Joshua 10
Йешуайы хӕст амораг паддзӕхтимӕ
1Йерусалимы паддзах Адони-Цедек фехъуыста, зӕгъгӕ, Йешуа Гайы сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ быныхъӕр ссӕуын кодта, уымӕй размӕ Йерихоны сахар ӕмӕ йӕ паддзахӕн куыд бакодта, афтӕ. Ноджы ма базыдта, гивонӕгтӕ израилӕгтимӕ кӕй бафидыдтой ӕмӕ семӕ цӕргӕйӕ кӕй баззадысты, уый дӕр. 2Ӕмӕ Адони-Цедекӕн йӕ зӕрдӕйы стыр тас бацыд, уымӕн ӕмӕ Гивон уыди паддзахы сахары хуызӕн стыр, суанг Гайӕ дӕр стырдӕр, йӕ нӕлгоймӕгтӕ та иууылдӕр уыдысты хӕствӕлтӕрд. 3Уымӕ гӕсгӕ Йерусалимы паддзах Адони-Цедек Хевроны паддзах Хохаммӕ, Йармуты паддзах Пираммӕ, Лахишы паддзах Йафиамӕ ӕмӕ Еглоны паддзах Девирмӕ фӕфӕдис: 4«Мӕ фарсмӕ ӕрбалӕуут ӕмӕ Гивоны сахар ныффалгӕрон кӕнӕм, Йешуа ӕмӕ израилӕгтимӕ кӕй бафидыдта, уый тыххӕй». 5Ӕмӕ амораг фондз паддзахы — Йерусалимы паддзах, Хевроны паддзах, Йармуты паддзах, Лахишы паддзах, Еглоны паддзах — се’фсӕдтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ Гивоныл ӕртыхстысты. 6Гивонӕгтӕ Гилгалы рӕсӕнуатмӕ Йешуамӕ удаистӕй фӕхабар кодтой: «Дӕ цагъарты дзӕгъӕл ма ныууадз, рӕвдздӕр нӕм фӕзын ӕххуысмӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕн! Хӕхбӕсты цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ иууылдӕр нӕ ныхмӕ баиу сты». 7Йешуа Гилгалӕй фӕцӕуӕг йе’фсадимӕ, йӕ тохӕхсыст хӕстонтимӕ. 8Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс. Ӕз дын сӕ дӕ къухтӕм ратдзынӕн. Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ никӕй бон бауыдзӕн». 9Йешуа ӕхсӕв-бонмӕ фӕцыд Гилгалӕй ӕмӕ сӕм ӕваст балӕбурдта. 10Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой. 11Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй. 12Дунедарӕг аморӕгты Израилы къухтӕм цы бон радта, уыцы бон Йешуа скуывта Дунедарӕгмӕ, загъта израилӕгты раз: «Ӕрлӕуу, хур, Гивоны сӕрмӕ, ӕрлӕуу, мӕй, Айалоны дӕлвӕзы сӕрмӕ!» 13Ӕмӕ хур ӕрлӕууыд, ӕмӕ мӕй дӕр йӕ бынатӕй нал ӕнкъуысти, цалынмӕ адӕм фыдгулты цагътой, уӕдмӕ. (Раст афтӕ фыст ис Рӕстӕвзары чиныджы.) Хур арвы астӕу ныллӕууыд ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон йӕ бынатӕй нӕ фенкъуысыд. 14Уыцы бон куыд байхъуыста Дунедарӕг адӕймаджы курдиатмӕ, афтӕ йӕм уымӕй размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр никуы байхъуыста. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд израилӕгты сӕрыл. 15Уый фӕстӕ Йешуа Израилы адӕмимӕ Гилгалмӕ раздӕхти сӕ рӕсӕнуатмӕ.Ханаанаг паддзӕхты сӕфт
16Фондз амораг паддзахы алыгъдысты ӕмӕ Македайы цур лӕгӕты сӕ сӕр бафснайдтой. 17Йешуамӕ куы фӕхабар чындӕуыд, фондз паддзахы Македайы цур лӕгӕты бадынц, зӕгъгӕ, 18уӕд бардзырд радта: «Лӕгӕтмӕ бацӕуӕныл егъау дуртӕ бафӕлдахут ӕмӕ йын хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрут. 19Уӕхӕдӕг та ма банцайут уе знӕгты сурынӕй. Чъылдымӕрдыгӕй сӕ цӕгъдут, сӕ сахартӕм баирвӕзын сӕ ма бауадзут: уӕ къухтӕм уын сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау». 20Йешуа ӕмӕ израилӕгтӕ бындзагъд ныккодтой фыдгулты, ӕрмӕст ма дзы иугӕйттӕ баирвӕзтысты удӕгасӕй сӕ фидар сахартӕм. 21Израилы ӕфсад та Йешуамӕ сӕрӕгасӕй ӕрбаздӕхт Македайы рӕсӕнуатмӕ. Ӕмӕ израилӕгты ныхмӕ хъыпп-сыпп дӕр ничиуал уӕндыд. 22Уӕд Йешуа загъта: «Лӕгӕты дуар байгом кӕнут ӕмӕ мын уыцы фондз паддзахы мӕ цурмӕ ӕрбакӕнут». 23Ӕмӕ йӕм ӕрбакодтой Йерусалимы паддзахы, Хевроны паддзахы, Йармуты паддзахы, Лахишы паддзахы ӕмӕ Еглоны паддзахы. 24Йешуа ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр фӕсидт ӕмӕ йе’фсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут-ма хӕстӕгдӕр ӕмӕ мӕнӕ ацы паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕуут». Уыдон бацыдысты ӕмӕ паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕууыдысты. 