‏ Judges 11

Йеффай

1Галаадаг Йеффай уыди домбай хӕстон. Йӕ фыд — Галаад, йӕ ныййарӕг мад — хӕтаг сылгоймаг. 2Галаадӕн ма йӕ бинойнаг ӕндӕр фырттӕ дӕр ныййардта, ӕмӕ уыдон куы байрӕзтысты, уӕд Йеффайы сӕ хӕдзарӕй ратардтой ӕмӕ йын загътой: «Ды нӕ фыды бынтӕй ницы айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр мадӕй гуырд дӕ». 3Йеффай йе’фсымӕртӕй алыгъд ӕмӕ Товы бӕстӕйы ӕрцарди. Уым ыл алы дзӕгъӕлдзутӕ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ иумӕ адӕмы стыгътой.

4Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ израилӕгтӕм аммонӕгтӕ ӕрбабырстой. 5Аммонӕгтӕ Израилы ныхмӕ куы схӕцыдысты, уӕд Галаады хистӕртӕ Йеффаймӕ Товы бӕстӕм ацыдысты 6ӕмӕ йын загътой: «Раздӕх ӕмӕ у нӕ фӕтӕг, аммонӕгты ныхмӕ нӕ хӕстмӕ акӕн». 7Йеффай Галаады хистӕртӕн дзуапп радта: «Раздӕр уын ӕнӕуынон куы уыдтӕн, мӕ фыды хӕдзарӕй мӕ куы ратардтат. Ныр фыдбылызы куы бахаудыстут, уӕд та мӕ ӕрцагуырдтат». 8Галаады хистӕртӕ йын загътой: «Мах дӕм ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй нӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕнай. Ды суыдзынӕ нӕ паддзах, ӕгас Галаады паддзах». 9Йеффай загъта: «Хорз, ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ уӕ аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ акӕндзынӕн. Ӕмӕ мын кӕд Дунедарӕг уӕлахиз ратта, уӕд уӕ паддзах суыдзынӕн». 10Галаады хистӕртӕ расомы кодтой: «Дунедарӕг не’вдисӕн! Ард дын хӕрӕм, мах нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм».

11Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.

12Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм фарстимӕ: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй? Мӕ зӕхмӕ мын хӕстмӕ цӕмӕн цӕуыс?» 13Аммонӕгты паддзах Йеффайы минӕвӕрттӕн дзуапп радта: «Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд мын мӕ зӕххытӕ Арнонӕй Йавок ӕмӕ Иорданы онг бацахстой. Ратт мын сӕ фӕстӕмӕ ӕнӕмастӕй!» 14Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ ногӕй минӕвӕрттӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: 15«Афтӕ зӕгъы Йеффай: Израил моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты зӕххытӕ никуы байста. 16Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд суанг Сырх денджызы онг ӕдзӕрӕг быдырыл фӕцыдысты. Кадешмӕ куы бахӕццӕ сты, 17уӕд Едомы паддзахмӕ минӕвӕрттӕ барвыстой, дӕ зӕххыл нын ацӕуыны бар ратт, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Едомы паддзах нӕ бауагъта. Уӕд хатӕг барвыстой Моавы паддзахмӕ, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ бауагъта. Израилӕгты бахъуыди Кадешы баззайын. 18Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл. 19Израилӕгтӕ Хешбоны паддзах Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, минӕвӕрттӕ арвыстой, нӕ бӕстӕм нӕ дӕ зӕххыл ацӕуын бауадз, зӕгъгӕ, 20фӕлӕ сын Сигон бар нӕ радта. Йе’фсад иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта, Йахацмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодта ӕмӕ израилӕгтимӕ схӕцыди. 21Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, Сигоны йе’ппӕт ӕфсадимӕ израилӕгты къухтӕм радта, ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз сты, уыцы бӕстӕйы цы аморӕгтӕ цардысты, уыдонӕн сӕ зӕххытӕ иууылдӕр бацахстой. 22Аморӕгты зӕххытӕ Арнонӕй Йавочы онг, стӕй ӕдзӕрӕг быдырӕй Иорданы онг сӕхи бакодтой. 23Афтӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыцы зӕххытӕ аморӕгтӕй байста ӕмӕ сӕ радта йӕ адӕмӕн, Израилӕн. Ӕмӕ нын сӕ ныр ды та байсынмӕ хъавыс? 24Дӕ хуыцау Кемош дын кӕй радта, уыцы зӕххытӕ дӕ къухы не сты? Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ Хуыцау, Дунедарӕг, цы зӕххытӕ радта, уыдон нӕ бар сты. 25Ды Моавы паддзахӕй, Ципоры фырт Балакӕй цӕмӕй хуыздӕр дӕ? Ӕмӕ уый Израилимӕ тох никуы кодта, никуы хӕцыд йӕ ныхмӕ! 26Израилӕгтӕ Хешбон ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, Ароер ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, стӕй Арноны дон-дон цы хъӕутӕ ис, уыдоны ныридӕгӕн ӕртӕсӕдӕ азы цӕрынц. Ӕмӕ нӕ уӕд ацы зӕххытӕ раздӕр цӕуылнӕ истай? 27Ӕз дӕу ницӕмӕй бафхӕрдтон, ды та мын аразыс фыдбылыз — мӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацыдтӕ. Уӕдӕ ныр израилӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты хъаст Дунедарӕг — Тӕрхонгӕнӕг — равзарӕд Йӕхӕдӕг!» 28Аммоны паддзах Йеффайы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта.

