‏ Joshua 12

Моисей ӕмӕ Йешуа кӕй басастой, уыцы паддзӕхтӕ

1Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.

2Амораг паддзах Сигон царди Хешбоны. Йӕ паддзахады зӕххытӕ Арноны донвӕдӕй, Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕххӕссыдысты Йавочы тӕрфы — аммонӕгты арӕны — онг, ахстой Галаады хуссайраг ӕмбис, 3стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.

4Башаны паддзах Ог, рефаимты баззайӕггӕгтӕй, цардис Аштароты ӕмӕ Едреийы. 5Йӕ къухы уыдысты Ермоны хох ӕмӕ Салха, стӕй Башан ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныгуылӕнӕрдыгӕй Гешуры ӕмӕ Маахайы онг, ноджы ма Галаады цӕгатаг ӕмбис Хешбоны паддзах Сигоны арӕнты онг.

6Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ басастой Сигоны ӕмӕ Огы, сӕ зӕхх сын Дунедарӕджы цагъар Моисей радта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн.

7Йешуа ӕмӕ израилӕгтӕ Иорданы ныгуылӕнварс цы паддзӕхты басастой, уыдонӕн сӕ зӕххытӕ ӕххӕссыдысты цӕгатӕрдыгӕй Ливаны дӕлвӕзы Баал-Гады сахарӕй хуссарӕрдӕм Сеиры бӕстӕйы фарсмӕ Халакы хохы онг. Сӕ зӕххытӕ сын Йешуа Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл байуӕрста мыггагмӕйы исбонӕн. 8Ноджы ма сыл байуӕрста хеттӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты зӕххытӕ уӕлхохы ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстыл, Шефелайы, Иорданы дӕлвӕзы, Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ Негевы. Мӕнӕ сӕ паддзӕхтӕ: 9Йерихоны паддзах, Вефилы фарсмӕ Гайы паддзах, 10Йерусалимы паддзах, Хевроны паддзах, 11Йармуты паддзах, Лахишы паддзах, 12Еглоны паддзах, Гезеры паддзах, 13Девиры паддзах, Гедеры паддзах, 14Хормайы паддзах, Арады паддзах, 15Ливнӕйы паддзах, Адулламы паддзах, 16Македайы паддзах, Вефилы паддзах, 17Таппуахы паддзах, Хеферы паддзах, 18Афекы паддзах, Шароны паддзах, 19Мадоны паддзах, Хацоры паддзах, 20Шимрон-Мероны паддзах, Ахшафы паддзах, 21Таанахы паддзах, Мегиддойы паддзах, 22Кедешы паддзах, Кармелы хохрӕбын Йокнеамы паддзах, 23Зӕххастӕуы денджызы былгӕрон Доры паддзах, галилейаг сахар Гоимы паддзах, 24Тирцайы паддзах — ӕдӕппӕт иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахы.
Copyright information for OssIBT2022