‏ Joshua 13

1Йешуа тынг базӕронд ис. Дунедарӕг ын загъта: «Бынтондӕр базӕронд дӕ, афтӕмӕй уын нырма бацахсинаг зӕххытӕ дзӕвгар баззад. 2Бацахсинаг уын сты филистимаг зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ Гешуры
Библийы ӕмбӕлӕм дыууӕ Гешурыл. Сӕ иу ис цӕгаты — Галилейы денджызы скӕсӕнварс (Нун 12:5, 13:11, 13 ӕмӕ ӕндӕртӕ), иннӕ — хуссар Палестинӕйы. Ам, стӕй 1 Пад 27:8 ныхас цӕуы хуссайраг Гешурыл.
бӕстӕ.
3Уыцы зӕххытӕ (нымад цӕуынц Ханааны зӕххыты иу хайыл) Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй цӕгатӕрдӕм ӕххӕссынц Екронмӕ. Фондз филистимаг хицауы зӕххытӕм хауынц: Газӕ, Ашдод, Ашкелон, Гат ӕмӕ Екрон, стӕй аввайӕгты зӕхх хуссарӕрдыгӕй. 4Ноджыдӕр бацахсинаг у ханаанӕгты зӕхх амораг арӕныл лӕууӕг сидойнӕгты сахар Арайӕ Афекы сахары онг, 5стӕй Гевалы зӕхх ӕмӕ — скӕсӕнӕрдӕм — Ливан ӕнӕхъӕнӕй, Ермоны хохрӕбын Баал-Гадӕй Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй Хаматы сахарӕй бахизӕны онг. 6Ливанӕй Мисрефот-Маимы онг хӕхбӕсты цӕрӕг ӕппӕт сидойнӕгты Ӕз Мӕхӕдӕг атӕрдзынӕн израилӕгты разӕй. Ды та зӕхх Израилӕн халӕппӕрстӕй байуар, куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ. 7Зӕхх иууылдӕр байуар фараст хӕдзарвӕндагыл ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисыл».

8Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн та Дунедарӕджы цагъар Моисей сӕ зӕххы хай раздӕр радта — Иорданы скӕсӕнварс: 9Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕмӕ донвӕды тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй райдай ӕмӕ Дивонӕй Медевайы ӕхсӕн тъӕпӕн ӕнӕхъӕнӕй, 10амораг паддзах Сигоны сахартӕ иууылдӕр (йӕ сӕйраг сахар уыди Хешбон) аммонӕгты арӕны онг; 11ноджыдӕр Галаад ӕмӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы бӕстӕтӕ, Ермоны хох ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ Башан иууылдӕр Салхайы онг, 12ома Башаны паддзах Огы, рефаимты фӕстаг байзӕддаджы, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахартӕ уыдысты Аштарот ӕмӕ Едреи). Сигоны ӕмӕ Огы басаста Моисей, сӕ зӕххытӕ сын байста. 13Фӕлӕ израилӕгтӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы адӕмы нӕ фӕтардтой, ӕмӕ уыдон абон дӕр цӕрынц израилӕгтимӕ.

14Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.

Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ

15Рувимы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ: 16Арноны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ароеры сахар, стӕй дӕлвӕзӕн йӕ тӕккӕ астӕу цы сахар ис, уый дӕр; Медевайы онг уӕлвӕз ӕнӕхъӕнӕй, 17Хешбон ӕмӕ уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр: Дивон, Бамот-Баал, Бет-Баал-Меон, 18Йахац, Кедемот, Мефаат, 19Кирйатаим, Сивма, Церет-Шахар Иорданы скӕсӕнбыл хӕхбӕсты, 20Бет-Пеор, Фасгайы хохы фӕхстӕ, Бет-Йешимот 21ӕмӕ дӕлвӕзы иннӕ сахартӕ иууылдӕр, амораг паддзах Сигоны бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахар уыди Хешбон). Сигоны ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг йӕ дӕлбар мидианаг ӕлдӕртты — Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревайы — басаста Моисей. 22Израилӕгты карды амӕттаг баци Беоры фырт дӕсныфӕрсӕг Балаам дӕр. 23Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххыты арӕн ныгуылӕнӕрдыгӕй уыдис Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон. Ам уыдысты, мыггаггай, Рувимы байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн цы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыди, уыдон: сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.

Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ

24Гады хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ: 25Йазер ӕмӕ Галаады ӕппӕт сахартӕ, Раввайӕ скӕсӕнӕрдӕм Ароеры
Ныхас цӕуы Арноны уӕлбыл Ароерыл (кӕс 12:2, 13:9, 16) нӕ, фӕлӕ йе’мном ӕндӕр сахарыл.
онг аммонӕгты бӕстӕйы ӕмбис,
26стӕй Хешбонӕй Рамат-Мицпейы ӕмӕ Бетонимы онг, Маханаимӕй та Ло-Девары онг зӕххытӕ, 27Иорданы тӕрфы та: Бет-Харам, Бет-Нимра, Суккот ӕмӕ Цафон — Рувимы хайӕ фӕстӕмӕ хешбонаг паддзах Сигоны зӕхх, Иорданы дон ӕмӕ донӕн йе скӕсӕйнаг былгӕрон Киннереты денджызы онг. 28Ам уыдысты, мыггаггай, Гады байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбойнаг зӕххытӕ: сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.

Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ

29Менассиайы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн Моисей радта мӕнӕ ацы зӕххытӕ: 30Маханаимӕй райдай ӕмӕ Башан иууылдӕр, башанаг паддзах Огы бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй Иаиры цатырхъӕутимӕ (ӕртиссӕдз хъӕуы); 31Галаады ӕмбис ӕмӕ Башаны паддзах Огы сӕйраг сахартӕ Аштарот ӕмӕ Едреи. Уыцы зӕххытӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Менассиайы фырт Махиры байзӕддӕгты ӕмбисӕн мыггаггай.

32Адон сты, Моисей Рувимы хӕдзарвӕндагӕн, Гады хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моавы дӕлвӕзты кӕй радта, уыцы зӕххытӕ. 33Фӕлӕ Левийы хӕдзарвӕндагӕн исбон нӕ радта: Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыди сӕ исбон, Йӕхӕдӕг сын куыд загъта, афтӕ.
Copyright information for OssIBT2022