Joshua 14
1Дарддӕр ныхас цӕуы, израилӕгтӕ Ханааны бӕстӕйы цы зӕххытӕ райстой, уыдоныл. Фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын сӕ байуӕрстой сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ мыггӕгты хистӕртӕ. 2Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ фараст хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн байуӕрстой, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ. 3Дыууӕ хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн Моисей йӕхӕдӕг фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радта Иорданы скӕсӕнварс, Левийы хӕдзарвӕндагӕн та уыдонимӕ исбон нӕ радта. 4Йосефы байзӕддӕгтӕ фӕдих сты дыууӕ хӕдзарвӕндагыл: Менассиайы ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгтыл. (Левийы байзӕддӕгтӕн бӕстӕйӕ хай нӕ радтой, ӕрмӕст сын цӕрынӕн радтой сахартӕ, стӕй сахаргӕрӕтты сӕрвӕттӕ се стуртӕ ӕмӕ сӕ лыстӕг фос хизынӕн.) 5Афтӕмӕй израилӕгтӕ зӕхх байуӕрстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.Калевы хай
6Иудӕйы байзӕддӕгтӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Гилгалы бацыдысты Йешуамӕ. Иефоннейы фырт кенизаг Калев ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Дунедарӕг Моисейӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн, Кадеш-Барнеайы мӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй цы дзырдта, уый. 7Дунедарӕджы цагъар Моисей мӕн Кадеш-Барнеайӕ ацы бӕстӕ басгарынмӕ куы арвыста, уӕд мыл цыди дыууиссӕдз азы. Куы ӕрбаздӕхтӕн, уӕд ын хабӕрттӕ зӕрдӕбынӕй радзырдтон. 8Мемӕ сгарӕг чи ацыди, уыдон Израилы адӕмӕн сӕ ныфс асастой, ӕз та иузӕрдион уыдтӕн Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл. 9Ӕмӕ уыцы бон Моисей ард бахордта: „Дӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдтай, уыцы зӕхх фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн мыггагмӕ ӕнӕмӕнг лӕвӕрд уыдзӕни дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕгыл, мӕ Хуыцауыл, ӕнӕгуырысхойӕ кӕй дардтай дӕ зӕрдӕ, уый тыххӕй“. 10Ӕмӕ ныр дӕхӕдӕг ӕвдисӕн: Дунедарӕг мын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта. Израилы адӕм ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуагӕй куы цардысты, уӕд загъта Дунедарӕг уыцы ныхас Моисейӕн. Уӕдӕй нырмӕ рацыди фондз ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Ныр мыл фондз ӕмӕ цыппарыссӕдзы сӕххӕст. 11Фӕлӕ мӕ Моисей сгарынмӕ куы арвыста, уӕдау абон дӕр дӕн фидар. Уӕд мӕм цас хъару уыд, ныр дӕр мӕм уыйас хъару ис хотых райсынӕн дӕр ӕмӕ тохы бацӕуынӕн дӕр. 12Гъемӕ мын ратт, уыцы заман мын Дунедарӕг зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай: цӕрынц дзы Анакы байзӕддӕгтӕ, сӕ сахартӕ стыр сты, алырдыгӕй — бырутӕй ӕхгӕд. Чи зоны, ӕмӕ мын Дунедарӕг ахъаз бакӕна, ӕмӕ сӕ Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ уырдыгӕй фӕсурон». 13Йешуа раарфӕ кодта Иефоннейы фырт Калевӕн ӕмӕ йын фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радта Хеврон. 14Афтӕмӕй Хеврон ныронг дӕр у Иефоннейы фырт кенизаг Калевы исбон, Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ ӕнӕгуырысхойӕ кӕй дардта, уый фӕрцы. 15Хеврон раздӕр хуынди Кирйат-Арба ▼▼Ома «Арбайы сахар».
. Уыцы Арба уыди тӕккӕ номдзыддӕр анакаг лӕг. Бӕстӕ сулӕфыди хӕсты хъаймӕтӕй.
Copyright information for
OssIBT2022