Joshua 24
Йешуа ӕмӕ израилӕгты бадзырд Шехемы
1Израилы хӕдзарвӕндӕгты се’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз. 2Йешуа дзыллӕйӕн загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Рагзаманы уӕ фыдӕлтӕ — суанг Авраам ӕмӕ Нахоры фыд Терахы онг — цардысты доны фале ӕмӕ лӕггад кодтой ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн. 3Фӕлӕ уын Ӕз уӕ фыдӕл Авраамы ӕрбакодтон доны фалейӕ, фенын ын кодтон Ханааны зӕхх иууылдӕр ӕмӕ йын йӕ байзӕддаджы сбирӕ кодтон. Радтон ын фырт — Исаакы. 4Исаакӕн радтон Йаковы ӕмӕ Исавы. Исавӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радтон Сеиры хох, Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та Мысырмӕ ацыдысты. 5Иу заман сӕм уырдӕм арвыстон Моисей ӕмӕ Аароны, Мысыры адӕмыл фыдрынтӕ бафтыдтон, цӕмӕй уӕ уырдыгӕй раирвӕзын кӕнон. 6Ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты ракодтон Мысырӕй. Мысырӕгтӕ — тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ барӕг ӕфсад — фӕдисы рацыдысты ӕмӕ сӕ суанг Сырх денджызы онг фӕсте сырдтой. 7Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ ӕххуысмӕ куы скуывтой, уӕд Ӕз сымахӕй мысырӕгты’хсӕн дуне ныттар кодтон, мысырӕгтӕм денджызы уылӕнтӕ сарӕзтон, ӕмӕ сӕ быны фесты. Уӕхи цӕстӕй федтат, Ӕз мысырӕгтӕн цы бакодтон, уыдӕттӕ. Уый фӕстӕ сымах дзӕвгар рӕстӕг фӕцардыстут ӕдзӕрӕг быдыры. 8Уый фӕстӕ уӕ Ӕз ӕрбакодтон Иорданы фале цӕрӕг аморӕгты зӕхмӕ. Уыдон уемӕ схӕцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз радтон уӕ къухтӕм. Ныццагътон сӕ уӕхи цӕстыты раз, ӕмӕ сын сымах бацахстат сӕ зӕхх — сси уын фыдӕй-фыртмӕйы исбон. 9Уӕд Ципоры фырт Балак, Моавы паддзах, Израилимӕ схӕцыд ӕмӕ фӕсидти Беоры фырт Балааммӕ, цӕмӕй уӕ ралгъита. 10Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон. 11Сымах ӕрбахызтыстут Иорданыл ӕмӕ бахӕццӕ стут Йерихонмӕ. Уӕ ныхмӕ хӕцын байдыдтой Йерихоны цӕрджытӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ, фӕлӕ уын сӕ Ӕз уӕ къухтӕм радтон. 12Уӕ разӕй уын дыдынты ӕвзӕн арвыстон, ӕмӕ уӕ цирхъытӕ ӕмӕ фӕттӕ нӕ, фӕлӕ уыдон аиуварс кодтой уӕ фӕндагӕй дыууӕ амораг паддзахы ӕд ӕфсад. 13Ӕз уын радтон, кӕуыл нӕ бафыдӕбон кодтат, уыцы зӕхх, кӕй нӕ сарӕзтат, уыцы сахартӕ, ӕмӕ дзы ныр сымах цӕрут. Цы сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ нӕ ныссагътат, уыдоны дыргътӕ хӕрут“». 14«Гъемӕ, — дзырдта дардӕр Йешуа, — аргъуыц кӕнут Дунедарӕгӕн, лӕггад Ын кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, ӕнӕхинӕй! Доны фале ӕмӕ Мысыры уӕ фыдӕлтӕ кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы хуыцӕуттыл уӕ къух ауигъут, ӕмӕ лӕггад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн! 15Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн». 