Judges 12
Галаад ӕмӕ Ефремы хӕст
1Ефремы фӕдонтӕ ӕрӕмбырд сты, ӕрбацыдысты Цафоны сахармӕ ӕмӕ Йеффайӕн загътой: «Аммонӕгты ныхмӕ куы хӕцыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай? Уый тыххӕй дын дӕ хӕдзар демӕ басудздзыстӕм». 2Йеффай сын дзуапп радта: «Ӕз мӕ адӕмимӕ аммонӕгты ныхмӕ карз тохы куы бацыдтӕн, уӕд уӕм сидтӕн, фӕлӕ мын нӕ баххуыс кодтат. 3Уе’ххуысмӕ уын ӕнхъӕлмӕ дзӕгъӕлы кӕсын, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕхӕдӕг, мӕ цардыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, аммонӕгты ныхмӕ схӕцыдтӕн. Дунедарӕг мын сӕ мӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ ныр мемӕ хӕцынвӕнд цӕмӕн скодтат?» 4Йеффай Галаады ӕппӕт цӕрджыты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ Ефремы ныхмӕ схӕцыди. Галаадӕгтӕ ефремонты ныццагътой. Уыдон хъӕр кодтой: «Ефремонтӕ — лидзджытӕ! Галаад Ефрем ӕмӕ Менассиайы астӕу ис!» Уыцы ныхӕстӕм галаадӕгтӕн сӕ маст ссыгъди пиллон артау ӕмӕ ефремонты ӕфсад ныццагътой. 5Галаадӕгтӕ Иорданы донуайӕнтӕ бацахстой. Чи аирвӕзт, уыцы ефремонтӕй-иу исчи доны фаллаг фарсмӕ бахизынмӕ куы хъавыд, уӕд-иу ӕй галаадӕгтӕ бафарстой: «Ефремон нӕ дӕ?» Уый-иу дзуапп радта: «Нӕ дӕн». 6Галаадӕгтӕ йын-иу загътой: «Зӕгъ-ма уӕдӕ „шибболет“». Ефремонӕн-иу уыцы дзырд йӕ дзыхы нӕ бадти, ӕмӕ-иу «сибболет» загъта. Уӕд-иу ӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ-иу ӕй Иорданы донуайӕны раз амардтой. Уыцы заман ефремонтӕй амардӕуыд дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз минмӕ’ввахс. 7Йеффай Израилы фӕтӕг уыди ӕхсӕз азы. Уый фӕстӕ амард, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Галаады, йӕхи хъӕуы.Израилы фӕтӕгтӕ
8Йеффайы фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Ивсан, Вифлеемы сахарӕй. 9Уыди йын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты. Йӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы моймӕ радта ӕмӕ йӕ фырттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы ӕрхаста. Авд азы дӕргъы Ивсан уыдис Израилы фӕтӕг. 10Стӕй амард, ӕмӕ йӕ Вифлеемы бавӕрдтой. 11Йӕ фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Елон. Уый уыди Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй. Елон Израилы фӕтӕг уыди дӕс азы дӕргъы. 12Стӕй амард, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Айалоны, Зевулоны зӕххыл. 13Йӕ фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Хиллелы фырт Авдон, Пиратоны сахарӕй. 14Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг. 15Уый фӕстӕ Хиллелы фырт Авдон амарди, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Пиратоны, Амалекы хӕхты, Ефремы зӕххыл.
Copyright information for
OssIBT2022