‏ Joshua 20

1Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: 2«Израилӕгтӕм зӕгъ, цӕмӕй сӕхицӕн снысан кӕной ӕмбӕхсӕн сахартӕ, кӕддӕр уын уый тыххӕй Моисейӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ. 3Ӕмӕ ӕнӕбары искӕй чи амара, уымӕн уым уыдзӕни тугисӕджы азарӕй йӕ сӕр бафснайыны фадат. 4Цы сахармӕ лидза, уымӕн-иу раздӕр йӕ кулдуары цур ӕрлӕууӕд ӕмӕ сахары хистӕртӕн йӕ хъуыддаг радзурӕд. Уый фӕстӕ-иу ӕй уыдон сахармӕ бауадзӕнт ӕмӕ йын уым цӕрӕнбынат раттӕнт. 5Тугисӕг йӕ фӕдыл фӕдисы куы’рбацӕуа, уӕд ын ӕй йӕ къухмӕ ма раттӕнт, уымӕн ӕмӕ амардта ӕнӕбары, йӕ амӕттаг ын уӕд дӕр ӕмӕ уымӕй размӕ дӕр ӕнӕуынон нӕ уыди. 6Гъемӕ ӕмбӕхсӕн сахары цӕрӕд, цалынмӕ дзыллӕйы тӕрхоны раз ӕрлӕууа кӕнӕ, бӕллӕх цы алчеры заман ӕрцыд, уый амӕла, уӕдмӕ, стӕй-иу, кӕцӕй ралыгъд, уыцы сахармӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхӕд».

7Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕрӕфснайынӕн снысан кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: Галилейы, Неффалимы байзӕддӕгты хӕхбӕсты — Кедеш, Ефремы фӕдонты хӕхбӕсты — Шехем, иудейӕгты хӕхбӕсты та — Кирйат-Арба (ома Хеврон).

8Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм сӕрӕфснайынӕн сбӕрӕг кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: ӕдзӕрӕг быдыры, тъӕпӕны — Бецер (Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй), Галаады — Рамот (Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй) ӕмӕ Башаны — Голан (Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй).

9Рахастой ахӕм уынаффӕ: израилӕгтӕй, йе та се’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи ӕнӕбары искӕй куы амара, уӕд, цалынмӕ дзыллӕйы тӕрхоны раз ӕрлӕууа, уӕдмӕ йын уым туджджынтӕй йӕ сӕр бафснайыны фадат уӕд.
Copyright information for OssIBT2022