‏ Joshua 6

Йерихоны систӕ ныккалдысты

1Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Дӕ къухмӕ дын дӕттын Йерихон йӕ паддзах ӕмӕ йӕ хӕстонтимӕ. 2Хӕстхъом уӕ чидӕриддӕр у, уыдон ӕхсӕз боны дӕргъы сахары алыварс алы бон дӕр иу зылд кӕнӕнт. 3Авд сауджыны фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй. Ӕвдӕм бон та сахары алыварс ӕрзилут авд хатты, ӕмӕ сауджынтӕ сыкъауадындзтӕй уасӕнт. 4Сыкъауадындз куыддӕр ныууаса ӕмӕ йӕ куыддӕр фехъусат, афтӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккӕнӕнт, ӕмӕ сахары систӕ бындзарӕй афӕлдӕхдзысты. Уӕд, сахарыл цы адӕм ӕрхъула кодтой, уыдон мидӕмӕ бабырсӕнт, алчидӕр сӕ, кӕм ис, ууылты».

5Нуны фырт Йешуа фӕсидт сауджынтӕм ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕджы Фидыды Чырын сисут, авд сауджыны та фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй».

6Адӕмӕн та загъта: «Цӕут ӕмӕ сахары алыварс ӕрзилут! Хотыхджынты раззаг къорд Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй цӕуӕд».

7Йешуа адӕмӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой. Фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕг авд сауджыны араст сты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй ӕмӕ уадындзтӕй уасыдысты. Фидыды Чырын та сын хастӕуыди сӕ фӕстӕ. 8Хотыхджынты къорд, уадындзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы сауджынтӕн цыди сӕ разӕй, иннӕ хӕстонтӕ — Фидыды Чырыны фӕдыл. Сауджынтӕ цӕугӕ-цӕуын сыкъауадындзтӕй уасыдысты.

9Йешуа адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Тохы хъӕр ма ныккӕнут, уӕ хъӕлӕс ма райхъуысӕд ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр ма схауӕд. Ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уын мӕхӕдӕг бардзырд ратдзынӕн, тохы хъӕр ныккӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу уӕд ныхъхъӕр кӕнут».

10Афтӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын сахары алыварс иу хатт ӕрзылди, стӕй рӕсӕнуатмӕ раздӕхтысты ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодтой.

11Дыккаг бон та Йешуа сӕумӕрайсом сыстад, ӕмӕ та сауджынтӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын ахастой. 12Авд сауджыны, алкӕмӕн дӕр йӕ сыкъауадындз йӕ къухы, афтӕмӕй, сыкъауадындзтӕй уасгӕйӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй араст сты. Уыдоны разӕй цыдысты гӕрзифтонг хӕстонтӕ, Фидыды Чырыны фӕдыл та, цӕуджытӕн се’ппӕты фӕсте — хӕстонты иннӕ къорд; сыкъауадындзтӕ уасыдысты ӕнӕрӕнцойӕ. 13Дыккаг бон дӕр афтӕ — сахары алыварс иу хатт ӕрзылдысты ӕмӕ рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхтысты.

Афтӕ фӕкодтой ӕхсӕз боны дӕргъы.

14Ӕвдӕм бон та бонивайӕнтыл райдыдтой сахары алыварс зилын, ныронг куыд кодтой, афтӕ, ӕцӕг ацы хатт йӕ алыварс ӕрзылдысты авд хатты. 15Сауджынтӕ ӕвдӕм зылды кӕрон куы ныууасыдысты сӕ уадындзтӕй, уӕд Йешуа адӕмӕн загъта: «Ныхъхъӕр кӕнут! Дунедарӕг уын сахар уӕ къухмӕ радта! 16Ацы сахар хъуамӕ ӕлгъыстаг фӕуа, чидӕриддӕр дзы ис, уыдонимӕ, хъуамӕ бабын уа — Дунедарӕгӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа. Ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Рахав баззайӕд удӕгасӕй — йӕхицӕй дарддӕр ма йӕ хӕдзары чи уа, уыдонимӕ, уымӕн ӕмӕ нын не сгарджыты бамбӕхста. 17Сымах та уӕхи бахизут, ӕлгъыстаг цы дзауматӕ фесты, уыдонӕй, мацы дзы райсут, науӕд ӕлгъыстаг фӕкӕндзыстут израилӕгты рӕсӕнуат, фыдбылыз ыл бафтаудзыстут. 18Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй дзы цы ссарат, уыдон суӕнт Дунедарӕджы уаз хай — ӕфснайд ӕрцӕуӕнт Йӕ хӕдзары хӕзнадоны». 19Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой. 20Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.

21Бӕстӕ чи басгӕрста, уыцы дыууӕ лӕгӕн Йешуа загъта: «Хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ фӕцӕут ӕмӕ, ард куыд бахордтат, афтӕ йӕ сахарӕй йе’ппӕт хӕдзаронтимӕ ракӕнут». 22Уыдон ацыдысты ӕмӕ Рахавы йӕ фыд, йӕ мад, йе’фсымӕртӕ, йӕ хӕстӕджытимӕ сахарӕй ракодтой ӕмӕ сын израилӕгты рӕсӕнуаты ӕдде ӕрбынат кодтой. 23Сахар ӕд ис-бис израилӕгтӕ басыгътой, ӕрмӕст дзы ӕвзистӕй, сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон Дунедарӕджы хӕдзары хӕзнадонмӕ радтой. 24Йешуа хӕтаг сылгоймаг Рахавы ӕд бинонтӕ ӕмӕ хӕдзаронтӕ, йе’ппӕт хӕстӕджытимӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта, ӕмӕ сӕ мыггаг ныр дӕр ма цӕры израилӕгты’хсӕн, уымӕн ӕмӕ Рахав уымӕй размӕ бамбӕхста, Йешуа Йерихонмӕ кӕй барвыста, уыцы сгарджыты.

25Уыцы рӕстӕг Йешуа ард бахордта: «Дунедарӕджы ӕлгъыст баййафдзӕн, Йерихоны сахар ногӕй саразынмӕ чи бавнала, уый. Сахарӕн бындур куы ӕрӕвӕра, уӕд бабын уыдзӕн йӕ зӕнӕджы хистӕр, кулдуар ын куы сараза, уӕд та — йӕ зӕнӕджы кӕстӕр».

26Ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йешуайыл, ӕмӕ Йешуайы ном айхъуыст ӕгас бӕстыл.
Copyright information for OssIBT2022