Job 7
1Адӕймагӕн нывгонд уцагъары уӕззау куыст цӕрӕнбонты.
2Цагъарау тыхсы ӕмӕ бӕллы аууонмӕ,
ӕххуырст кусӕгау йӕ цӕстытӕ
ныуурс вӕййынц йӕ куысты мыздмӕ.
3Афтӕ мӕ хай сты мӕнӕн дӕр ӕнӕуд мӕйтӕ,
мӕ хъысмӕт — уӕззау ӕхсӕвтӕ.
4Куыддӕр ӕрхуыссын, афтӕ
сыстынмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдайын,
фӕлӕ ӕхсӕв ныддаргъ вӕййы, ӕмӕ
боныцъӕхтӕм мӕ рафт-бафтӕй не’рӕнцайын.
5Мӕ буар скӕлм ис, хӕлмӕгтӕй нал зыны,
аскъуыдтӕ ис, ӕмӕ йӕ цъӕй мизы.
6Тынуафӕджы цъӕгъӕдзау
стырындз сты мӕ бонтӕ,
ӕмӕ сӕм кӕсын ныфссастӕй.
7О ме Скӕнӕг, мӕ цард —
дымгӕйы иу ӕрбафуттау,
хорзӕй ницыуал фендзынӕн.
8Ныр мӕ чи уыны,
уый мӕ нал фендзӕни.
Кӕс — ӕмӕ нал дӕн.
9Мигъы стыг тайын куыд райдайы
ӕмӕ куыд ӕрбайсӕфы,
афтӕ мӕрдтыбӕстӕм ныххизӕг дӕр
уӕлӕмӕ нал сыздӕхы.
10Йӕ хӕдзармӕ нал раздӕхдзӕн,
йӕ райгуырӕн уӕзӕг ӕй нал фендзӕни.
11Уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцдзынӕн —
мӕ уды хъизӕмӕрттӕ фӕдзурдзынӕн,
мӕ уды риссӕгтӕ скалдзынӕн.
12Денджыз дӕн ӕви фурды залым дӕн, мыййаг,
хъахъхъӕнджытӕ мын цы сӕвӕрдтай?
13Мӕхицӕн бӕргӕ фӕзӕгъын,
мӕ хуыссӕнуат мын мӕ хъизӕмар айсдзӕн,
хуыссӕг мын мӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕндзӕн.
14Фӕлӕ мӕ фыдфынты хай фӕкӕныс,
ӕбуалгъ нывтӕ мын мӕ цӕстытыл бафтауыс.
15Бӕргӕ, куынӕуал сулӕфин фӕлтау,
куы амӕлин ӕмӕ ацы буарӕй
куы фервӕзин.
16Сӕнад мын ис цард,
фӕлӕ йын кӕрон уыдзӕн.
Ныууадз мӕ! —
дымгӕйы иу ӕрбафуттау — мӕ бонтӕ!
17Уый аккаг у адӕймаг,
ӕмӕ йӕ Ды афтӕ скадджын кӕнай
ӕмӕ дзы Дӕ цӕст ма исай?
18Ӕрвылрайсом ӕм фӕзыныс,
алы уысм дӕр ӕй фӕлварыс.
19Иу ран мӕ кӕд ныууадздзынӕ,
иу уысм мӕ кӕд феуӕгъд кӕндзынӕ, —
мӕ сӕт уӕд та нынныхъуырон?
20Тӕригъӕды кӕд бацыдтӕн,
уӕд дӕр Дӕуӕн цы ракодтон,
о адӕмы Цӕстдарӕг?
Цӕмӕн мӕ сӕвӕрдтай мысанӕн,
мӕхицӕй дӕр куы стыхстӕн, уӕд?
21Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым,
цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс
мӕ тӕригъӕд?
Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн,
агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»
Copyright information for
OssIBT2022