Joshua 15
Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы зӕххытӕ
1Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕм цы зӕхх ӕрхауди халӕппӕрстӕй, уый Едомы ныгуылӕнвӕрсты цыди Цины ӕдзӕрӕг быдыры хуссайраг арӕны онг. 2Сӕ хуссайраг арӕн райдыдта Мард денджызӕн йӕ хуссар былгӕронӕй 3ӕмӕ Акрабимы хӕрдӕй хуссарӕрдӕм ацыди Цины ӕдзӕрӕг быдырыл, хуссарӕрдыгӕй схызти Кадеш-Барнеамӕ, стӕй, Хецроны сахарыл ахизгӕйӕ, схызти Аддармӕ, уырдыгӕй фӕзылди Каркамӕ, 4бахӕццӕ Ацмонмӕ, рахызти Мысыры арӕныл тӕрфмӕ ӕмӕ йӕ кӕрон Зӕххастӕуы денджызы былгӕрӕттӕм бахаста. Ахӕм уыдис Иудӕйы хуссайраг арӕн. 5Скӕсӕйнаг арӕн у Мард денджыз, Иордан ӕм кӕм бакӕлы, уый онг. Цӕгатаг арӕн райдыдта, Иордан денджызмӕ кӕм бакӕлы, уырдыгӕй 6ӕмӕ схызти Бет-Хогламӕ, ацыди Бет-Аравӕйӕ цӕгатӕрдӕм, фӕхӕрд кодта Рувимы фырт Боханы къӕдзӕхы’рдӕм, 7стӕй Ахоры тъӕпӕнӕй схызти Девирмӕ, цӕгатӕрдӕм фӕзылди Гилгалмӕ (уый та ис Хуыскъададжы хуссарварсы Адуммимы хӕрды акомкоммӕ). Дарддӕр арӕн ацыд Ен-Шемешы донгуырӕны’рдӕм ӕмӕ бахӕццӕ Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ. 8Дарддӕр ахызт йевусӕгты (ома Йерусалимы) къуылдымыл, хуссарварс Хинномы фырты дӕлвӕзыл, ӕмӕ схызти, Хинномы дӕлвӕзы ныгуылӕнӕрдыгӕй цы хох ис, уый сӕрмӕ (уыцы хох лӕууы Рефаимы дӕлвӕзы цӕгатварс). 9Хохы сӕрӕй арӕн фӕзылди Нефтоахы донгуырӕнмӕ ӕмӕ рахызт Ефроны хӕхбӕсты сахартӕм, уырдыгӕй та фӕзылди Бааламӕ (ома Кирйат-Иариммӕ). 10Баалайӕ фӕзылди ныгуылӕнӕрдӕм, Сеиры ▼▼Ныхас цӕуы, хуссар Палестинӕйы чи ис, уыцы хохыл, Сеирыл, ома Едомы бӕстӕйыл (кӕс Райд 25:25; 32:3; Нун 11:17; 12:7 ӕмӕ ӕнд.) нӕ, фӕлӕ цавӕрдӕр хӕхбӕстыл Иудейы, цӕгатӕрдыгӕй.