16Ӕмӕ йын адӕм дзуапп радтой: «Нӕ, мах Дунедарӕджы ныууадзӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнӕм, уымӕн уӕвӕн нӕй! 17Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах Хуыцау у, Уый ракодта мах дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлты дӕр Мысыры зӕххӕй, цагъайраджы ӕфсондзы бынӕй, ӕмӕ нын равдыста стыр диссӕгтӕ. Фӕндагыл нӕ хъахъхъӕдта райдайӕнӕй кӕронмӕ. Хъахъхъӕдта нӕ, цы адӕмты зӕххыл-иу цыдыстӕм, уыдоны фыдӕхӕй дӕр. 18Дунедарӕг нын нӕ цурӕй фӕсырдта ӕппӕт адӕмты, ацы зӕххыл чи царди, уыцы аморӕгты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр лӕггад кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у». 19Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг Хуыцау у, ӕнувыд Хуыцау, уе’наккаг митӕ ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕ нӕ ныббардзӕн. 20Дунедарӕджы куы ныууадзат ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын куы райдайат, уӕд уыл Йе’ппӕт хӕрзты фӕстӕ Йӕ фыдбылыз бафтаудзӕн ӕмӕ уӕ ныццӕгъддзӕн». 21Ӕмӕ адӕм Йешуайӕн загътой: «Нӕ, мах Дунедарӕгӕн лӕггад кӕндзыстӕм». 22Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕджы кӕй равзӕрстат ӕмӕ Йын лӕггад кӕй кӕндзыстут, уымӕн ӕвдисӕн лӕуут уӕхӕдӕг уӕхицӕн?» Адӕм дзуапп радтой: «Лӕууӕм ӕвдисӕн». 23«Уӕдӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл уӕ къух ауигъут ӕмӕ уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, аздахут». 24Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм». 25Йешуа уыцы бон адӕмимӕ бафидыдта, уым сын, Шехемы сахары, радта Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ. 26Йешуа ацы ныхӕстӕ ныффыста Хуыцауы Ӕгъдауы чиныджы, стыр дур райста ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕны фарсмӕ тулдзы бын сӕвӕрдта. 27Ӕмӕ Йешуа адӕмӕн се’ппӕтӕн дӕр загъта: «Ацы дур нын уыдзӕни ӕвдисӕн: уый фехъуыста, Дунедарӕг нын цыдӕриддӕр загъта, уыдон. Хуыцауыл уӕхи куы атигъ кӕнат, уӕд ацы дур ӕвдисӕн уыдзӕни уӕ ныхмӕ». 28Ӕмӕ Йешуа адӕмы ауагъта, алкӕй дӕр йӕ зӕххы хаймӕ.Йешуайы мӕлӕт
29Уымӕй иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Нуны фырт Йешуа, Дунедарӕджы цагъар, амарди. Цыди йыл дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы. 30Йешуайы баныгӕдтой йӕ зӕххы хайы, Ефремы хохыл Тимнат-Серахы, Гаашы хохӕн цӕгатӕрдыгӕй. 31Йешуайы заман дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи рацард ӕмӕ, Дунедарӕг Израилы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы хистӕрты заман дӕр израилӕгтӕ ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. 32Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы. 33Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым. 34[Уыцы бон израилӕгтӕ райстой Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ семӕ хастой, Пинхас та сын йӕ фыд Елеазары бӕсты сауджын уыдис йӕ амӕлӕтмӕ. Куы амард, уӕд ӕй йӕ сахары, Гевӕйы, баныгӕдтой. 35Израилӕгтӕй алчи йӕ бынатмӕ, йӕ сахармӕ, фӕфардӕг ис. 36Иштар ӕмӕ Аштерот, стӕй сӕ алыварс цы адӕмтӕ цард, уыдоны хуыцӕуттӕм кувын райдыдтой. Уыйадыл сӕ Дунедарӕг Моавы паддзах Еглоны къухмӕ радта ӕмӕ ӕстдӕс азы дӕргъы йӕ дӕлбар уыдысты.]
Copyright information for
OssIBT2022