Joshua 19
Симеоны хӕдзарвӕндаджы хай
1Дыккаг схаудта Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хал. Йӕ зӕххыты хай уыдис Иудӕйы байзӕддаджы зӕххыты’хсӕн. 2Симеоны зӕххы хаймӕ хаудтой: Беер-Шевӕ кӕнӕ Шевӕ, Молада, 3Хацар-Шуал, Бала, Эцем, 4Елтолад, Бетул, Хорма, 5Циклаг, Бет-Маркавот, Хацар-Суса, 6Бет-Леваот ӕмӕ Шарухен — ӕртындӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ; 7Аин, Риммон, Етер ӕмӕ Ашан — цыппар сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ, 8стӕй ацы сахарты алыварс суанг Баалат-Бееры ӕмӕ Рамат-Негевы онг цы хъӕутӕ уыдис, уыдон иууылдӕр. Ахӕм уыди Симеоны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон. 9Лӕвӕрд сын ӕрцыд Иудӕйы байзӕддӕгты зӕххытӕй. Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн сӕ зӕххы хай егъау кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон райстой уыдоны зӕххыты’хсӕн.Зевулоны хӕдзарвӕндаджы хай
10Ӕртыккаг схаудта Зевулоны байзӕддӕгты хал — мыггаггай. Сӕ зӕххы хай хӕццӕ кодта Сариды онг. 11Ныгуылӕнӕрдӕм ссыди Маралайы онг, бахӕццӕ Даббешетмӕ ӕмӕ, Йокнеамы раз цы тӕрф ис, ууыл ӕрлӕууыд. 12Саридӕй скӕсӕнӕрдӕм та арӕн ахӕццӕ Кислот-Таворы зӕххыты онг, уырдыгӕй ахызти Давератмӕ ӕмӕ ссыди Йафиамӕ. 13Ардыгӕй дарддӕр скӕсӕнӕрдӕм цыди Гат-Хефермӕ ӕмӕ Ет-Кацинмӕ, ахызт Риммонмӕ ӕмӕ фӕзылд Неамӕ. 14Дарддӕр цӕгатаг арӕн цыди ныгуылӕнӕрдӕм, цӕгатӕй ӕрзылд Ханнатоныл ӕмӕ Ифтах-Елы дӕлвӕзы ӕрлӕууыд. 15Зевулоны зӕххытӕм хаудтой Каттат, Нахалал, Шимрон, Идала ӕмӕ Вифлеем. Ӕдӕппӕт дыууадӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 16Ахӕм уыди Зевулоны байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.Иссахары хӕдзарвӕндаджы хай
17Цыппӕрӕм схаудта Иссахары байзӕддӕгты хал мыггаггай. 18Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Изреел, Кесуллот, Шунем, 19Хафараим, Шион, Анахарат, 20Раббит, Кишион, Евец, 21Ремет, Ен-Ганним, Ен-Хадда ӕмӕ Бет-Паццец. 22Арӕн цӕгаты хӕццӕ кодта Фаворы хохмӕ, Шахацим ӕмӕ Бет-Шемешмӕ, скӕсӕны та банцад Иорданыл. Ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 23Ахӕм уыд Иссахары хӕдзарвӕндаджы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.Асиры хӕдзарвӕндаджы хай
24Фӕндзӕм схаудта Асиры хӕдзарвӕндаджы хал мыггаггай. 25Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Хелкат, Хали, Бетен, Ахшаф, 26Аламелех, Амад ӕмӕ Мишал. Сӕ хуссайраг арӕн ныгуылӕнӕрдыгӕй хӕццӕ кодта Кармелы хохмӕ ӕмӕ Шихор-Ливнаты тӕрфмӕ. 27Скӕсӕнӕрдӕм та арӕн цыд Бет-Дагонмӕ ӕмӕ цӕгатӕрдыгӕй Ифтах-Елы дӕлвӕзмӕ ӕввахс хӕццӕ кодта Зевулоны зӕххытӕм. Дарддӕр арӕн цыд Бет-Емек ӕмӕ Неиелмӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм Кавулмӕ бахызт. 28Ноджыдӕр Асиры зӕххытӕм хаудтой Еврон, Рехов, Хаммон ӕмӕ Кана. Арӕн хӕццӕ кодта Стыр Сидоны онг, 29дарддӕр фӕзылд Рамамӕ, бацыди фидар сахар Тиры онг, фӕзылди Хосамӕ ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттыл банцад. Уымӕй уӕлдай Асиры зӕххытӕм хаудтой Махалав, Ахзив, 30Умма, Афек ӕмӕ Рехов. Ӕдӕппӕт дыууӕ ӕмӕ ссӕдз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 31Ахӕм уыдис Асиры хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон. Адон уыдысты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.Неффалимы хӕдзарвӕндаджы хай
32Неффалимы байзӕддӕгтӕн, се’ппӕт мыггӕтӕн, сӕ хал уыдис ӕхсӕзӕм. 33Сӕ зӕххы хуссайраг арӕн Хелефӕй ӕмӕ Цаананнимы тулдзӕй скӕсӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Адами-Некевмӕ ӕмӕ Йавнелмӕ, бахӕццӕ Лакуммӕ ӕмӕ Иорданыл банцад. 34Ныгуылӕнӕрдӕм арӕн фӕзылд Азнот-Тавормӕ, уырдыгӕй та — Хукокмӕ. Хуссарӕрдыгӕй Неффалимы зӕххы ӕмарӕн уыди Зевулоны зӕхх, ныгуылӕнӕрдыгӕй — Асиры зӕхх, скӕсӕнӕрдыгӕй та, Иорданы былыл, — Иудӕйы зӕхх. 35Неффалимы зӕххы хаймӕ хаудтой фидар сахартӕ Циддим, Цер, Хаммат, Раккат, Киннерет, 36Адама, Рама, Хацор, 37Кедеш, Едреи, Ен-Хацор, 38Ирон, Мигдал-Ел, Хорем, Бет-Анат ӕмӕ Бет-Шемеш. Ӕдӕппӕт нудӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 39Ахӕм уыд Неффалимы хӕдзарвӕндаджы фыдӕй-фыртмӕйы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.Даны хӕдзарвӕндаджы хай
40Даны хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ хал уыд ӕвдӕм. 41Сӕ зӕххы хаймӕ хаудтой Цора, Ештаол, Ир-Шемеш, 42Шаалвим, Айалон, Итла, 43Елон, Тимна, Екрон, 44Елтехъе, Гиббетон, Баалат, 45Йехуд, Бене-Берак, Гат-Риммон, 46Ме-Иаркон ӕмӕ Раккон, стӕй Яффойы бакомкоммӕ зӕххытӕ. 47Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан. 48Ахӕм уыд Даны хӕдзарвӕндаджы фыдӕй-фыртмӕйы зӕххы хай мыггаггай. Уыдон сты сӕ сахартӕ алыварс хъӕутимӕ.Нуны фырт Йешуайы хай
49Израилӕгтӕ зӕххытӕ куы байуӕрстой, уӕд Нуны фырт Йешуайӕн сӕ зӕххытӕй радих кодтой хай — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. 50Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ йын радтой, Йешуа йӕхицӕн кӕй куырдта, уыцы сахар Тимнат-Серах, Ефремы хӕхбӕсты. Йешуа сахар рацарӕзта ӕмӕ дзы царди. 51Ацы зӕххытӕ сты, сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн хӕлттӕм гӕсгӕ Силомы, Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны цур цы зӕххы хӕйттӕ байуӕрстой, уыдон. Уыйадыл зӕххытӕ уӕрст фесты.
Copyright information for
OssIBT2022