‏ Judges 14

Самсон ус ракуырдта

1Иу хатт Самсон Тимнайы сахармӕ ацыд ӕмӕ дзы иу филистимаг чызджы федта. 2Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Тимнайы сахары иу филистимаг чызджы федтон, ӕмӕ мын ӕй ракурут». 3Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, нӕ мыггаг ӕмӕ нӕ адӕмы’хсӕн сылгоймӕгтӕ нал ис? Ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй ус ракурын цӕмӕн сфӕнд кодтай?» Самсон дзуапп радта: «Ракурут мын уыцы чызджы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди». 4Уыцы заман израилӕгтӕ уыдысты филистимӕгты дӕлбар. Дунедарӕджы фӕндыд, цӕмӕй филистимӕгтӕ сӕхӕдӕг загъд ракъахой. Самсоны фыд ӕмӕ мад нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Дунедарӕгӕй кӕй рацыди, уый.

5Самсон йӕ ныййарджытимӕ Тимнайы сахармӕ ацыд. Сахары сӕндӕттӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Самсоны размӕ рыхгӕ иу лӕппын домбай разгъордта. 6Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Самсоныл, ӕмӕ домбайы йӕ къухтӕй сӕныччы скъуыдтӕ акодта. Уыцы хабар йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн нӕ радзырдта.

7Самсон Тимнайы сахармӕ ӕрбацыд ӕмӕ, чызгимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр фӕцыди. 8Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Самсон ногӕй ӕрбацыди Тимнамӕ — чызджы курынмӕ. Фӕндагыл, цы домбайы амардта, уый фенынмӕ баздӕхти. Домбайы марды разынди мыд ӕмӕ бирӕ мыдыбындзытӕ. 9Самсон мыдӕй йӕ армы дзаг систа ӕмӕ дарддӕр хӕргӕ араст ис. Йӕ ныййарджыты куы баййӕфта, уӕд мыдӕй уыдонӕн дӕр авӕрдта, фӕлӕ сын, домбайы мардӕй йӕ кӕй систа, уый нӕ загъта.

10Ӕмӕ мӕнӕ Самсоны фыд чызджы хӕдзармӕ бацыди. Усгур лӕппуты’гъдаумӕ гӕсгӕ Самсон уым куывд скодта. 11Фысымтӕ йӕ ӕрбацӕугӕ куы федтой, уӕд ын фынгӕмбӕлттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз адӕймаджы ӕрбахуыдтой. 12Самсон сын загъта: «Цӕй ӕмӕ уын уыци-уыци радзурон. Куывд авд боны фӕстӕ фӕуыдзӕнис, ӕмӕ йӕ кӕд уӕдмӕ базонат, уӕд уын ратдзынӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз хӕдоны гӕнӕй уафт хъуымацӕй, стӕй ма ноджыдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕлысты. 13Куынӕ йӕ базонат, уӕд та мын гӕнӕй уафт хъуымацӕй дӕс ӕмӕ ссӕдз хӕдоны сымах ратдзыстут, стӕй дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕлысты». Уыдон ын дзуапп радтой: «Цӕй, радзур нын дӕ уыци-уыци, хъусӕм дӕм». 14Самсон сын загъта: «Иннӕты чи хордта, уый йӕхӕдӕг сси хӕринаг, тыхджын сси адджын». Филистимӕгтӕ ӕртӕ боны фӕхъуыды кодтой, фӕлӕ уыци-уыци сӕ бон базонын нӕ уыди. 15Куывды цыппӕрӕм бон куы ралӕууыд, уӕд Самсоны усӕн загътой: «Дӕ сӕрыхицауы ракъах, ӕмӕ уыци-уыцийӕн йӕ дзуапп схъӕр кӕна. Науӕд дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр басудздзыстӕм. Цