‏ Joshua 5

1Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.

Сунӕт ӕмӕ фыццаг Куадзӕн Ханааны зӕххыл

2Уыцы заман Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ӕхсон кӕрдтӕ сараз ӕмӕ израилӕгтӕн ног сунӕт скӕн». 3Йешуа ӕхсон кӕрдтӕ сарӕзта, ӕмӕ израилӕгтӕн сунӕт скодта, «Сунӕты къуыбыр» кӕй схуыдтой, уым. 4Сунӕт та сын Йешуа уымӕн скодта, ӕмӕ Мысырӕй сыстӕг нӕлгоймӕгтӕ, хӕстхъом лӕгтӕ, иууылдӕр амардысты Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕтӕнхуаг царды заман. 5Мысырӕй чи рараст, уыцы адӕм се’ппӕт дӕр уыдысты сунӕт, фӕлӕ рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры рахау-бахауы заман чи райгуырди, уыдонӕй иу дӕр сунӕт не’рӕййӕфта. 6Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты. 7Чи амард, уыдонӕн Дунедарӕджы хорзӕхы руаджы рахъомыл сты сӕ цот, ӕмӕ уыдонӕн скодта Йешуа сунӕт, уымӕн ӕмӕ сӕ хӕтӕнхуаджы рӕстӕг сунӕтгонд нӕ цыдысты. 8Адӕм се’ппӕт сунӕтгонд куы’рцыдысты, уӕд рӕсӕнуаты баззадысты, цалынмӕ сдзӕбӕх сты, уӕдмӕ. 9Уый фӕстӕ Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мысыры худинаджы уаргъ уын абон уӕ рагъӕй систон». Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат схуындӕуыди Гилгал. 10Израилӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуаты бафӕстиат сты ӕмӕ Куадзӕн скодтой мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрӕй, Йерихоны дӕлвӕзы. 11Куадзӕны фӕстӕ, дыккаг бон, хӕрын райдыдтой а зӕххы хойрагӕй: донгонд дзултӕ ӕмӕ хъӕбӕрхоры цӕкуытӕ. 12Ацы зӕххы хойрагӕй куы фӕхъӕстӕ сты, уӕд, Куадзӕны фӕстӕ цы бон ралӕууыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уӕларвӕй маннӕ нал хауди. Израилӕгтӕ уыцы азӕй фӕстӕмӕ маннӕйы бӕсты хордтой ханаанаг зӕххы бӕркад.

Йешуамӕ фӕзынди зӕд

13Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?» 14Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?» 15Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг Йешуайӕн загъта: «Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уыцы бынат уаз у». Ӕмӕ Йешуа бакасти йӕ коммӕ.

16Израилӕгты тӕссӕй Йерихоны кулдуар фидар ӕхгӕд ӕрцыд. Ӕддӕмӕ дӕр ничи цыд ӕмӕ мидӕмӕ дӕр.
Copyright information for OssIBT2022