Joshua 22
Йешуа сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта скӕсӕйнаг хӕдзарвӕндӕгты
1Уӕд Йешуа фӕсидти Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ ӕмӕ сын загъта: 2«Сымах сӕххӕст кодтат, Дунедарӕджы минӕвар Моисей уын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон. Мӕ бардзырдтыл мын дыууӕ никуы загътат. 3Абоны онг бирӕ бонты дӕргъы уе’фсымӕрты тыхст уавӕры никуы ныууагътат. Сӕххӕст кодтат, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕххӕстгӕнинаг цы уыдис, уыдӕттӕ иууылдӕр. 4Ныр Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе’фсымӕртӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын ӕнцой цард ралӕвар кодта. Гъемӕ уын Дунедарӕджы минӕвар Моисей Иорданы фале исбонӕн цы зӕххытӕ радта, уыдонмӕ аздӕхут. 5Ӕрмӕст уӕхи хъарут, Дунедарӕджы минӕвар Моисей уын цытӕ фӕдзӕхста, уыдӕттӕ ӕмӕ уын цы дин ныууагъта, уый биноныг ӕххӕст кӕныныл. Уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Йӕ амынд фӕндӕгтыл Ын цӕут, Йӕ фӕдзӕхстытыл Ын иузӕрдион ут, уӕхи Йыл ныхасут ӕмӕ Йын зӕрдиагӕй, уӕ уды ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнут». 6Уый фӕстӕ сын Йешуа раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт. 7Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбисӕн Моисей зӕххы хай радта Башаны. Йӕ иннӕ ӕмбисӕн та йын Йешуа зӕххы хай радта Иорданы ацы фарс ныгуылӕнӕрдӕм, иннӕ израилӕгты фарсмӕ. Ӕмӕ сӕ Йешуа Хуыцауы арфӕимӕ сӕ хӕдзӕрттӕм куы’рвыста, 8уӕд сын загъта: «Стыр мулкимӕ здӕхут уӕ хӕдзӕрттӕм, тынг бирӕ фосимӕ, ӕвзистимӕ, сыгъзӕринимӕ, ӕрхуыимӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ, дарӕсы фӕлыстытимӕ. Ӕмӕ уӕ фыдгултӕй цы бирӕ мулк байстат, уый уе’фсымӕртимӕ байуарут».Нывондхӕссӕн Иорданы былгӕрон
9Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны сахар Силомӕй, се’фсымӕр израилӕгты цурӕй, аздӕхтысты Галаадмӕ, сӕ зӕхмӕ, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цы бардзырд радта, уымӕ гӕсгӕ кӕй бацахстой, уырдӕм. 10Ханааны зӕххы, Иорданмӕ хӕстӕг цы Гелилот ис, уымӕ куы’рбахӕццӕ сты, уӕд Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис уыцы ран сарӕзтой егъау нывондхӕссӕн. 11Ӕмӕ уыцы хабар байхъуыст иннӕ израилӕгтӕм: уыдон базыдтой, Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис Ханааны арӕныл, Иорданы раз чи ис, уыцы Гелилоты, израилӕгты’рдыгӕй, нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтой, уый. 12Ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Силомы, цӕмӕй сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуой. 13Фӕлӕ уал израилӕгтӕ Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ арвыстой сауджын Елеазары фырт Пинхасы. 14Йемӕ ацыди дӕс фӕтӕджы, Израилы хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕ, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — иу. 15Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой: 16«Дунедарӕджы дзыллӕ уын уайдзӕф кӕны: Израилы Хуыцауыл гадзрахатӕй цӕмӕн рацыдыстут? Уӕхи Йыл цӕмӕн атигъ кодтат? Уӕхицӕн нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтат, уымӕй Дунедарӕджы ныхмӕ рацыдыстут. 17Пеоры цы тӕригъӕд ракодтат, уый уын фаг нӕу? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕ уый тыххӕй куы баййӕфта ӕфхӕрд! 18Сымах сыстырзӕрдӕ стут Дунедарӕгыл! Абон сыстадыстут Дунедарӕджы ныхмӕ, райсом та Дунедарӕджы фыдӕх баййафдзӕн Израилы ӕппӕт адӕмы. 19Кӕд уӕ зӕххы хай фӕчъизи ис, уӕд рацӕут Дунедарӕджы зӕххы хаймӕ — Йӕ Уаз Цӕрӕн кӕм лӕууы, уырдӕм! Мах цур хай райсут уӕхицӕн, фӕлӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ма цӕут ӕмӕ мах дӕр азымаг ма кӕнут, уӕхицӕн Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕнӕй уӕлдай ӕндӕр нывондхӕссӕн кӕй аразут, уымӕй. 20Зарахы фырт Ахан, ӕлгъыстаг цы уыд, уымӕ куы фӕныхылдта, уӕд иунӕгӕй нӕ сарӕзта йӕ фыдракӕнд? Фӕлӕ иунӕг йӕхӕдӕг нӕ амарди йӕ тӕригъӕды аххосӕй. Хуыцауы фыдӕх баййӕфта Израилы ӕппӕт адӕмы дӕр».Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ куыд бафидыдтой
