Иудӕ ном тынг арӕх ӕмбӕлди уыцы рӕстӕджы, фӕлӕ ацы фыстӕджы автор уыдис Йерусалимы чырыстон ӕхсӕнады разамонӕг Йаковы кӕстӕр ӕфсымӕр. Уыдон уыдысты Йесо Чырыстийы хӕрз хӕстӕджытӕ. Йӕ фыстӕджы Иудӕ рагацау фӕдзӕхсы, чырыстон ӕхсӕнӕдты Чырыстийы ахуырад зыгъуыммӕгӕнӕг чи уыд ӕмӕ ӕнӕгъдауӕй чи цард, уыцы мӕнгахуыргӕнджыты тыххӕй. Уый хаты чырыстӕттӕм, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уой ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрой. Иудӕйы фыстӕгӕн йӕ текст хӕстӕг лӕууы Петры дыккаг фыстӕгмӕ. Йӕ фыстӕг сӕ раздӕр чи ныффыста, уый зын зӕгъӕн у. Чи зоны ӕмӕ дыууӕ авторы дӕр, сӕ фыстӕджытӕ фысгӕйӕ, пайда кодтой уыцы иу ӕрмӕгӕй. Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Иудӕ дӕр, Петры хуызӕн, хатгай дӕнцӕгӕн хаста, Библимӕ чи нӕ бахаудис, фӕлӕ уӕды рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгты ӕхсӕн зындгонд ӕмӕ кадджын цы чингуытӕ уыдысты (апокрифтӕ), уыдонӕй ист ныхӕстӕ. Jude
1Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕйӕ, Йаковы ӕфсымӕрӕй, — Фыд Хуыцауӕн уарзон ӕмӕ, Йесо Чырысти кӕй хъахъхъӕны, уыцы ӕвзӕрстытӕм. a 2Хуыцау уын ноджы фылдӕр бахай кӕнӕд Йӕ хорзӕхӕй, Йӕ фарн ӕмӕ уарзтӕй.Фыстӕгӕн йӕ ныхасы сӕр
3Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд мӕ зӕрдиагӕй фӕндыди сымахмӕ нӕ иумӕйаг ирвӕзындзинады тыххӕй ныффыссын, уӕддӕр ӕнӕмӕнг бакӕнинагыл банымадтон сымахмӕ ныффыссын, сыгъдӕджытӕн иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ лӕвӕрд цы уырнындзинад ӕрцыди, мӕ фыстӕг уӕ ууыл тохмӕ куыд сразӕнгард кӕна, афтӕ. b 4Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй. cӔнӕхуыцӕутты сӕфты тыххӕй рагагъоммӕ ныхас
5Кӕд сымахӕн зындгонд у, уӕддӕр мӕ фӕнды уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнын: Дунедарӕг Йӕ адӕмы Мысыры зӕххӕй куы раирвӕзын кодта, уӕд уый фӕстӕ фесӕфта, чи Йыл нӕ баууӕндыд, уыдоны. 6Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары. d 7Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай сахартӕ дӕр кӕй хаттысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты кӕй судзынц, уый алкӕмӕн дӕр у зонды хос. e 8Афтӕ уыцы сӕнттӕцӕгъдджытӕ дӕр: ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар, Хуыцауы бартӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ уӕларвон тыхты ныхмӕ дзурынц. 9Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!» 10Адон та фауынц, цы нӕ зонынц, уый. Се’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, ӕнӕзонд цӕрӕгойтау, цы зонынц, уымӕй сӕхи сафынц. f 11Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц. g 12Ахӕмтӕ уӕ уарзты ӕхсӕвӕрты сты дӕлденджызон къуыбыртау, — ӕнӕфсармӕй цӕл кӕнынц уемӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл мӕт кӕнынц; уыдон сты, дымгӕ кӕй хӕссы, ахӕм ӕнӕкъӕвда мигътӕ, бындзарӕй кӕй срӕдывдӕуыд ӕмӕ дыууӕ марды чи акодта, ахӕм ӕнӕдыргъ фӕззыгон бӕлӕстӕ. h 13Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау. 14Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Енох дӕр — Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй: «Мӕнӕ фӕцӕуы Дунедарӕг Йе’нӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ i, 15цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ». j 16Уыдон сты хъуырхъуыргӕнджытӕ, райгонд ницӕмӕй сты, цӕрынц сӕ монцтӕм гӕсгӕ, ӕмхиц сты хиппӕлой ныхӕстӕ ӕмӕ козбау митӕм сӕхи пайдайы сӕраппонд. k 17Фӕлӕ сымахӕй, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рох ма уӕд, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы апостолтӕ рагагъоммӕ цы загътой, уый. 18Уыдон уын дзырдтой, зӕгъгӕ, рӕстӕджы кӕрон фӕзындзысты, сӕ ӕнӕхуыцау монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. l 19Уыдон фӕхицӕнтӕ кӕнынц уырнджыты, кӕсынц сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ, Сыгъдӕг Уд сӕм нӕй. mКӕронбӕттӕн
20Сымах та, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рӕзут уӕ сыгъдӕг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, n 21фидар хӕцут Хуыцауы уарзтыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ, мыггагмӕйы цардӕй куыд схайджын уат, афтӕ. 22Иутӕм, дызӕрдыггӕнджытӕм, кӕсут зӕрдӕхӕларӕй, 23иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ. o 24Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у, 25Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы мах Чи фервӕзын кодта, уыцы иунӕг Хуыцауӕн уӕд кад ӕмӕ стырад, паддзахад ӕмӕ хъомыс — ӕнусты размӕ, ныр ӕмӕ ӕнустӕм! Аммен.
Copyright information for
OssIBT2022