‏ Joel 2

1Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон. 2Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн. 3Сӕ развӕндагыл бӕстӕ артау судздзӕнис, сӕ фӕстӕ арты’взӕгтӕ алцы ныхъуырдзысты. Сӕ разӕй зӕхх — Едемы дыргъдон, сӕ фӕстӕ та — ӕдзӕрӕг быдыр. Ничи аирвӕздзӕн уыдонӕй. 4Сӕ хуыз — бӕхты ӕнгӕс, барджытау згъорынц размӕ. 5Ӕфсӕнуӕрдӕтты гыбар-гыбурау сӕррӕт кӕнынц хӕхты сӕртыл; цыма арт хъӕмп фӕныхъуыры, уыйау ныкъкъӕр-къӕр кӕнынц. Ӕнӕнымӕц ӕфсад хӕстмӕ куыд рарӕнхъ вӕййы, уый ӕнгӕс сты. 6Сӕ уындӕй адӕм фыр тӕссӕй нырриздзысты ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттыл туджы цъыртт нал баззайдзӕн. 7Хъӕбысхӕцджытау размӕ бырсынц, хъӕбатыр хӕстонтау сахары сисмӕ сбырыдысты. Алчи дзы йӕ фӕндагыл цӕуы, ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ лӕгӕрдынц. 8Кӕрӕдзийы нӕ хъыгдарынц, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕндаг. Ӕрцытӕ сыл ӕхсынц, фӕлӕ сӕ ничи бауромдзӕн. 9Базгъордтой сахармӕ, ссыдысты къултыл, хӕдзӕрттӕм бырынц, хуыснӕджытау бахызтысты рудзгуытӕй. 10Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.

11Дунедарӕгӕн Йе’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн? 12Фӕлӕ Дунедарӕг ныр дӕр ма зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм зӕрдиагӕй, ком дарут, кӕут ӕмӕ дзыназут, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут. 13Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй. 14Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.

15Сыкъауадындзтӕй ныууасут Сионы хохыл, комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. 16Фӕсидут адӕммӕ, саразут ӕмбырд, ӕрбахонут зӕрӕдты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты. Уадз, усгур рацӕуа йӕ уатӕй, чындз рахиза йӕ хатӕнӕй. 17Сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ, Кувӕндоны бахизӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны’хсӕн дзыназӕнт, лӕгъстӕ кӕнӕнт: «О Дунедарӕг! Ныххатыр кӕн Дӕ адӕмӕн! Дӕ байзӕддаджы худинагӕй бахиз, цӕмӕй адӕмты’хсӕн хынджылӕггаг ма фӕуой ӕмӕ, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, мачи зӕгъа». 18Уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йӕ зӕххӕн, ӕркӕсдзӕнис Йӕ адӕммӕ. 19Дзуапп сын ратдзӕнис ӕмӕ зӕгъдзӕн Йӕ адӕмӕн: «Хор, сӕн ӕмӕ уын сой ратдзынӕн, бафсаддзыстут уӕхи. Ӕцӕгӕлон адӕмтӕн уӕ хынджылӕггаг никуыуал скӕндзынӕн. 20Цӕгатӕй уӕм чи’рбабырста, уыдоны дӕр ӕнӕдон, хус зӕхмӕ фӕсурдзынӕн, сӕ раззагдӕр ӕфсад сын Мард денджызы фесафдзынӕн, фӕсте сӕ фӕдыл чи’рбацӕуы, уыдоны та — Зӕххастӕуы денджызы. Сӕ мӕрдты смаг уӕлдӕфы ахъардзӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдбылызтӕ сарӕзтой».

21Ма тӕрс, Мӕ зӕхх, цин кӕн ӕмӕ рай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ ис ӕппӕт адӕттӕ саразыны хъару. 22Ма тӕрсут, цӕрӕгойтӕ — тыгъд быдыры сӕрвӕтты ногӕй кӕрдӕг ӕрзайдзӕнис, бӕлӕстыл дыргътӕ фӕзындзысты, легъуитӕ ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ дыргъӕй нал зындзысты.

23Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн. 24Уӕ хордӕттӕ байдзаг уыдзысты хорӕй, уӕ сӕндуцӕнтӕ — сӕнӕфсиры дон ӕмӕ сойӕ. 25Мӕтыхтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕй, Ӕз уӕм кӕй арвыстон, уыцы стыр ӕфсад цы азты бӕркад бахордта, уый уын Ӕз баххӕст кӕндзынӕн. 26Уӕхи бафсаддзыстут ӕмӕ стаудзыстут уӕ Дунедарӕг Хуыцауы ном, уый бӕрц диссӕгтӕ уын Чи сарӕзта, Уый, ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нал сӕгад уыдзысты. 27Уӕд базондзыстут, Ӕз Израилы’хсӕн кӕй цӕрын, уый, ӕмӕ Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцау кӕй никуы ис. Ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нӕ фӕхудинаг уыдзысты. 28Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Ӕз алкӕй дӕр схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ хистӕртӕ уындзысты Мӕ лӕвӕрд фынтӕ, ӕмӕ уӕ лӕппутӕ та — цӕстылуайӕнтӕ. 29Уыцы бонты суанг цагъарты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — Ӕз схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. 30Равдисдзынӕн диссӕгтӕ арв ӕмӕ зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуымбилтӕ. 31Хур баталынг уыдзӕн, мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн Дунедарӕджы стыр ӕмӕ ӕвирхъау Боны размӕ. 32Ӕмӕ Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уыдон фервӕздзысты: Сионы хохыл Йерусалимы, адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон удӕгасӕй баззайдзысты, Дунедарӕг зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Дунедарӕг кӕмӕдӕриддӕр фӕсида, уыдон фервӕздзысты.
Copyright information for OssIBT2022