‏ Joshua 7

Аханы тӕригъӕд ӕмӕ йӕ бафхӕрд

1Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм.

2Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут».

Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты.
3Йешуамӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Ӕппӕт адӕмы уырдӕм цӕуыны сӕр ницӕмӕн хъӕуы. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы куы ацӕуа, уӕддӕр ӕгъгъӕд уыдзӕни Гайы сахар басӕттынӕн. Бирӕ не сты гайӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ма бафтау фыдӕбоныл».

4Израилӕгтӕй уырдӕм ацыди ӕртӕ мин лӕджы бӕрц, фӕлӕ сӕ Гайы цӕрджытӕ фӕстӕмӕ лидзӕг фӕкодтой. 5Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой.

Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.
6Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.

7Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам! 8О Бардарӕг! Ныр цы хъуамӕ зӕгъон, израилӕгтӕ сӕ фыдгулты разӕй лидзӕг куы фесты, уӕд? 9Ханаанӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕ ацы хабар фехъусдзысты ӕмӕ ныл ӕрхъула кӕндзысты, нӕ кой дӕр нын нал ныууадздзысты зӕххыл. Ӕмӕ уӕд Дӕ кадджын ном цӕсты бафтынӕй куыд бахиздзынӕ?»

10«Уӕлӕмӕ сыст, — загъта Дунедарӕг Йешуайӕн, — цы ныддӕлгом дӕ зӕххыл? 11Израилӕгтӕ тӕригъӕды бацыдысты, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой. Ӕлгъыстаг цы у, уымӕй райстой, басусӕг ӕй кодтой ӕмӕ йӕ сӕ дзаумӕтты’хсӕн бамбӕхстой. 12Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ бон нӕ баци фыдгулты ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ лидзӕг фесты знӕгтӕй. Ныр сӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фесты. Ӕлгъыстаг цы у, уый уе’хсӕнӕй куынӕ фесафат, уӕд амӕй фӕстӕмӕ Ӕз нал уыдзынӕн уемӕ.

13Сыст ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕн! Зӕгъ сын, райсомы бонмӕ, зӕгъ, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: израилӕгтӕ, уе’хсӕн ис ӕлгъыстаг дзауматӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ нӕ фервӕзат, уӕдмӕ уӕ бон фыдгулты ныхмӕ лӕууын нӕ бауыдзӕн. 14Райсом Мӕм, зӕгъ, хӕдзарвӕндаггай ӕрбацӕут. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы хӕдзарвӕндаг ӕрбалӕууӕд мыггаггай. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы мыггаг ӕрбалӕууӕд хӕдзаргай. Дунедарӕг кӕмӕ бацамона, уыцы бинонтӕ ӕрбалӕууӕнт иугай. 15Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».

16Йешуа сӕумӕйӕ Израилы адӕмӕн бардзырд радта, хӕдзарвӕндаггай куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Иудӕйы хӕдзарвӕндагмӕ. 17Уый фӕстӕ Иудӕйы мыггӕгтӕн бардзырд радта, ӕрбалӕуут, зӕгъгӕ, ӕмӕ бацамындӕуыд Зарахы мыггагмӕ. Зарахы мыггагӕн загъта, хӕдзаргай йӕм куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Завдийы бинонтӕм. 18Бинонтӕн загъта, иугай йӕм куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Зарахы байзӕддаг Завдийы фырт Кармийы фырт Аханмӕ. 19Йешуа загъта Аханӕн:

— Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.

20Ахан дзуапп радта Йешуайӕн:

— Ӕцӕг у уый, ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз. Мӕнӕ цы бакодтон:
21цы ӕфтиаг райстам, уый ӕхсӕн федтон шинараг пӕлӕз — ӕвӕджиауы рӕсугъд, стӕй дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы бӕрц та сыгъзӕрины къӕртт. Тынг сӕм бацыбӕл дӕн ӕмӕ сӕ райстон. Ныр ӕмбӕхст сты мӕ цатыры, зӕххы бын; ӕппӕты бынӕй — ӕвзист.

22Уӕд Йешуа адӕмы арвыста, ӕмӕ Аханы цатырмӕ азгъордтой. Ахан цытӕ ранымадта, уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ цатыры ӕмбӕхст разындысты, ӕвзист уыди ӕппӕты бынӕй. 23Ӕрвыст лӕгтӕ сӕ Йешуа ӕмӕ Израилы дзыллӕйы размӕ ӕрбахастой ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕрӕвӕрдтой.

24Йешуа ӕмӕ Израилы дзыллӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Зарахы фырт Аханы ӕд ӕвзист, ӕд дарӕс, ӕд сыгъзӕрины къӕртт, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытимӕ, йӕ галтӕ ӕмӕ йӕ хӕрджытимӕ, йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йӕ цатыримӕ, йе’ппӕт исбонимӕ Ахоры дӕлвӕзмӕ акодтой. 25Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой. 26Сӕ уӕлӕ сын дурты кӕри самадтой.

Ууыл Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыди. Уыцы бынат та абон дӕр ма хуыйны «Ахоры дӕлвӕз».
Copyright information for OssIBT2022