Joshua 2
Ханаанаг сылгоймаг баххуыс кодта Израилы сгарджытӕн
1Нуны фырт Йешуа Ситтимӕй дыууӕ сгарӕджы арвыста сусӕгӕй, бафӕдзӕхста сын: «Цӕут, фенут уыцы зӕхх, уӕлдайдӕр — Йерихон». Сгарджытӕ араст сты Йерихонмӕ ӕмӕ уым се’хсӕв бахастой иу хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ. 2Йерихоны паддзахмӕ дзырд бахастӕуыд: «Ахсӕв нӕ сахары фӕзынд израилаг сгарджыты къорд». 3Ӕмӕ паддзах йӕ чапарты барвыста Рахавмӕ ахӕм бардзырдимӕ: «Дӕ уазджыты нӕм ракӕн! Сгарджытӕ сты, нӕ бӕстӕ басгарынмӕ нын ӕрбацыдысты». 4– 5– 6Фӕлӕ сылгоймаг уӕдмӕ дыууӕ лӕджы йӕ уӕлхӕдзар гӕны куыристы бын бамбӕхста, адонӕн та загъта: «Ӕцӕгдӕр мӕм чидӕртӕ уыди, фӕлӕ кӕцон сты, уый нӕ базыдтон. Изӕрӕрдӕм, сахары кулдуар сӕхгӕныны хӕдразмӕ, ацыдысты. Кӕцырдӕм, уый нӕ зонын, фӕлӕ сӕ ацы сахат куы асурат, уӕд сӕ, чи зоны, баййафат». 7Фӕдисӕттӕ Иорданы’рдӕм атындзыдтой, донахизӕнты раз балӕууыдысты. Сахарӕй куыд федде сты, афтӕ сахары кулдуар ӕхгӕд ӕрцыд. 8Сгарджытӕ цалынмӕ нӕма бахуыссыдысты, уӕдмӕ сӕм Рахав уӕлхӕдзармӕ схызт 9ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц. 10Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат. 11Уыдӕттӕ куы фехъуыстам, уӕд тас бацыди нӕ зӕрдӕты ӕмӕ нӕ иумӕ дӕр уӕ ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс нал ис, уымӕн ӕмӕ базыдтам: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕлдариуӕг кӕны уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр, уӕле дӕр ӕмӕ дӕле дӕр. 12Уӕдӕ мын Дунедарӕгӕй ард бахӕрут, ӕз уын хорзы куыд бацыдтӕн, афтӕ сымах дӕр мӕ бинонтӕн хорзы кӕй бацӕудзыстут. Бӕлвырд ӕвдисӕйнаг мын раттут, 13мӕ фыды ӕмӕ мын мӕ мады, ме’фсымӕрты ӕмӕ мӕ хоты се’ппӕт хӕдзаронтимӕ сӕрӕгасӕй кӕй ныууадздзыстут, адзалӕй нӕ кӕй бахиздзыстут». 14Сгарджытӕ йын загътой: «Хуыцауы фыдӕх нӕ баййафӕд, искӕй сӕрӕй уӕ ӕрду дӕр куы ӕрхауа, уӕд. Ӕрмӕст ам кӕй стӕм, уый ма схъӕр кӕнут. Дунедарӕг нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, хорзы дын бацӕудзыстӕм». 15Рахавы хӕдзар уыди сахары сисы мидӕг, ӕмӕ сӕ рудзынгӕй ӕруагъта бӕндӕныл. 16Загъта сын: «Хӕхтӕм уал уӕхи айсут, фӕдисӕттӕ уыл куыннӕ амбӕлой, афтӕ ӕмӕ уым ӕртӕ боны дӕргъы ӕмбӕхстӕй абадут, цалынмӕ адон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой, уӕдмӕ, стӕй уӕхионтӕм ацӕудзыстут». 17Сгарджытӕ йын загътой: «Цы ард дын бахордтам, уымӕй сӕрибар уыдзыстӕм, мӕнӕ афтӕ куынӕ бакӕнай, уӕд. 18Уӕ бӕстӕмӕ уын куы ӕрбабырсӕм, уӕд нӕ цы рудзынгыл ӕруагътай, ууыл-иу ацы сырх бӕндӕн бабӕтт, стӕй дӕ фыды ӕмӕ дӕ мады, де’фсымӕрты ӕмӕ де’ппӕт хӕстӕджыты дӕ хӕдзары ӕрӕмбырд кӕн. 19Дӕ хӕдзары дуарӕй ӕддӕмӕ чидӕриддӕр рахиза, уымӕн-иу йӕ тӕригъӕд йӕхи фӕуӕд, махмӕ дзы ницы азым ӕрхаудзӕн. Дӕ хӕдзары мидӕг искӕй туг куы ныккӕла, уӕд-иу уый тӕригъӕд та мах сӕр баййафӕд. 20Фӕлӕ нӕ куы ауӕй кӕнай, уӕд сӕрибар уыдзыстӕм, цы ард дын бахордтам, уымӕй». 21Сылгоймаг загъта: «Куыд зӕгъут, афтӕ фӕуӕд!» Йӕ уазджыты куы арвыста, уӕд рудзынгыл бабаста сырх бӕндӕн. 22Сгарджытӕ хӕхбӕстӕм байстой сӕхи ӕмӕ уым ӕртӕ боны дӕргъы бафӕстиат сты, цалынмӕ фӕдисӕттӕ сахармӕ аздӕхтысты, уӕдмӕ. Фӕдисӕттӕ иу дзыхъхъ, иу къуыпп ӕнӕ басгаргӕ нал ныууагътой, фӕлӕ сӕ не ссардтой. 23Уӕд дыууӕ сгарӕджы рацыдысты хӕхбӕстӕй ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты. Уым Нуны фырт Йешуамӕ бацыдысты ӕмӕ йын сӕ хабӕрттӕ сӕрӕй кӕронмӕ рафӕзмыдтой. 24Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».
Copyright information for
OssIBT2022