‏ Joshua 11

Йешуа цӕгатаг паддзӕхтыл фӕуӕлахиз

1Хацоры паддзах Йавинмӕ израилӕгты уӕлахизты хабар куы байхъуыст, уӕд арвыста Мадоны паддзах Йовавмӕ, Шимрон ӕмӕ Ахшафы паддзӕхтӕм, 2цӕгат хӕхбӕсты паддзӕхтӕм, Киннереты цадӕй хуссарӕрдӕм Иорданы дӕлвӕзы паддзӕхтӕм, Шефелайы паддзӕхтӕм, Доры ӕмӕ йӕ алыварс Зӕххастӕуы денджызы былгӕроны паддзӕхтӕм, 3скӕсӕнӕрдыгӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй цӕрӕг ханаанӕгтӕм, стӕй аморӕгтӕм, хеттӕгтӕм, периззӕгтӕм ӕмӕ хӕхбӕсты йевусӕгтӕм, стӕй Ермоны хохрӕбын Мицпайы цӕрӕг хиввӕгтӕм. 4Ӕмӕ уыдон се’фсӕдтимӕ рараст сты сӕ хӕстон стӕры. Денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, тынг бирӕ сӕм уыди бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ. 5Ӕрбамбырд кодтой уыцы паддзӕхтӕ се’фсӕдтӕ иумӕ ӕмӕ Меромы доны цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты израилӕгтимӕ схӕцынмӕ.

6Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ сӕ райсом ацафон иууылдӕр ныццӕгъдын кӕндзынӕн израилӕгтӕн. Ды-иу сын фӕсхӕст сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл лас, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтау».

7Йешуа йе’фсадимӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бабырста знӕгтӕм Меромы доны цурмӕ. 8Дунедарӕг сӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой. Цӕгатӕрдыгӕй сӕ Сидоны стыр сахары онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй Мисрефот-Маимы онг, скӕсӕнӕрдыгӕй та Мицпейы дӕлвӕзы онг цӕгъдгӕ фӕсырдтой, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радтой. 9Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сын бакодта Йешуа: сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ сын адзӕнгӕл ласта, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтыдта.

10Уый фӕстӕ Йешуа уырдыгӕй раздӕхт ӕмӕ бацахста Хацор — уӕды заман уыцы зылды паддзахӕдтӕн сӕ сӕйрагдӕр. Йешуа йын йӕ паддзахы кардӕй амардта. 11Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — израилӕгтӕ сӕ ныццагътой, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Хацоры цӕрджытӕй иуы дӕр удӕгасӕй нал ныууагътой. Йешуа та сын басыгъта сӕ сахар.

12Афтӕмӕй Йешуа басаста уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхты дӕр, сӕ сахартӕ сын бацахста ӕмӕ сын сӕ адӕмы ныццагъта. Дунедарӕджы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ бабын кодта Дунедарӕджы номыл. 13Уӕвгӕ, сахартӕ сӕ къуыбыртыл баззадысты, израилӕгтӕ сӕ нӕ басыгътой. Йешуа ӕрмӕстдӕр Хацорыл бандзӕрста арт. 14Израилӕгтӕ уыцы сахартӕн сӕ исбон ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр рассывтой, сӕ адӕмы та сын се’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радтой. 15Дунедарӕг Йӕ цагъар Моисейӕн цытӕ бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Моисей та бафӕдзӕхста Йешуайӕн, ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон Йешуа фӕстаг дзырды онг сӕххӕст кодта.

Йешуа бацахста Ханааны бӕстӕ

16Йешуа байста ӕгас бӕстӕ дӕр хуссарӕй цӕгатмӕ: уӕлхох, Негев ӕнӕхъӕнӕй, Гошены зӕхх иууылдӕр, Шефела ӕмӕ Иорданы дӕлвӕз, стӕй Израилы Шефела ӕмӕ хӕхбӕстӕ. 17Сӕ арӕнтӕ хуссарӕрдӕм аххӕссыдысты Сеиры бӕстӕйы фарсмӕ Халакы хохы онг, цӕгатӕрдӕм та — Ливаны дӕлвӕзы Ермоны хохрӕбын Баал-Гады онг. Йешуа сын сӕ паддзӕхты ӕрцахста ӕмӕ амардта. 18Йешуа дӕргъвӕтин рӕстӕг хӕцыд уыцы паддзӕхтимӕ. 19Ӕрмӕстдӕр хиввӕгты сахар Гивон бафидыдта Израилимӕ. Иннӕ сахартӕ иууылдӕр хӕцгӕ-хӕцын бацахстой. 20Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмты зӕрдӕйы Дунедарӕджы фӕндӕй сабухта хиваст туг ӕмӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы номыл ӕгъатырӕй ныццӕгъдой. Дунедарӕг афтӕ фӕдзӕхста Моисейӕн.

21Уыцы заман Йешуа Анакы байзӕддӕгты ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд ныккодта — Хеврон, Девир ӕмӕ Анавы сахарты, Иудӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт хӕхбӕсты. Ӕд сахартӕ сӕ фесӕфта, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодта. 22Израилы зӕххыл Анакы байзӕддӕгтӕй иу дӕр нал баззади. Сӕрӕгасӕй ма аирвӕзтысты ӕрмӕстдӕр Газӕ, Гат ӕмӕ Ашдоды сахарты.

23Дунедарӕг Моисейӕн цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йешуа уыцы бӕстӕ бацахста ӕгасӕй дӕр ӕмӕ йӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста.

Ӕмӕ уӕд бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.
Copyright information for OssIBT2022