29Дунедарӕджы Уд Йеффайыл ӕртыхсти. Галаад ӕмӕ Менассиайы зӕххыл ацыд, бахӕццӕ ис Мицпайы сахармӕ. Уырдыгӕй аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацыди. 30Йеффай Дунедарӕгӕн дзырд радта: «Аммонӕгты мын мӕ къухмӕ куы радтай 31ӕмӕ уӕлахизимӕ куы раздӕхон, уӕд Дын, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн!»

32Йеффай аммонӕгтӕм бабырста, ӕмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз радта. 33Аммонӕгты ссӕдз хъӕуы ныддӕрӕн кодта — Ароерӕй Миннит ӕмӕ Авел-Керамимы онг. Афтӕмӕй израилӕгтӕ аммонӕгтыл фӕуӕлахиз сты.

Йеффайы чызг

34Йеффай ӕрыздӕхтис йӕ хӕдзармӕ, Мицпайы сахармӕ. Йӕ размӕ, кафгӕ ӕмӕ дзӕнгӕрджытӕй цӕгъдгӕ, рацыди йӕ чызг. Уый уыдис йӕ иунӕг чызг, цотӕй йын ӕндӕр ницы уыди. 35Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!» 36Чызг ын дзуапп радта: «Мӕ фыд! Кӕд Дунедарӕджы раз сомы ракодтай, уӕд дӕ сомы сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын Дунедарӕг балӕвар кодта уӕлахиз, ӕмӕ де знӕгтӕй, аммонӕгтӕй, дӕ маст райстай». 37Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕрмӕст мӕм иу курдиат ис: дыууӕ мӕйы-ма банхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ме’мбӕлттимӕ хӕхтӕм ацӕудзынӕн ӕмӕ уым фӕкӕудзынӕн мӕ хъысмӕтыл — мойы ад кӕй нӕ базондзынӕн, ууыл». 38Йӕ фыд ын загъта: «Хорз, ацу». Ӕмӕ йӕ дыууӕ мӕйы’мгъуыдмӕ ауагъта. Чызг йе’мбӕлттимӕ хӕхтӕм ацыд ӕмӕ куыдта йӕ хъысмӕтыл, нӕлгоймаджы ад кӕй нӕ базондзӕнис, ууыл. 39Дыууӕ мӕйы фӕстӕ йӕ фыдмӕ ӕрыздӕхти. Фыд йӕ сомы сӕххӕст кодта, ӕмӕ чызг нӕлгоймаджы ад нӕ базыдта. Уӕдӕй нырмӕ израилӕгтӕм фӕзынди ахӕм ӕгъдау: 40алы аз дӕр чызджытӕ цыппар бонмӕ ацӕуынц хӕхтӕм ӕмӕ фӕкӕуынц галаадаг Йеффайы чызджы хъысмӕтыл.
Copyright information for OssIBT2022