‏ Joshua 21

Левитты сахартӕ

1Левитты мыггӕгты хистӕртӕ бацыдысты сауджын Елеазармӕ, Нуны фырт Йешуамӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм — 2уый уыди Ханааны зӕххыл, Силомы сахары, — ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг йӕ заманы Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй нын лӕвӕрд ӕрцӕуа цӕрӕн сахартӕ, сахарты алывӕрсты та — нӕ фосӕн сӕрвӕттӕ». 3Ӕмӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ сӕ зӕххы хӕйттӕй левиттӕн рауӕлдай кодтой сахартӕ сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ.

4Кехаты мыггагӕн хал сӕппӕрстой ӕмӕ халмӕ гӕсгӕ сауджын Аароны байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, Иудӕ, Симеон ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрхауди ӕртындӕс сахары. 5Кехаты иннӕ байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, Ефрем ӕмӕ Даны хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ ӕрхауди дӕс сахары. 6Гершоны байзӕддӕгтӕм — левиттӕм, Иссахары, Асиры ӕмӕ Неффалимы хӕдзарвӕндӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы мыггӕгтӕй халмӕ гӕсгӕ Башаны ӕрхауди ӕртындӕс сахары. 7Мерарийы байзӕддӕгтӕм, левиттӕм, сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрхауди дыууадӕс сахары. 8Ацы сахартӕ израилӕгтӕ сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ левиттӕн радтой халмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

9Мӕнӕ, Иудӕ ӕмӕ Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй левиттӕм цы сахартӕ ӕрхауд, уыдон. 10Лӕвӕрд ӕрцыдысты Аароны фӕстагӕттӕн — Кегъаты байзӕддӕгтӕн, левиттӕн, уымӕн ӕмӕ фыццаг уыдоны хал схаудта. 11Радтой сын Анакы фыд Арбайы сахар — Кирйат-Арба (ома Хеврон), Иудӕйы хохыл, ӕмӕ сахарӕн йӕ алыварс сӕрвӕттӕ. 12Ӕцӕг, ацы сахары алыварс быдыртӕ ӕмӕ хъӕутӕ исбонӕн радтой Иефоннейы фырт Калевӕн.

13Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕн радтой ӕмбӕхсӕн сахар Хеврон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, стӕй Ливнӕйы сахар йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ; 14Йатир йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ештемоа йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 15Холон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Девир йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 16Аин йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ютта йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Бет-Шемеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: фараст сахары ацы дыууӕ хӕдзарвӕндагӕй. 17Бениамины хӕдзарвӕндагӕй: Гивон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гевӕ йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 18Анатот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Алмон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары.

19Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм, ӕдӕппӕтӕй ӕрхауди ӕртындӕс сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 20Кехаты байзӕддӕгтӕм, левитты иннӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм, халмӕ гӕсгӕ сахартӕ ӕрхауди Ефремы хӕдзарвӕндагӕй. 21Ефремы хохыл сын радтой ӕмбӕхсӕн сахар Шехем йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, стӕй Гезер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ; 22Кивцаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Бет-Хорон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 23Даны хӕдзарвӕндагӕй сын радтой Елтехъе йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гиббетон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 24Айалон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гат-Риммон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 25Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй сын радтой Таанах йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Гат-Риммон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: дыууӕ сахары. 26Кехаты байзӕддӕгтӕм — левитты иннӕ мыггӕгтӕм, ӕдӕппӕтӕй ӕрхауди дӕс сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ.

27Гершоны байзӕддӕгтӕн, левитты мыггӕгтӕн, радтой: Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Голан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Башаны, стӕй Беештерайы йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: дыууӕ сахары. 28Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — Кишион йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Даверат йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 29Йармут йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Ен-Ганним йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 30Асиры хӕдзарвӕндагӕй — Мишал йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Авдон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 31Хелкат йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Рехов йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 32Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Кедеш йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галилейы, Хаммот-Дор йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Картан йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕртӕ сахары. 33Афтӕмӕй Гершоны байзӕддӕгтӕм, левитты мыггӕгтӕм, ӕдӕппӕт ӕрхауди ӕртындӕс сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ.

34Мерарийы байзӕддӕгтӕн, левитты иннӕ мыггӕгтӕн, радтой: Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — Йокнеам йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Карта йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 35Димна йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Нахалал йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 36Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Бецер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йахац йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, 37Кедемот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Мефаат йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: цыппар сахары. 38Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ; 39Хешбон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йазер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕдӕппӕтӕй цыппар сахары.

40Мерарийы байзӕддӕгтӕм — левитты мыггӕгтӕм, халӕппӕрстӕй ӕдӕппӕт ӕрхауди дыууадӕс сахары. 41Израилӕгты зӕххыты ӕхсӕн левиттӕн ӕдӕппӕт уыди аст ӕмӕ дыууиссӕдз сахары сӕ алыварс сӕрвӕттимӕ. 42Уыцы сахартимӕ сын лӕвӕрд цыдысты сӕ алыварс сӕрвӕттӕ дӕр.

43Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты. 44Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм.

45Дунедарӕг Израилы хӕдзарӕн цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ баззад — алцыдӕр дзы сӕххӕст.
Copyright information for OssIBT2022