‏ Job 9

Иовы дзуапп Билдадӕн

1Ӕмӕ дзуапп радта Иов:
2«Бӕргӕ зонын, афтӕ кӕй у, уый,
фӕлӕ Хуыцауы раз адӕймаг
йӕхи куыд сраст кӕндзӕн?
3Йӕ ныхмӕ чи бахъаст кӕндзӕн
ӕмӕ Йын Йӕ мин фарстӕй
иуӕн дӕр дзуапп чи ратдзӕн?
4Иууылкуырыхон ӕмӕ
иууылхъаруджын дӕр
Йӕ ныхмӕ куыд фӕлӕудзӕн?
5Хӕхтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакӕнынц,
афтӕмӕй сӕ ӕваст иуварс куыд ассоны,
мӕстыйӕ сӕ куыд фӕфӕлдахы, уый ничи зоны.
6Зӕхх йӕ бындзарӕй нынкъуысын кӕны,
йӕ бынатӕй йӕ фӕиртасы,
йӕ бындуртӕ йын нырризын кӕны.
7Уый куынӕ зӕгъа, уӕд хур не скӕсдзӕн,
стъалытӕ гуыдырӕвӕрдӕй баззайдзысты.
8Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ,
денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.
9Уый сфӕлдыста Аш
Аш — Фисынмӕдзӕуджытӕ (Большая Медведица).
, Кесил
Кесил — Фыййауы лӕдзджытӕ (Орион).
ӕмӕ Хима
Хима — Авд хойы (Плеяды).
,
стӕй хуссайраг стъалыгуппартӕ.
10Уымӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ
адӕймаджы зонд нӕ ахсы,
Йӕ диссӕгтӕн кӕрон нӕй!
11Мӕ рӕзты рацӕуа —
нӕ Йӕ фендзынӕн,
Йӕ къахуынӕр Ын нӕ фехъусдзынӕн.
12Исты куы иса —
Йӕ ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн?
Чи фӕхъӕр кӕндзӕн: „Уый цы ми кӕныс?“
13Хуыцау куы смӕсты уа —
нӕй Йын бауромӕн,
Рахавы лӕггадгӕнджытӕ Йӕ разы
сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.
14Уӕд Ын ӕз та цы дзуапп хъуамӕ раттон,
цавӕр ныхӕстӕ Йын хъуамӕ ссарон?
15Раст куы уон,
уӕд дӕр лӕгъстӕйӕ дарддӕр
ницы зӕгъдзынӕн мӕ Тӕрхонгӕнӕгӕн.
16Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин,
ӕмӕ мын дзуапп куы раттид,
уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид,
кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.
17Уаддымгӕйау мыл Йӕхи ныццавта,
ӕнаххосӕй мӕ хойы ӕмӕ хойы.
18Сулӕфын дӕр мӕ нӕ уадзы,
мастӕй мӕ скодта мӕ хъуырмӕ.
19Тыхыл куы дзурӕм — тых Уымӕ ис,
Тӕрхоныл куы дзурӕм —
тӕрхоны раз Ӕй чи ӕрлӕууын кӕндзӕн?
20Раст куы уон, уӕд дӕр мӕ дзых
мӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн;
азымджын куынӕ уон,
уӕд дӕр мӕ фӕзылынджын кӕндзӕн.
21Сыгъдӕг дӕн,
фӕлӕ уый цы хъауджыдӕр у,
мӕ цард мын куы сӕнад ис, уӕд?
22Ӕз афтӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕлдай нӕу:
ӕмхуызон сафы Уый ӕназымы
ӕмӕ ӕнаккаджы.
23Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх мӕлӕтхӕссӕг у,
Уымӕ та рӕстаджы ныфссаст худӕг кӕсы.
24Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх,
ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ
кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?
25Фӕдисонау згъорынц мӕ бонтӕ,
уайынц, фӕлӕ сӕм хорзӕй ницы зыны.
26Цъӕнут бӕлӕгътау тындзынц,
цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ куыд тындза, афтӕ.
27Бӕргӕ фӕзӕгъын,
ныууадзон мӕ сагъӕс,
тарӕрфыг ма уон, мӕхиуыл схӕцон,
28фӕлӕ тӕрсын мӕ сомбонӕй,
зонын: ӕназым мӕ нӕ рахондзынӕ.
29Ӕмӕ кӕд азымджынӕй баззайдзынӕн,
уӕд ма цы у мӕ фыдӕбон дӕр?
30Митдоны мӕхи куы цынайон,
мӕ къухтӕ фӕныкдонӕй куы цӕхсон,
31уӕд дӕр мӕ Ды цъыфы сӕвдулдзынӕ,
ӕмӕ мыл мӕ дарӕс дӕр ӕлгъ кӕндзӕн.
32Уый адӕймаг нӕу мӕнау,
цӕмӕй Йемӕ быцӕу кӕнон
ӕмӕ Йемӕ тӕрхондонмӕ ацӕуон.
33Не’хсӕн чи балӕууа,
нӕ дыууӕйыл дӕр ӕмхуызон
йӕ арм чи ӕрхӕсса, уый нӕй.
34Йӕ лӕдзӕг мӕ куы аиуварс кӕнид,
стыр тасы мӕ куынӕ ӕфтауид,
35уӕд ӕдӕрсгӕ сдзурин Йӕ разы,
фӕлӕ хъуыддаг афтӕ нӕу —
бынтон иунӕг дӕн ӕз.
Copyright information for OssIBT2022