Judges 1
1Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?» 2Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕйы байзӕддӕгтӕ. Ӕз сын ацы зӕхх сӕ къухмӕ дӕттын». 3– 4Уӕд Иудӕйы фӕдонтӕ се’фсымӕртӕн, Симеоны байзӕддӕгтӕн, загътой: «Цомут немӕ, нӕ зӕххы хай байсынмӕ нын баххуыс кӕнут, ханаанӕгты ныхмӕ немӕ хӕстмӕ рацӕут. Мах дӕр уемӕ ацӕудзыстӕм уӕ зӕххы хай байсынмӕ». Ӕмӕ Симеоны байзӕддӕгтӕ ацыдысты семӕ. Иудӕйы фӕдонтӕ араст сты балцы. Дунедарӕг сын радта уӕлахиз, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты басастой, Безекы сахары дӕс мин лӕджы амардтой. 5Адони-Безекыл сахары сӕмбӕлдысты ӕмӕ йемӕ схӕцыдысты, ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгты ныддӕрӕн кодтой. 6Адони-Безек алыгъди, фӕлӕ йӕ фӕсте асырдтой, ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ ныллыг кодтой. 7Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди. 8Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Йерусалиммӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой, сахар та басыгътой. 9Уый фӕстӕ хӕхты, Негев ӕмӕ Шефелайы чи цард, уыцы ханаанӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ ацыдысты. 10Хевроны цӕрӕг ханаанӕгтӕм бабырстой (раздӕр Хеврон Кирйат-Арба хуынди) ӕмӕ амардтой Шешай, Ахиман ӕмӕ Талмайы. 11Уырдыгӕй ацыдысты Девиры ныхмӕ хӕцынмӕ. Девир раздӕр хуынди Кирйат-Сефер. 12Калев загъта: «Кирйат-Сефермӕ чи бабырса ӕмӕ йӕ чи бацахса, уымӕн мӕ чызг Ахсайы ратдзынӕн». 13Сахар бацахста Гофниел, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы фырт, ӕмӕ йын Калев йӕ чызг Ахсайы радта. 14Йӕ ацыды размӕ Ахса Гофниелӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ фыдӕй зӕххы хай ракура. Чызг куыддӕр хӕрӕгӕй ӕрхызт, афтӕ йӕ Калев бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» 15Уый загъта: «Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, Негевы мын зӕххы хай радтай, ӕмӕ мын ӕххӕст донгуырӕнтӕ дӕр ратт». Ӕмӕ йын Калев уӕллаг ӕмӕ дӕллаг донгуырӕнтӕ радта. 16Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ▼▼Пальмӕты сахарӕй — ома Йерихонӕй.
ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы’хсӕн ӕрцардысты. 17Иудӕйы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Симеоны фӕдонтӕ, Цефаты цы ханаанӕгтӕ царди, уыдоны ныхмӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныццагътой. Сахар ӕлгъыстаг фӕкодтой ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой. Уӕдӕй нырмӕ сахары ном хуыйны Хорма. 18Иудӕ бацахста Газӕ ӕмӕ, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон, стӕй Ашкелон, Екрон ӕмӕ сӕ алфамбылай зӕххытӕ. 19Дунедарӕг уыди Иудӕйы фарс, ӕмӕ хӕхты цӕрӕг адӕмтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ дӕлвӕзы чи цард, уыдоны нӕ басастой, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди ӕфсӕн уӕрдӕттӕ. 20Калевӕн радтой Хеврон, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ йӕ Анакы ӕртӕ байзӕддагӕй байста. 21Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц. 22Йосефы фӕдонтӕ Вефилмӕ хӕстмӕ ацыдысты. Дунедарӕг уыди семӕ. 23Йосефы байзӕддӕгтӕ Вефилы сахармӕ дардӕй сӕ цӕст дардтой. Уыцы сахар раздӕр Луз хуынди. 24Иу лӕджы дзы рацӕугӕ куы федтой, уӕд ын загътой: «Сахармӕ кӕуылты бахизӕм, уый нын бацамон, ӕмӕ дын дӕ хорз хорзӕй бафиддзыстӕм». 25Лӕг сын, кӕуылты бахъуызой, уый бацамыдта, ӕмӕ сахар ныддӕрӕн кодтой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой. Уыцы лӕджы та йе’ппӕт мыггагимӕ ауагътой. 26Уый ацыди хеттӕгты зӕхмӕ ӕмӕ уым сахар сарӕзта, схуыдта йӕ Луз. Уыцы сахар абоны онг дӕр афтӕ хуыйны. 27Менассиайы байзӕддӕгтӕ Бет-Шеан, Таанах, Дор, Ивлеам ӕмӕ Мегиддо, стӕй сӕ алыварс цы хъӕутӕ уыди, уыдон нӕ бацахстой. Ханаанӕгтӕ уыцы хъӕуты цӕргӕйӕ баззадысты. 28Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ, куы фӕтыхджындӕр сты, уӕд ханаанӕгтӕй хъалон исын райдыдтой, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ зӕххытӕ нӕ бацахстой. 29Ефремы фӕдонтӕ нӕ фӕуӕлахиз сты Гезеры цӕрӕг ханаанӕгтыл. Ханаанӕгтӕ Гезеры, Ефремы зӕххы хайыл, цӕргӕйӕ баззадысты. 30Зевулоны байзӕддӕгтӕ Китрон ӕмӕ Нахалолы сахартӕ нӕ басастой. Ханаанӕгтӕ Зевулоны зӕххы хайыл цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ сын хъалон фыстой. 31Асиры байзӕддӕгтӕ Ако, Сидон, Ахлав, Ахзив, Хелба, Афик ӕмӕ Реховы цӕрджытыл нӕ фӕуӕлахиз сты. 32Асиры фӕдонтӕ уыцы бӕстӕйы ханаанӕгты’хсӕн ӕрцардысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ басастой. 33Неффалимы байзӕддӕгтӕ дӕр Бет-Шемеш ӕмӕ Бет-Анаты сахартӕ нӕ бацахстой ӕмӕ, уыцы ран цы ханаанӕгтӕ цардис, уыдоны’хсӕн ӕрцардысты. Фӕлӕ сын Бет-Шемеш ӕмӕ Бет-Анаты цӕрджытӕ хъалон фыстой. 34Даны фӕдонты аморӕгтӕ хӕхты’рдӕм ассӕстой ӕмӕ сӕ дӕлвӕзмӕ ӕрцӕуын нӕ уагътой, Данӕн та йӕ зӕххы хай дӕлвӕзы уыди. 35Аморӕгтӕ Хар-Херес, Айалон ӕмӕ Шаалвимы цӕргӕйӕ баззадысты, фӕлӕ Йосефы байзӕддӕгтӕ, куы стыхджын сты, уӕд аморӕгтӕй хъалон исын райдыдтой. 36Аморӕгты зӕххытӕ аххӕссыдысты Акрабимы къуыбыр ӕмӕ Селайӕ дарддӕр.
Copyright information for
OssIBT2022