‏ Joel 1

1Дунедарӕг Петуелы фырт Иоелӕн загъта: 2«Байхъусут, дзыллӕтӕ! Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕ, байхъусут лӕмбынӕг! Ахӕм хъуыддаг уӕ заманы кӕнӕ уӕ фыдӕлты дуджы искуы ӕрцыди? 3Цы фехъусат, уыдӕттӕ-иу радзурут уӕ цотӕн, цот — сӕ зӕнӕджы зӕнӕгӕн, цоты цот та — ног фӕлтӕрӕн. 4Иу бал иннӕйы фӕдыл тӕхынц мӕтыхтӕ. Фыццаг ӕрдонгӕй цы аирвӕзти, уыдон аныхъуырдтой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг балтӕ; уыдонӕй ма цы аирвӕзт, уый та — цыппӕрӕм.

5Райхъал ут, расыггӕнджытӕ! Сӕн уарзджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ сӕны хъӕстӕ нал фӕуыдзыстут. 6Мӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм. Сӕ дӕндӕгтӕ сты домбайы дӕндӕгтау, се’фсӕртӕ — домбайы ӕфсӕртау. 7Мӕ сӕндон мын сафтид кодтой, Мӕ легъуи бӕлас Мын ӕрсастой. Йӕ цъар ын растыгътой ӕмӕ йӕ фехстой, сурс сты йӕ къалиутӕ.

8Ӕрыгон чындзау дӕ уӕлӕ скӕн сӕхъис ӕмӕ дзыназ, ӕвзонгӕй дын цы мой уыд, ууыл! 9Дунедарӕджы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц, хъарӕг кӕнынц сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ. 10Сафтид ис быдыр, ӕмӕ зӕхх додой кӕны, уымӕн ӕмӕ хор нал ис, сӕн байсыст, оливӕ бӕлӕстӕ бахус сты.

11Къӕмдзӕстыгӕй лӕуут, зӕхкусджытӕ, ныддодой кӕнут, сӕндондартӕ, мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхорыл ныккӕут, уымӕн ӕмӕ быдырты бӕркад фесӕфтис.

12Сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕ, гранатӕй, пальмӕйӕ, фӕткъуыйӕ — иууылдӕр бахус сты быдыры, ӕмӕ адӕм цин нал кӕнынц.

13Сауджынтӕ, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ дзыназут! Додой кӕнут, нывондхӕссӕны лӕггадгӕнджытӕ! Ӕрбацӕут, мӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕхъисты арвитут уе’хсӕв! Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц! 14Комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. Ацы бӕстӕйы хистӕрты ӕмӕ йе’ппӕт цӕрджыты уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзары ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ кувут хъӕрӕй!»

15О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн. 16Нӕхи цӕстӕй йӕ уынӕм, сыдӕй кӕй мӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауы хӕдзарӕй цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕр кӕй нал цӕуы, уый? 17Хоры гагатӕ зӕххы бын бамбыдысты, сафтид сты хордӕттӕ, нӕ къӕбицтӕ ныппырх сты, уымӕн ӕмӕ хор нӕй. 18Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.

19О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзыназын ӕз! Арт аныхъуырдта ӕдзӕрӕг быдыртӕ, басыгъта бӕлӕстӕ. 20Суанг Дӕм сырдтӕ дӕр дзыназынц, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ байсыстысты, арт фесӕфта ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ.
Copyright information for OssIBT2022