‏ Joshua 9

Гивоны цӕрджытӕ сӕ хинӕйдзаг зонды фӕрцы фервӕзтысты

1Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм хӕхбӕсты, Шефелайы ӕмӕ Стыр денджызы ӕппӕт былгӕрӕтты, суанг Ливаны онг — хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты паддзӕхтӕм — Израилы адӕмы уӕлахизты кой куы байхъуыст, 2уӕд сӕ тыхтӕ баиу кодтой Йешуа ӕмӕ Израилы ныхмӕ ӕмвӕндӕй схӕцынмӕ.

3Фӕлӕ Йешуа Йерихонӕн ӕмӕ Гайӕн цы бакодта, уый куы фехъуыстой хивваг сахар Гивоны цӕрджытӕ, 4уӕд ыл хинӕй рацӕуынвӕнд скодтой. Цалдӕрӕй бавдӕлдысты ӕмӕ фӕндагмӕ хойраг ӕрцӕттӕ кодтой, сӕ хӕрджытыл сӕвӕрдтой лӕзӕрд голджытӕ ӕмӕ сӕны лалымты хӕррӕгътӕ — скъуыдтӕ ӕмӕ ӕмпъызтытӕ. 5Сӕ къахыдарӕс дӕр уыди ихсыд, ӕмпъызтытӕ, сӕ фӕлыст дӕр бызгъуыр. Сӕ фӕндаггаг къӕбӕр ныххус ӕмӕ згъӕлди. 6Йешуамӕ ӕрбацыдысты Гилгалы рӕсӕнуатмӕ ӕмӕ йын Израилы адӕмы раз загътой: «Дард бӕстӕй уӕм курӕг ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй немӕ саразат сабырдзинады бадзырд». 7Израилӕгтӕ хиввӕгтӕн загътой: «Куыд хъуамӕ саразӕм уемӕ бадзырд? Уӕд та, мыййаг, нӕ зӕххыл цӕрут?
Кӕс: Фӕл 20:10—18.
»

8Хиввӕгтӕ Йешуайӕн дзуапп радтой: «Мах дӕ цагъартӕ стӕм».

Йешуа сӕ бафарста: «Чи стут ӕмӕ ардӕм кӕцӕй ӕрбафтыдыстут?»

9Хиввӕгтӕ йын загътой: «Тынг дард бӕстӕй ӕрбацыдысты дӕ цагъартӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кой, Мысыры цыдӕриддӕр бакодта, 10стӕй Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕн — Хешбоны паддзах Сигонӕн ӕмӕ, Аштароты чи царди, Башаны уыцы паддзах Огӕн — цытӕ бакодта, уыдӕттӕ. 11Нӕ хистӕртӕ ӕмӕ нын нӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр загътой, зӕгъгӕ, фӕндаггаг хӕлц райсут ӕмӕ сӕм фӕцӕут, зӕгъут сын: мах уӕ цагъартӕ стӕм, ӕмӕ немӕ бадзырд саразут. 12Куы уӕм рараст стӕм, уӕд ацы дзул немӕ хъармӕй рахастам, ныр ӕй мӕнӕ уынут: ныххус ӕмӕ згъӕлы. 13Ацы лалымты сӕн куы ныккодтам, уӕд ног уыдысты, ныр мӕнӕ ныскъуыдтӕ сты. Нӕ фӕлыст ӕмӕ нӕ къахыдарӕс дӕр дард фӕндагыл баихсыдысты».

14Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой. 15Йешуа хиввӕгтимӕ бафидыдта, зӕрдӕ сын бавӕрдта, сӕрӕгасӕй уӕ ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ ард бахордтой, сӕ фидыд кӕй нӕ фехалдзысты, ууыл.

16Семӕ бафидауынӕй ӕртӕ боны фӕстӕдӕр израилӕгтӕ фехъуыстой, уыдон сӕ сыхӕгтӕ кӕй сты ӕмӕ сын сӕ зӕххыл кӕй цӕрынц. 17Уӕд израилӕгтӕ абалц кодтой ӕмӕ сын ӕртыккаг бон сӕ сахартӕм бахӕццӕ сты. Сӕ сахартӕ та уыдысты Гивон, Кефира, Беерот ӕмӕ Кирйат-Иарим. 18Фӕлӕ сӕ израилӕгтӕ нӕ ныццагътой, уымӕн ӕмӕ сын адӕмы хицӕуттӕ ард бахордтой Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй. Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕм иууылдӕр хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой хицӕуттыл. 19Уыдон адӕмӕн дзуапп радтой: «Мах сын ард бахордтам Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, ӕмӕ сӕ ныр нӕ бон бахъыгдарын нал у. 20Афтӕ сын бакӕнӕм: сӕрӕгасӕй сӕ ныууадзӕм, науӕд нӕ ард куы фӕсайӕм, уӕд нӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн. 21Уадз ӕмӕ цӕрӕнт, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ суг сӕттӕнт ӕмӕ дон хӕссӕнт ӕгас дзыллӕйӕн». Ӕмӕ адӕм сӕ хицӕуттимӕ сразы сты.

22Йешуа фӕсидт гивонӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Нӕ зӕххыл куы цӕрут, уӕд нӕ цӕмӕн асайдтат, сымахӕй тынг дард цӕрӕм, зӕгъгӕ? 23Ӕлгъыст стут уый тыххӕй! Уӕ фӕды-фӕдмӕ уыдзыстут цагъартӕ, суг сӕтдзыстут ӕмӕ дон хӕсдзыстут мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн!» 24Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам. 25Ныр мӕнӕ дӕ къухы стӕм, ӕмӕ дӕм хуыздӕр ӕмӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ нын бакӕн». 26Ӕмӕ Йешуа Израилы адӕмы нӕ бауагъта гивонӕгтӕм сӕ къух сисын. 27Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.
Copyright information for OssIBT2022