21Рувимы байзӕддӕгтӕ, Гады байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддаг Израилы хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕн радтой ахӕм дзуапп: 22«Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Хуыцӕутты Хуыцау — Дунедарӕг! Уый йӕ зоны, ӕмӕ йӕ Израилы адӕм дӕр зонӕнт! Кӕд мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацыдыстӕм, стырзӕрдӕ Йыл кӕнӕм, уӕд нӕ тӕккӕ абон Дунедарӕджы фыдӕх баййафӕд! 23Кӕд ӕмӕ мах, нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтам, уымӕй Дунедарӕгыл сыстырзӕрдӕ стӕм, кӕд нӕ нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссыны ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны тыххӕй сарӕзтам, уӕд нын Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕуӕд тӕрхонгӕнӕг! 24Мах нӕ нывондхӕссӕн уый тыххӕй сарӕзтам, цӕмӕй уӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны нӕ байзӕддӕгтӕн ма бауайдзӕф кӕной: „Сымах та цы бар дарут Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ! 25Дунедарӕг мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн, Рувимы ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, арӕнӕн сӕвӕрдта Иордан. Ӕмӕ сымах Дунедарӕджы адӕм не стут!“Афтӕмӕй уӕ байзӕддаджы аххосӕй нӕ байзӕддаг фидӕны бон Дунедарӕгӕн кад нал кодтаиккой. 26Уымӕ гӕсгӕ мах загътам: „Нӕхицӕн нывондхӕссӕн саразӕм, фӕлӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ. 27Уадз ӕмӕ уыцы нывондхӕссӕн махӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр, стӕй нӕ фӕстагӕттӕн дӕр уа ӕцӕг ӕвдисӕн, нӕ иууылсудзинӕгтӕ, нӕ кусӕрттаг нывӕндтӕ ӕмӕ нӕ арфӕтӕй нӕ бон Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн, цӕмӕй уӕ байзӕддӕгтӕ фидӕны нӕ байзӕддӕгтӕн ма бауайдзӕф кӕной, сымах Дунедарӕджы адӕм не стут, зӕгъгӕ“. 28Намӕ нын куы бауайдзӕф кӕной, уӕд сын раттын хъӕудзӕн ахӕм дзуапп: „Уынут Дунедарӕджы нывондхӕссӕны халдих? Уый нӕ фыдӕлтӕ иууылсудзинӕгтӕн ӕмӕ кусӕрттаг нывӕндтӕ хӕссынӕн нӕ сарӕзтой, фӕлӕ мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн ӕвдисӕнӕн“. 29Уымӕн уӕвӕн нӕй, ӕмӕ мах Дунедарӕджы ныхмӕ рацӕуӕм, нӕхи Йыл атигъ кӕнӕм, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, Йӕ Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕй уӕлдай иууылсудзинӕгтӕн, хойраджы хуынтӕн ӕмӕ кусӕрттаг нывӕндтӕн ӕндӕр нывондхӕссӕн саразӕм». 30Сауджын Пинхас ӕмӕ, Израилы дзыллӕйӕ йемӕ чи уыди, уыцы хистӕртӕ — хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕ — Рувимы байзӕддаджы, Гады байзӕддаджы ӕмӕ Менассиайы байзӕддаджы ныхӕстӕм куы байхъуыстой, уӕд бацин кодтой. 31Ӕмӕ Елеазары фырт сауджын Пинхас загъта Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн: «Абон мах базыдтам, Дунедарӕг не’хсӕн кӕй ис, уый. Сымах Дунедарӕджы ныхмӕ кӕй нӕ рацыдыстут, уымӕй Израилы адӕмы бахызтат Йӕ азарӕй». 32Уыцы ныхасы фӕстӕ Елеазары фырт сауджын Пинхас ӕмӕ дзыллӕйы хистӕртӕ Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн хӕрзбон загътой ӕмӕ Галаадӕй ацыдысты, Ханааны зӕхмӕ израилӕгтӕм ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ сын, цы федтой, цы фехъуыстой, уыдӕттӕ рафӕзмыдтой. 33Израилы адӕм дӕр уыцы хабарыл бацин кодтой ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодтой. Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты ныхмӕ схӕцыны фӕнд аивтой ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ гӕныстон кӕнынмӕ нал бавнӕлдтой. 34Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ сӕ нывондхӕссӕн схуыдтой Ед ▼▼Ед — Ӕвдисӕн.
. Загътой: «Ацы нывондхӕссӕн нӕ дыууӕтӕн дӕр у, Дунедарӕг нӕ Хуыцау кӕй у, уый ӕвдисӕн».
Copyright information for
OssIBT2022