕз федтон: ӕдылы
йӕ уидӕгтӕ арф нӕма ауагъта,
афтӕ ӕвиппайды йӕ хӕдзар
ӕрбайхӕлди, ӕлгъыстау.
4Йе’намонд цотӕн феххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕн,
кулдуары раз сӕ исчи куы мара, уӕд дӕр.
5Ӕххормаг лӕг ын бахӕрдзӕн йӕ тыллӕг —
какон сындз дӕр ӕй нӕ бауромдзӕн,
цыбӕлгӕнӕг ын бацахсдзӕн йӕ исбон.
6Уымӕн ӕмӕ фыдбылыз
сыджытӕй нӕ равзӕры,
ӕмӕ бӕллӕх быдыры не’рзайы.
7Уый адӕймаг райгуыры хъизӕмарӕн,
цӕмӕй зынджы стъӕлфӕнау арвмӕ стӕха.
8Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцаумӕ у ме’ргом,
ӕмӕ мӕ хъаст Уымӕ хӕссын.
9Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕгӕрон,
зонд сӕ нӕ ахсы,
Йӕ диссӕгтӕн кӕрон дӕр нӕй.
10Зӕххы цӕсгом ӕхсы къӕвдайӕ,
донхорыг кӕны быдыртӕ.
11Ӕгады бынаты чи уыди, уый сбӕрзонд кӕны,
кӕуинаг чи фӕци, уый фервӕзын кӕны.
12Мӕнгӕрдты фӕндтӕ ӕрбайхалы,
сӕ къухтӕ сын фӕцыбыр кӕны.
13Ӕгӕр зондджынтӕн
сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы,
хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.
14Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы,
бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау,
куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.
15Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй,
сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.
16Уымӕн нӕу мӕгуыр лӕг ӕнӕныфс,
уымӕн ӕрцӕуы ӕхгӕд мӕнгард ком.

17Тӕхудиаг у,
Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый,
уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы’фхӕрдыл
дӕхи ма тигъ кӕн.
18Уый цӕвгӕ дӕр Йӕхӕдӕг ныккӕны,
ӕмӕ цӕфтӕ дӕр Йӕхӕдӕг бабӕтты,
ныццӕвӕг дӕр ӕмӕ сдзӕбӕхгӕнӕг дӕр
Уый Йӕхӕдӕг у.
19Ӕхсӕз бӕллӕхӕй дӕ бахиздзӕн,
ӕвдӕм дӕм хӕстӕг не’рбацӕудзӕн.
20Ӕххормаг заман
дӕ мӕлын нӕ бауадздзӕн,
хӕсты быдыры дӕ карды комӕй бахиздзӕн.
21Фыдӕвзаг дӕм нӕ баххӕсдзӕн,
гӕныстонӕй дын тас нӕ уыдзӕн.
22Гӕныстон ӕмӕ дӕм стонджы кой
худӕг дӕр ма кӕсдзӕн,
хъӕддаг сырдтӕй нӕ фӕтӕрсдзынӕ.
23Быдираг дуртӕ дын цӕдисонтӕ суыдзысты,
хъӕддаг сырдтимӕ хӕларӕй цӕрдзынӕ.
24Базондзынӕ, дӕ цатырӕн ницы тас у,
ӕркӕсдзынӕ дӕ бынӕттӕм —
алцӕмӕй дӕр нывыл сты.
25Дӕ цӕстӕй фендзынӕ дӕ бирӕ цоты,
Быдыры кӕрдӕгау ӕнӕнымӕц уыдзысты дӕ байзӕддаг.
26Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ,
йӕ афоныл кӕй банай кодтой,
йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.
27Уый афтӕ кӕй у,
уый мах лыстӕг равзӕрстам.
Ӕрбайхъус ӕмӕ йӕ бахынц».
Copyright information for OssIBT2022