Joel 3
1Уыцы заман Ӕз Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ раздахдзынӕн. 2Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой. 3Мӕ адӕмыл Мын хӕлттӕ ӕппӕрстой, ӕвзонг лӕппуйы хӕтаг сылыл ивтой, чызджыты-иу сӕныл ауӕй кодтой ӕмӕ-иу нуӕзтой. 4Тир, Сидон ӕмӕ филистимӕгты зӕххытӕ! Цы ис уӕ зӕрды? Мӕнӕй хъавут уӕ маст райсынмӕ? Уӕ фыдвӕндтӕ уын цыбыр рӕстӕгмӕ Ӕз уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн, 5уымӕн ӕмӕ Мын Ме’взист ӕмӕ Мӕ сыгъзӕрин, Мӕ хӕзнатӕ, бахастат уӕ галуантӕм. 6Сымах Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы адӕмы бердзенӕгтӕн уӕй кодтат, цӕмӕй сӕ хауӕццаг фӕкӕнат сӕ райгуырӕн зӕххӕй. 7Кӕдӕм сӕ ауӕй кодтат, уыцы зӕххӕй сӕ Ӕз фӕстӕмӕ ракӕндзынӕн, ӕмӕ сын цы бавзарын кодтат, уыдӕттӕ уӕхиуыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн. 8Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджыты уын иудейӕгты къухтӕм ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уыдон савайӕгтӕн, уӕ зӕххӕй дард цы адӕм цӕрынц, уыдонӕн ауӕй кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. 9Ацы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмтӕн фехъусын кӕнут. Уӕхи сцӕттӕ кӕнут хӕстмӕ! Уӕ сахъгуырдтӕ тохы быдырмӕ рацӕуӕнт! 10Уӕ гутонтӕ батайын кӕнут ӕмӕ сӕ хъаматӕ скӕнут, уе’хсырфытӕй саразут ӕрцытӕ. Хъару кӕмӕ нӕй, уый зӕгъӕд: «Ӕз дӕн бӕгъатыр!» 11Сӕ алфамбылай цӕрджытӕ, фӕтагъд кӕнут, иууылдӕр ӕрбамбырд ут! Дунедарӕг, Дӕ хӕстонты ардӕм ракӕн! 12Уадз, адӕмтӕ сыстой ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрбацӕуой. Ӕз уыцы ран ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн. 13Райсут уе’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы. 14Ӕрӕмбырд сты ӕнӕнымӕц адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Бон ӕрбаввахс ис Тӕрхоны дӕлвӕзы. 15Хур ӕмӕ мӕй рухс нал ратдзысты, стъалытӕ нал сӕрттивдзысты. 16Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар. 17Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты. 18Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис. 19Мысыры зӕхх ӕмӕ Едом ӕдзӕрӕг быдыртӕ фестдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Иудӕйы цӕрджыты хъизӕмарӕй мардтой, сӕ зӕххыл сын ӕнаххос адӕмы туг фӕкалдтой. 20Иудӕ ӕмӕ Йерусалим мыггагмӕ нӕ фесӕфдзысты. 21Ӕз сын сӕ маст райсдзынӕн, нӕ ныббардзынӕн. Дунедарӕг ӕрцӕрдзӕн Сионыл.
Copyright information for
OssIBT2022