‏ Judges 13

Самсоны райгуырд

1Израилӕгтӕ та Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азмӕ филистимӕгты дӕлбар бакодта.

2Цорайы сахары цардис иу лӕг, Даны хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ном хуынди Маноах. Йӕ бинойнаг уыдис ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди. 3Дунедарӕджы зӕд Маноахы усмӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ды ӕнӕзӕнӕг дӕ, цот дын нӕй, фӕлӕ банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. 4Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй дӕхи нӕфӕтчиагӕй ма фӕхъӕстӕ кӕн. 5Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕн. Йӕ сӕрыхъуынтӕ макуы алвынӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыдзӕни Хуыцауы назир
Назир — Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, ахӕм адӕймаг.
. Уый Израилы филистимӕгтӕй ирвӕзын кӕнын райдайдзӕн».
6Сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕгмӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы минӕвар мӕм ӕрбацыд! Уый уыди Хуыцауы зӕды ӕнгӕс, стыр тас мыл бафтыдта йӕ уындӕй! Кӕцӕй ӕрцыди, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, стӕй мын Йӕ ном дӕр не схъӕр кодта. 7Уый мын загъта: „Банхъӕлцау уыдзынӕ, ӕмӕ дын фырт райгуырдзӕни. Бӕгӕны ӕмӕ сӕн ма бануаз, стӕй, цы хойраг фӕчъизи, уымӕй дӕхи ма фӕхъӕстӕ кӕн. Дӕ фырт йӕ райгуырдӕй йӕ амӕлӕты онг уыдзӕни Хуыцауы назир“».

8Уӕд Маноах Дунедарӕгмӕ скуывта: «Дунедарӕг! Хуыцауы минӕвары ма нӕм ногӕй ӕрӕрвит ӕмӕ нын, цы саби райгуырдзӕн, уымӕн цы кӕнгӕ у, уый бамбарын кӕна». 9Хуыцау Маноахы курдиат сӕххӕст кодта. Дунедарӕджы зӕд Маноахы бинойнагмӕ дыккаг хатт ӕргом рацыди. Уыцы рӕстӕг сылгоймаг бадти быдыры, Маноах йӕ разы нӕ уыди. 10Уайтӕккӕ йӕ моймӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Амӕй размӕ цы лӕг ӕрбацыди, уый та ногӕй фӕзынди!» 11Маноах уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ усы фӕдыл атындзыдта. Лӕджы размӕ бацыдис ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕ бинойнагимӕ ныхас ды кодтай?» Уый йын дзуапп радта: «О, Ӕз». 12Маноах та йӕ бафарста: «Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд уыцы лӕппуйӕн куыд цӕргӕ уыдзӕн, цы хъуамӕ куса?» 13Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Дӕ бинойнаг, тобӕ йын цӕмӕй загътон, уыдӕттӕй йӕхи бахъахъхъӕнӕд: 14сӕн ӕмӕ бӕгӕны ма бануазӕд, сӕнӕфсир ӕмӕ нӕфӕтчиаг хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕд. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уыдон сӕххӕст кӕнӕд». 15Маноах Дунедарӕджы зӕдӕн загъта: «Иу чысыл ма нӕм афӕстиат у, сӕныкк дын акусарт кӕнӕм». 16Дунедарӕджы зӕд ын дзуапп радта: «Куы уӕм афӕстиат уон, уӕддӕр уын уӕ хӕринагӕй нӕ бахӕрдзынӕн. Фӕлӕ дӕ кӕд Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссын фӕнды, уӕд бакӕн афтӕ». Маноах нӕма’мбӕрста, йӕ разы Дунедарӕджы зӕд кӕй лӕууы, уый, 17ӕмӕ йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у? Дӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд дын арфӕ ракӕндзыстӕм». 18Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Мӕ номӕй мын цы кӕныс? Уый диссаг у». 19Маноах сӕныччы, стӕй хойраджы хуынтӕ райста ӕмӕ къӕдзӕхыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Маноах ӕмӕ йӕ ус сӕхи цӕстӕй федтой, Дунедарӕг цы диссаг сарӕзта, уый. 20Нывондхӕссӕны сӕрмӕ арты ӕвзӕгтӕ хӕрдмӕ куы фӕцыдысты, уӕд Дунедарӕджы зӕд арты ӕвзӕгты’хсӕн сӕ цӕстыты раз уӕларвмӕ ссыди. Сӕ дыууӕ дӕр зӕххыл ныддӕлгом сты. 21Зӕд нал фӕзынди нӕдӕр Маноахмӕ, нӕдӕр йӕ бинойнагмӕ. Маноах бамбӕрста, Дунедарӕджы зӕд кӕй уыди, уый, 22ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы». 23Фӕлӕ ус йемӕ не сразы ис: «Дунедарӕг нӕ марынмӕ куы хъавыдаид, уӕд нын нӕ иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ нӕ хойраджы хуынтӕ нӕ айстаид, стӕй нын ницы радзырдтаид, ӕмӕ ацы диссаг дӕр нӕ федтаиккам».

24Сылгоймагӕн фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самсон. Лӕппу рӕзыди Дунедарӕджы арфӕимӕ. 25Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы’хсӕн.
Copyright information for OssIBT2022