‏ Joshua 8

Израилӕгтӕ Гайы сахар куыд басастой

1Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мацӕмӕй тӕрс ӕмӕ мацӕуыл тыхс! Хӕстхъом адӕмы се’ппӕты дӕр демӕ рахон ӕмӕ Гаймӕ фӕцу. Дӕ къухы дын бакӕндзынӕн Гайы паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы ӕд сахар ӕмӕ ӕд зӕххытӕ. 2Йерихонӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн цы ми бакодтай, Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр уыцы ми бакӕн. Ӕрмӕст-иу ацы хатт уе’фтиаг ӕд фос уӕхи фӕуӕд. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ бабад».

3Йешуа йе’фсадимӕ Гайы сахары’рдӕм араст. Равзӕрста дӕс ӕмӕ ссӕдз мин ӕхсарджыны ӕмӕ сӕ ӕхсӕвыгон разӕй арвыста. 4Загъта сын: «Бабадут сахары чъылдыммӕ. Сахары цурӕй дард ма ацӕут, уе’ппӕт дӕр уӕхи цӕттӕ дарут. 5Ӕз та ӕгас ӕфсадимӕ баввахс уыдзынӕн сахармӕ. Гайы цӕрджытӕ та амӕй размӕйы хуызӕн нӕ ныхмӕ куы ралӕууой, уӕд лидзӕг фӕуыдзыстӕм. 6Фӕсте нӕ расурдзысты, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сахарӕй ӕддӕмӕ расайдзыстӕм: афтӕ банхъӕлдзысты, ногӕй та фӕлидзӕг сты, зӕгъгӕ, 7ӕмӕ-иу уӕд сымах уе’мбӕхсӕн бынатӕй рахизут ӕмӕ сахармӕ бабырсут — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕй уӕ къухтӕм ратдзӕн. 8Сахар куы байсат, уӕд-иу ыл, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ арт бандзарут. Уый уын мӕ бардзырд».

9Афтӕмӕй сӕ арвыста Йешуа ӕмӕ ӕрӕмбӕхстысты Вефилӕй Гайы’хсӕн, сахарӕн йӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй фарс. Йешуа та бахсӕвиуат кодта йе’фсады иннӕ хаимӕ. 10Райсомӕй раджы Йешуа йӕ адӕммӕ ӕркаст ӕмӕ сӕ Израилы хистӕртимӕ Гайы’рдӕм акодта. 11Йемӕ цы хӕстонтӕ уыди, уыдон иууылдӕр сахармӕ ӕрбахӕстӕг сты. 12Гайы цӕгатварс рӕсӕнуат скодтой, сахарӕй се’хсӕн уыди дӕлвӕз.

Фондз мин лӕджы бӕрц асадӕны равӕрдта Вефилӕй Гайы ӕхсӕн, сахары ныгуылӕнварс.
13Ӕфсад лӕууыдысты афтӕ: сӕйраг хӕйттӕ — сахары цӕгатварс, иу къорд та — ныгуылӕнӕрдыгӕй.

Ӕхсӕвы Йешуа йӕхи дӕлвӕзмӕ ныййиста.
14Гайы паддзах сӕ куыддӕр федта, афтӕ йе’ппӕт адӕмимӕ сӕумӕраджы Иорданы тӕрфырдӕм фахсмӕ ралӕбурдта израилӕгтимӕ схӕцынмӕ. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ исчи бабадти, уый нӕ зыдта. 15Йешуа ӕмӕ йе’фсад, цыма саст ӕрцыдысты, уыйау сӕ разӕй ӕфсоны лыгъд акодтой ӕдзӕрӕг быдыры’рдӕм. 16Гайы цӕрджытӕм се’ппӕтмӕ дӕр фӕсидтӕуыд, цӕмӕй фӕдисӕттимӕ баиу уой ӕмӕ Йешуайы баййафой. Йешуайы ӕфсад сӕ йӕ фӕдыл сахарӕй дӕрддзӕф расайдта. 17Иунӕг лӕг дӕр нал баззад нӕдӕр Гайы, нӕдӕр Вефилы — иууылдӕр израилӕгты фӕдыл агуылф кодтой, сахары кулдуар та дзӕгъӕл ныууагътой.

