Joshua 17
Менассиайы хӕдзарвӕндаджы хай
1Йӕ хал схаудта Йосефы фыццаг зӕнӕг Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Менассиайы фыццаг зӕнӕг Махирӕн — Галаады фыдӕн — йӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ хай — Галаад ӕмӕ Башан — райстой раздӕр. 2Уыцы халмӕ гӕсгӕ зӕххытӕ райстой Менассиайы байзӕддаджы иннӕ мыггӕгтӕ дӕр: Авиезеры мыггаг, Хелекы мыггаг, Асриелы мыггаг, Шехемы мыггаг, Хеферы мыггаг, Шемидайы мыггаг. Авиезер, Хелек, Асриел, Шехем, Хефер, Шемида сты Йосефы фырт Менассиайы нӕлгоймаг-байзӕддӕгтӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгты фыдӕлтӕ. 3Цалфахадӕн (йӕ фыдӕлтӕ хистӕрӕй кӕстӕрмӕ: Менассиа, Махир, Галаад ӕмӕ Хефер) фырттӕ нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст чызджытӕ: Махла, Ноа, Хогла, Милка ӕмӕ Тирца. 4Чызджытӕ сауджын Елеазармӕ, Нуны фырт Йешуамӕ ӕмӕ адӕмы хицӕуттӕм бацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста не’фсымӕрты ӕмрӕнхъ махӕн дӕр фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн зӕххытӕ раттын». Ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ фыды ӕфсымӕртау лӕвӕрд ӕрцыди зӕххытӕ. 5Афтӕмӕй Иорданы скӕсӕнварс Галаады ӕмӕ Башаны зӕххытӕй уӕлдай Менассиайы хӕдзарвӕндагмӕ ӕрхауди дӕс хайы, 6уымӕн ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕ, чызджытӕ, фыдӕй-фыртмӕйы исбон райстой йӕ нӕлгоймаг байзӕддӕгты ӕмрӕнхъ. Галаады зӕхх та ӕрхауди Менассиайы иннӕ байзӕддӕгтӕм. 7Менассиайы зӕхх Ашерӕй аххӕссыд Михметаты онг, уый ис Шехемы акомкоммӕ. Уырдыгӕй Менассиайы арӕн йӕхи айтыгъта хуссарӕрдӕм, Ен-Таппуахы донгуырӕны цур Йашувы онг. 8Таппуахы алыварс зӕхх баци Менассиайы хай, Менассиайы арӕныл Таппуахы сахар йӕхӕдӕг та — Ефремы байзӕддӕгты хай. 9Дарддӕр арӕн ӕрхызти Канайы тӕрфмӕ. Уырдыгӕй хуссарӕрдӕм сахартӕ сты Ефремы, кӕд Менассиайы сахарты ӕхсӕн сты, уӕддӕр. Дарддӕр Менассиайы арӕн цыди тӕрфы цӕгатвӕрсты ӕмӕ ӕххӕссыди суанг Зӕххастӕуы денджызмӕ. 10Хуссары зӕххытӕ сты Ефремы, цӕгаты зӕххытӕ та — Менассиайы. Сӕ арӕн уыди Зӕххастӕуы денджыз. Цӕгатӕрдыгӕй ӕмарӕн уыдысты Асиримӕ, скӕсӕнӕрдыгӕй та — Иссахаримӕ. 11Иссахары ӕмӕ Асиры зӕххыл Менассиамӕ ӕрхаудысты Бет-Шеан, Ивлеам, Дор, Ен-Дор, Таанах ӕмӕ Мегиддо сӕ сахаргӕрӕттимӕ. 12Фӕлӕ Менассиайы байзӕддӕгты бон нӕ бацис уыцы сахартӕ байсын, ӕмӕ ханаанӕгтӕ ацы зӕххыл цӕргӕйӕ баззадысты. 13Фӕстӕдӕр та израилӕгтӕ сӕ тыхы куы бацыдысты, уӕд ханаанӕгтӕй цагъайрӕгтӕ скодтой, фӕлӕ сӕ нӕ фӕсырдтой.Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хъаст хӕссынц Йешуамӕ
14Иуахӕмы Йосефы байзӕддӕгтӕ Йешуайӕн загътой: «Иунӕг хал нын цӕмӕн сӕппӕрстай ӕмӕ нын иу хай йеддӕмӕ цӕуылнӕ радтай фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн, Дунедарӕджы арфӕйӕ тынг куы сбирӕ стӕм, уӕд?» 15Йешуа сын дзуапп радта: «Кӕд афтӕ сбирӕ стут, ӕмӕ уын Ефремы хӕхбӕстӕ скъуындӕг ис, уӕд марадзут, хъӕдбӕстӕм балидзут ӕмӕ уым периззӕгтӕ ӕмӕ рефаимты зӕххыл уӕхицӕн бынат ӕрсыгъдӕг кӕнут». 16Йосефы байзӕддӕгтӕ загътой: «Хӕхбӕстӕ нын скъуындӕг ис цӕрынӕн. Дӕлвӕзы чи цӕры, уыцы ханаанӕгтӕм та — Бет-Шеан ӕмӕ йӕ сахаргӕрӕтты, стӕй Изреелы дӕлвӕзы — ис ӕфсӕндзагъд хӕстон уӕрдӕттӕ». 17Уӕд Йешуа Йосефы хӕдзарвӕндагӕн — Ефремы ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕн — загъта: «Бирӕ адӕм стут, ӕмӕ уӕ хъару дӕр бирӕ у. Уымӕ гӕсгӕ иу халӕй нӕ ахицӕн уыдзӕн уӕ хай, 18фӕлӕ хъӕдбыны хӕхбӕстӕ дӕр сымах уыдзӕн. Ӕрсыгъдӕг ӕй кӕнут, ӕмӕ хохрӕбынтимӕ уӕхи бауыдзӕн. Ханаанӕгтӕм та кӕд ӕфсӕндзагъд уӕрдӕттӕ ис ӕмӕ цыфӕнды тыхджын сты, уӕддӕр сӕ фӕсурдзыстут».
Copyright information for
OssIBT2022