‏ Joshua 1

Хуыцау Израилы адӕмӕн бардзырд радта Ханааны зӕхх бацахсыны тыххӕй

1Дунедарӕджы цагъар Моисей куы амарди, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕгӕн, Дунедарӕг загъта: 2«Мӕ цагъар Моисей амарди. Ныр бавдӕл ӕмӕ Израилы адӕмимӕ, Иорданы фале сын цы зӕхх дӕттын, уырдӕм бахиз. 3Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат, уыцы бынӕттӕ иууылдӕр Ӕз лӕвар кӕнын сымахӕн, Моисейӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ. 4Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Ливаны хӕхтӕй Евфраты стыр цӕугӕдоны онг (ноджы ма хеттӕгты зӕхх иууылдӕр), стӕй Зӕххастӕуы денджызы онг ныгуылӕны — уыцы зӕххытӕ иууылдӕр суыдзысты уӕ бӕстӕ. 5Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн. 6Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй! 7Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты. 8Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын. 9Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».

10Уӕд Йешуа йӕ адӕмы цӕстдарджытӕн бардзырд радта, 11цӕмӕй рӕсӕнуатыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн зӕгъой: «Уӕхицӕн фӕндаггаг хӕлц ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахиздзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уый байсынмӕ». 12Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн та Йешуа загъта: 13«Дунедарӕджы цагъар Моисей уын афтӕ куы дзырдта, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕнцой ӕрхаста, ацы зӕхх уын радта, зӕгъгӕ, уӕд уын цы бафӕдзӕхста, уый уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут. 14Уӕ устытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ фос баззайӕнт, Моисей уын Иорданы ацы фарс цы зӕхх радта, уым, сымахӕй та хӕцынхъом чидӕриддӕр у, уыдон хӕстифтонгӕй бахизӕнт фаллаг фарсмӕ, уе’фсымӕртӕн сӕ разӕй. Баххуыс сын кӕнут, 15Дунедарӕг сымах хуызӕн уыдонӕн дӕр цалынмӕ ӕнцой ӕрхӕсса, уӕдмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдонӕн цы зӕхх дӕтты, уый куы райсой уе’фсымӕртӕ дӕр, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхут ӕмӕ уӕ исбон уыдзӕни, Дунедарӕджы цагъар Моисей уын Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм цы зӕхх радта, уый». 16Уыдон Йешуайӕн дзуапп радтой: «Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхсай, уый сараздзыстӕм, кӕдӕмдӕриддӕр нӕ ӕрвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм. 17Моисейы коммӕ ӕдзух куыд кастыстӕм, афтӕ дӕ коммӕ дӕр кӕсдзыстӕм, ӕрмӕст Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ уӕд, Моисеимӕ куыд уыдис, афтӕ. 18Дӕ бардзырдтӕ, дӕ фӕдзӕхстытӕм дын чи нӕ хъуса, чи нӕ сӕ ӕххӕст кӕна, уый-иу мард ӕрцӕуӕд. Ӕрмӕст нын дӕхӕдӕг макуы фӕцуд, фидар лӕуу!»
Copyright information for OssIBT2022