Job 8
Билдады фыццаг ныхас
1Уӕд ын дзуапп радта Билдад, шуахаг: 2«Ахӕм ныхӕстӕ кӕдмӕ кӕндзынӕ?Дӕ дзыхы дзырд — уаддымгӕйау.
3Ау, Хуыцау тӕрхон сзыгъуыммӕ кӕны?
Ау, Ӕппӕтхъомыс рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕны?
4Кӕд дӕ цот Хуыцауы раз
тӕригъӕд ракодтой,
уӕд сын сӕ тӕригъӕды аккаг фӕци.
5Дӕ Хуыцауы зӕрдиагӕй куы агурай,
Ӕппӕтхъомысӕй хатыр куы курай,
6уӕд дӕм Уый ӕркӕсдзӕн ӕмӕ,
кӕд сыгъдӕг ӕмӕ раст дӕ,
уӕд дӕ фарс рахӕцдзӕн ӕмӕ дын дӕ цард
аккаг бынаты сбадын кӕндзӕн.
7Цы суыдзынӕ, уый раз дӕм,
раздӕр цы уыдтӕ, уый ницыуал кӕсдзӕн.
8Бафӕрс-ма хистӕрты,
сӕ фыдӕлтӕн цы раргом ис, уый базон.
9Мах та зноныккон стӕм ӕмӕ ницы зонӕм,
уымӕн ӕмӕ ӕрбайсӕфынц ӕндӕргтау
нӕ царды бонтӕ зӕххыл.
10Уыдон дын бацамонӕнт,
уыдон дын радзурӕнт,
уыдон дын зӕрдӕбынӕй зӕгъӕнт:
11цъыфдзаст кӕм нӕй, уым цъӕнут ӕрзайы,
хъӕз ӕнӕ донӕй йӕхиуыл схӕцы?
12Дидинӕг фӕкалы,
фӕлӕ ӕнӕ донӕй, ӕнӕ’ртонгӕйӕ дӕр,
иннӕ зайӕгойтӕй тагъддӕр бахус вӕййы.
13Афтӕ у, Хуыцауы чи ферох кӕны,
уыдоны хъуыддаг дӕр,
ӕнӕхуыцау адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ амӕлы.
14Йӕ ныфс гӕбазгай ныввӕййы:
йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый тӕссонд у,
хӕлуарӕджы тынӕй уӕлдай нӕу.
15Йӕ хӕдзарыл куы банцой кӕна,
уӕд ӕй уый нӕ бауромдзӕн,
йӕ тых йӕ бонӕй йыл куы ныххӕца,
уӕддӕр йӕ къахыл не слӕудзӕн.
16Цъӕх-цъӕхидӕй хурмӕ бӕргӕ ӕрттивы,
йӕ къабӕзтӕ дыргъдоны фӕйнӕрдӕм фӕцыдысты.
17Йӕ уидӕгтӕ хуыртӕ гӕрдынц,
дурты цӕндыл хӕрдмӕ хилынц,
18фӕлӕ йӕ сыскъуын йӕ бынатӕй,
уӕд ыл йӕ бынат дӕр йӕ къух ауигъдзӕн,
ам дӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтон, зӕгъгӕ.
19Уый дын йӕ цардамонд!
Йӕ бынаты та ӕндӕртӕ сзайы.
20Хуыцау нӕ аппардзӕни рӕстаджы
ӕмӕ фыдгӕнӕджы фарс нӕ фӕлӕудзӕн.
21Уый дын фӕстӕмӕ дӕ цӕсгоммӕ
мидбылхудт раздахдзӕни,
дӕ ком дын цины хъӕртӕй
байдзаг кӕндзӕни.
22Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты,
ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».
Copyright information for
OssIBT2022