Joshua 23
Йешуайы хӕрзбоны ныхас
1Дунедарӕг Израилы йӕ алыварс знӕгтӕй куы сӕдас кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Йешуа хӕрз зӕронд бацис. 2Иуахӕмы фӕсидт Израилы адӕммӕ, сӕ хистӕртӕм, сӕ хицӕуттӕм, сӕ тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ сӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ сын загъта: «Ныр ӕз мӕ тӕккӕ зӕронды кармӕ бахӕццӕ дӕн. 3Сымах иууылдӕр федтат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, амы адӕмтӕн уӕ цӕстыты раз цытӕ бакодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцыди уӕ сӕрыл. 4Гъемӕ уын ӕз халӕппӕрстӕй уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн исбонӕн байуӕрстон, ардыгон адӕмтӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдоны зӕххытӕ, Иорданӕй хурныгуылӕнӕрдӕм — суанг Стыр денджызы онг (уыимӕ, цы адӕмты ныццагътон, уыдоны зӕххытӕ дӕр). 5Уӕ цурӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг фӕсурдзӕни уыцы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кӕндзӕн, ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ уӕхицӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райсдзыстут, йӕ заманы уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. 6Уымӕ гӕсгӕ уӕхи хъарут, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл, мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахизут, мадӕр галиуӕрдӕм. 7Амы адӕмтӕй уе’хсӕн чи баззади, уыдонимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ уӕ ферох уӕнт, уыдоны номӕй ард ма хӕрут, ма сын лӕггад кӕнут, мадӕр сын кувгӕ кӕнут. 8Фӕлтау ӕнувыд ут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ныронг Ыл куыд ӕнувыд уыдыстут, афтӕ. 9Дунедарӕг уын уӕ цурӕй фӕсырдта стыр ӕмӕ домбай адӕмты, ӕмӕ абоны онг уӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару никӕцы адӕммӕ разынд. 10Сымахӕй иу лӕг йӕ хъӕлӕсы ахӕссы мин фыдгулы, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд дзырдта, афтӕ Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс. 11Уымӕ гӕсгӕ цыфӕндыйӕ дӕр уӕхи хъарут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзыныл. 12Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат ӕмӕ, ардыгон адӕмтӕй уе’хсӕн чи баззад, уыдонимӕ куы сӕмдзӕхдон уат, семӕ хӕстӕгиуӕг куы кӕнат ӕмӕ куы схӕццӕ уат, 13уӕд ӕй зонут: Дунедарӕг уын, уӕ Хуыцау, ацы адӕмты нал фӕсурдзӕни уӕ цурӕй, фӕлӕ уын басгуыхдзысты хурхыл ӕвӕрд бӕндӕн ӕмӕ хыз, уӕ фӕрсчытӕ нӕмӕн уис ӕмӕ уӕ цӕстыты ныхсӕг сындз, цалынмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы алӕмӕты зӕхх балӕвар кодта, уымӕй тард не’рцӕуат, уӕдмӕ. 14Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ фӕстаг балц кӕдӕм вӕййы, уырдӕм мын рӕхджы цӕугӕ у. Ӕмӕ уын фӕдзӕхсын, мисхалы бӕрц дӕр ма гуырысхо кӕнут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах тыххӕй цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иунӕг дӕр дзӕгъӕлы нӕ уыд. Иууылдӕр сӕххӕст сты, иунӕг дзырд дӕр дзы ӕнӕ сӕххӕст нӕ баззади. 15Фӕлӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй алкӕцы дӕр куыд сӕххӕст кодта, афтӕ сӕххӕст кӕндзӕн Йӕ алы ӕртхъирӕн ныхас дӕр, цалынмӕ уӕ, цы дзӕбӕх зӕхх уын радта, уырдыгӕй фесафа, уӕдмӕ. 16Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».
Copyright information for
OssIBT2022