18Уӕд Дунедарӕг загъта Йешуайӕн: «Де’хсаргардӕй Гайы’рдӕм ацамон, сахар дын дӕ къухтӕм дӕттын».

Йешуа йе’хсаргард сахары’рдӕм куы фӕцарӕзта,
19уӕд ӕмбӕхст хӕстонтӕ сӕ бынатӕй фӕгӕппытӕ ластой, сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой. Уайтагъд ыл арт бандзӕрстой. 20 21Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм.

Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой.
22Сахар чи бацахста, уыдон дӕр сӕм фӕстӕты ралӕбурдтой, ӕмӕ гайӕгтӕ цъысымы бахаудысты. Ахӕм цагъд сын ныккодтой израилӕгтӕ, ӕмӕ дзы иу дӕр ӕгасӕй нал баззад, иуӕн дӕр дзы алидзын нӕ бантыст. 23Гайы паддзахы та удӕгасӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Йешуайы размӕ ӕрбакодтой.

24Гайы фӕдисӕттӕ израилӕгты кӕдӕм фӕцӕйсырдтой, уыцы ӕдзӕрӕг быдыры сӕхӕдӕг карды амӕттаг куы баисты фӕстаджы онг, уӕд израилӕгтӕ иууылдӕр разылдысты Гаймӕ ӕмӕ дзы чи баззад, уыдоны дӕр бындзагъд ныккодтой кардӕй. 25Уыцы бон Гайы адӕмӕй — дыууадӕс мин цӕрӕгӕй — иу дӕр сӕрӕгасӕй нал баззад, иууылдӕр карды амӕттаг баисты нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. 26Цалынмӕ сӕ Дунедарӕджы номыл бынтондӕр нӕ бабын кодта, уӕдмӕ Гайы’рдӕм амыдта Йешуа йе’хсаргардӕй.

27Израилӕгтӕ сахарӕн ӕрмӕст йӕ фос ӕмӕ исбон бакодтой сӕхи, Йешуайӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 28Гайы сахар та Йешуа арты хай бакодта, ӕнустӕм ӕй хъӕууатӕй ныууагъта.

29Гайы паддзахы ӕрцауындзын кодта бӕласыл ӕмӕ изӕрдалынгтӕм ауыгъдӕй фӕлӕууыд. Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ марды бӕласӕй ӕристой ӕмӕ йӕ сахары кулдуармӕ аппӕрстой, стӕй йыл дурты стыр цӕнд самадтой. Цӕнд абон дӕр ма лӕууы.

Нуны фырт Йешуа кӕсы Ӕгъдауы чиныг

30Уый фӕстӕ Йешуа Эвалы хохыл Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сарӕзта нывондхӕссӕн. 31Сарӕзта йӕ, Дунедарӕджы цагъар Моисей израилӕгтӕн куыд бацамыдта ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ: ӕфсӕйнаг кусӕнгарзӕй кӕмӕ нӕ бавнӕлдӕуыд, ахӕм дуртӕй. Дунедарӕгӕн ыл ӕрхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. 32Уыцы ран Йешуа ӕндӕр дуртыл ӕппӕт израилӕгты раз ногӕй ныффыста Моисейы Ӕгъдауы чиныг. 33Адӕм иууылдӕр — бындурон цӕрӕг израилӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ Израилы хистӕртимӕ, чапартимӕ, тӕрхонгӕнджытимӕ — лӕууыдысты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны фӕйнӕфарс, Левийы байзӕддӕгты, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынты акомкоммӕ. Адӕмы иу ӕмбис лӕууыди Геризимы хохы фахсыл, иннӕ ӕмбис та — Эвалы хохы фахсыл. Израилы адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕнын бафӕдзӕхста йӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей. 34Стӕй Йешуа хъӕрӕй бакаст Ӕгъдауы чиныг ӕнӕхъӕнӕй, арфӕтӕ ӕмӕ ӕлгъыстытӕ, куыддӕриддӕр фыст ӕрцыдысты, афтӕ. 35Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.
Copyright information for OssIBT2022