Joshua 16
Йосефы байзӕддаджы зӕххытӕ
1Йосефы байзӕддӕгтӕм халӕппӕрстӕй цы зӕххытӕ ӕрхауди, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕны райдыдта Йерихоны акомкоммӕ Иорданӕй, Йерихоны суадӕттӕй. Йерихоны рӕбынты ныгуылӕнӕрдӕм ӕдзӕрӕг быдырыл схызти Вефилы хӕхбӕстӕм, 2Вефилӕй йӕхи айтыгъта Лузы онг, стӕй бахӕццӕ Атаротмӕ, аркӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм 3ӕмӕ дарддӕр ныгуылӕнӕрдӕм ӕрхызти йафлетӕгты ӕмӕ Дӕллаг Бет-Хороны зӕххытӕм, стӕй Гезермӕ, аххӕссыди суанг Зӕххастӕуы денджызы онг. 4Ахӕм уыди Йосефы фырттӕ Менассиа ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.Ефремы хӕдзарвӕндаджы хай
5Ефремы байзӕддаджы мыггӕгтӕ цы зӕххытӕ райстой, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕнӕрдыгӕй райдыдта Атрот-Аддарӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Уӕллаг Бет-Хороны онг. 6Дарддӕр арӕн ӕрӕнцади Зӕххастӕуы денджызыл. Цӕгатӕрдыгӕй ахӕццӕ ис Михметатмӕ, уым скӕсӕнӕрдӕм фӕзылди Таанат-Шиломӕ, стӕй уый чъылдымты хуссарӕрдӕм рахызти Йаноахмӕ. 7Уырдыгӕй ӕрцыди Атаротмӕ ӕмӕ Наарамӕ, бахӕццӕ ис Йерихонмӕ ӕмӕ афтӕмӕй Иорданыл ӕрлӕууыд. 8Таппуахӕй арӕн йӕхи айтыгъта ныгуылӕнӕрдӕм, Канайы тӕрфы уылты, ӕмӕ йӕ кӕрон ӕрлӕууыди Зӕххастӕуы денджызыл. Ахӕм уыдис Ефремы байзӕддаджы фыдӕй-фыртмӕйы исбон мыггаггай. 9Ноджы ма сын Менассиайы байзӕддаджы зӕххыл дихгонд ӕрцыдысты сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ. 10Фӕлӕ Ефремы байзӕддӕгтӕ ханаанӕгты Гезерӕй нӕ фӕсырдтой, ӕмӕ абон дӕр се’хсӕн цӕрынц, ӕрмӕст цагъайрӕгтӕ систы.
Copyright information for
OssIBT2022