25Йешуа сын ноджыдӕр загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут! Уӕ ныфс макуы асӕттӕд! Фидар лӕуут ӕмӕ ма фӕцудут! Уӕ фыдгултӕй кӕимӕфӕнды дӕр куы схӕцат — адонау сӕ бафхӕрдзӕни Дунедарӕг». 26Уыйадыл Йешуа паддзӕхты ныммардта ӕмӕ сӕ фондз бӕласыл ӕрцауындзын кодта. Ауыгъдӕй фӕлӕууыдысты изӕрмӕ. 27Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ мӕрдты бӕлӕстӕй ӕристой, цы лӕгӕты ӕмбӕхстысты, уырдӕм сӕ баппӕрстой ӕмӕ йын йӕ бацӕуӕныл егъау дуртӕ бафӕлдӕхтой. Дуртӕ абон дӕр ма уым лӕууынц.Израилӕгтӕ Ханааны хуссарварс зӕххытӕ куыд бацахстой
28Тӕккӕ уыцы бон Йешуа бацахста Македа ӕмӕ йын йӕ адӕмы ӕд паддзах кардӕй ныццагъта. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон Дунедарӕджы номыл бабын кодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Македайы паддзахӕн дӕр. 29Уый фӕстӕ Йешуа йе’фсадимӕ Македайӕ абалц кодта Ливнӕйы сахармӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд. 30Ӕмӕ Дунедарӕг Ливнӕйы дӕр йӕ паддзахимӕ радта израилӕгты къухтӕм, ӕмӕ дзы цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны Йешуа карды амӕттаг бакодта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. Йерихоны паддзахы хал ахӕрын кодта Ливнӕйы паддзахӕн дӕр. 31Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ливнӕйӕ абалц кодта Лахишы сахармӕ, ӕртыхсти йыл ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд. 32Ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгты къухтӕм радта Лахиш, дыккаг бон ӕй бацахста Йешуа. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны дӕр, раст Ливнӕйы хуызӕн, карды амӕттаг бакодта. 33Ӕмӕ уӕд Лахишӕн ӕххуысмӕ ӕрбацыди Гезеры паддзах Хорам, фӕлӕ йын Йешуа йӕхи дӕр амардта ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр ныццагъта, аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радта. 34Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Лахишӕй ацыд Еглоны сахармӕ. Ӕртыхстысты йыл ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыдысты. 35Тӕккӕ уыцы бон ӕй бацахстой ӕмӕ йӕ карды амӕттаг бакодтой. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдоны дӕр, раст Лахишы хуызӕн, Йешуа Дунедарӕджы номыл бабын кодта. 36Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Еглонӕй ацыд Хевроны сахармӕ. Схӕцыдысты йӕ ныхмӕ 37ӕмӕ йӕ бацахстой. Йӕ адӕмы ӕмӕ йын йӕ паддзахы, стӕй йӕ алыварс сахарты цӕрджыты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Еглоны хуызӕн Хевроны цӕрджытӕй дӕр аирвӕзыны фадат никӕмӕн радта Йешуа. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодта. 38Уый фӕстӕ Йешуа йе’фсадимӕ фездӕхти Девиры сахармӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд. 39Бацахста йӕ ӕмӕ йын йӕ паддзахы уацары райста, бацахста йын йӕ алыварс сахартӕ дӕр. Карды амӕттаг сӕ бакодтой, цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Йешуа дзы аирвӕзыны фадат иуӕн дӕр нӕ радта. Хевроны сахар ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй Ливнӕйы сахар ӕмӕ йӕ паддзахы куыд бафхӕрдта, раст афтӕ бафхӕрдта Девиры сахар ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр. 40Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ. 41Йешуа сӕ ныццагъта Кадеш-Барнеайӕ Газӕйы онг ӕмӕ Гошены бӕстӕйӕ Гивоны онг. 42Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл. 43Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ раздӕхти Гилгалмӕ, сӕ рӕсӕнуатмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022