хӕхбӕстӕм, ӕрзылд Иаримы (ома Кесалоны) хохы цӕгатгӕрӕтты, ӕрхызти Бет-Шемешмӕ ӕмӕ ахызти Тимнайыл. 11Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг. 12Ныгуылӕйнаг арӕн у Зӕххастӕуы денджыз йӕ былгӕронимӕ. Ахӕм арӕнтӕ уыд Иудӕйы байзӕддаджы мыггӕгты зӕххытӕн. Калев ӕмӕ йӕ чызг Ахса
13Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Йешуа Иефоннейы фырт Калевӕн Иудӕйы байзӕддӕгты’хсӕн радта хай: Кирйат-Арба — Анакы фырт Арбайы сахар (ома Хеврон). 14Калев уырдыгӕй фӕсырдта Анакы байзӕддӕгты — Шешайы, Ахиманы ӕмӕ Талмайы мыггӕгты. 15Хевронӕй ацыди Девиры ныхмӕ хӕцынмӕ. Девир раздӕр Кирйат-Сефер хуынди. 16Калев загъта: «Кирйат-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсайы ратдзынӕн». 17Сахар бацахста Гофниел, Калевы ӕфсымӕр Кеназы фырт, ӕмӕ йын Калев йӕ чызг Ахсайы радта. 18Чызг бынатыл куы сӕмбӕлди, уӕд ӕй йӕ мой бацардыдта, дӕ фыдӕй зӕххы хай ракур, зӕгъгӕ. Чызг хӕрӕгӕй куы ӕрхызти, уӕд ӕй Калев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» 19Уый загъта: «Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, Негевы мын зӕххы хай радтай, ӕмӕ мын ӕххӕст донгуырӕнтӕ дӕр ратт». Ӕмӕ йын Калев уӕллаг ӕмӕ дӕллаг донгуырӕнтӕ радта.Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы дыууадӕс зылды
20– 21Мӕнӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы зӕххы хӕйттӕ: хуссаргӕроны сахартӕ Негевы, Едомы арӕнмӕ хӕстӕг: Кавцеел, Едер, Йагур, 22Кина, Димона, Адада, 23Кедеш, Хацор, Итнан, 24Зиф, Телем, Беалот, 25Хацор-Хадатта, Керийот-Хецрон (ома Хацор) 26Амам, Шема, Молада, 27Хацар-Гадда, Хешмон, Бет-Пелет, 28Хацар-Шуал, Беер-Шевӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ, 29Баала, Ийим, Эцем, 30Елтолад, Кесил, Хорма, 31Циклаг, Мадманна, Сансанна, 32Леваот, Шилхим, Аин ӕмӕ Риммон — ӕдӕппӕт фараст ӕмӕ ссӕдз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 33Шефелайы: Ештаол, Цора, Ашна, 34Заноах, Ен-Ганним, Таппуах, Енам, 35Йармут, Адуллам, Сохо, Азека, 36Шаараим, Адитаим, Гедера ӕмӕ Гедеротаим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 37Ценан, Хадаша, Мигдал-Гад, 38Дилан, Мицпе, Йоктеел, 39Лахиш, Боцкат, Еглон, 40Каббон, Лахмас, Китлиш, 41Гедерот, Бет-Дагон, Наама, Македа — ӕхсӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 42Ливнӕ, Етер, Ашан, 43Ифтах, Ашна, Нецив, 44Кеила, Ахзив ӕмӕ Мареша — фараст сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 45Екрон йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; 46Екронӕй Зӕххастӕуы денджызы’рдӕм Ашдоды цур сахартӕ иууылдӕр сӕ алыварс хъӕутимӕ; 47Ашдод йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; Газӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ суанг Мысыры арӕныл тӕрфы онг ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы онг йӕ былгӕронимӕ. 48Хӕхбӕсты: Шамир, Йатир, Сохо, 49Данна, Кирйат-Санна (ома Девир), 50Анав, Ештемо, Аним, 51Гошен, Холон ӕмӕ Гило — иуӕндӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 52Арав, Дума, Эшан, 53Йанум, Бет-Таппуах, Афека, 54Хумта, Кирйат-Арба (ома Хеврон) ӕмӕ Циор — фараст сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 55Маон, Кармел, Зиф, Ютта, 56Изреел, Иокдеам, Заноах, 57Каин, Гевӕ ӕмӕ Тимна — дӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 58Халхул, Бет-Цур, Гедор, 59Маарат, Бет-Анот ӕмӕ Елтекон — ӕхсӕз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. [Текоа, Евфратӕ (ома Вифлеем), Пеор, Етам, Кулон, Татам, Сорес, Карем, Галлим, Бетер ӕмӕ Манохо — иуӕндӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 60Кирйат-Баал (ома Кирйат-Иарим) ӕмӕ Равва — дыууӕ сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.] 61Ӕдзӕрӕг быдыры: Бет-Аравӕ, Миддин, Сехаха, 62Нившан, Ир-Мелах ӕмӕ Ен-Геди — ӕхсӕз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. 63Фӕлӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕм Йерусалимӕй йевусӕгты фӕсурыны хъомыс нӕ разынд, ӕмӕ абон дӕр сӕ фарсмӕ цӕрынц Йерусалимы.
Copyright information for
OssIBT2022