‏ Judges 10

1Авимелехы фӕстӕ Израилы ирвӕзынгӕнӕг сси Додойы фырты фырт, Пуайы фырт Тола, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй. Уый царди Шамиры, Ефремы хӕхты. 2Ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы Тола уыдис Израилы фӕтӕг. Куы амарди, уӕд ӕй Шамиры баныгӕдтой.

3Толайы фӕстӕ дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы Израилы фӕтӕг уыди галаадаг Иаир. 4Уыдис ын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты, алкӕмӕ дӕр дзы уыди хӕрӕг, уыди сӕм дӕс ӕмӕ ссӕдз хъӕуы. Абоны онг уыцы хъӕутӕ сты Галаады ӕмӕ сӕ хонынц Иаиры хъӕутӕ. 5Иаир куы амарди, уӕд ӕй Камоны баныгӕдтой.

6Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой. 7Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта. 8Уыдон сӕ ссӕстой ӕмӕ сӕ хурхӕй мардтой. Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕй Иорданы фале, Галаады, аморӕгты зӕххыл чи царди, уыдоны уӕлӕмӕ скӕсын дӕр нал суагътой.

9Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты, 10ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой: «Тӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы! Нӕ Хуыцауы ныууагътам ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кӕнын райдыдтам!» 11Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, 12сидойнӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Маоны цӕрджытӕ. Куыддӕр-иу Мӕм сдзынӕзтат, афтӕ-иу уӕ Ӕз алкӕддӕр фервӕзын кодтон. 13Фӕлӕ та-иу Мӕ сымах ныууагътат ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтат. Уый тыххӕй уӕ Ӕз дӕр нал ирвӕзын кӕндзынӕн. 14Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!» 15Израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн загътой: «Тӕригъӕд ракодтам. Цы Дӕ фӕнды, уый нын сараз, ӕрмӕст нӕ ныр фервӕзын кӕн». 16Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.

17Аммонӕгтӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады рӕсӕнуат скодтой. Израилӕгты рӕсӕнуат та уыди Мицпамӕ хӕстӕг. 18Галаады хицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕна, уый Галаады хицау суыдзӕнис».
Copyright information for OssIBT2022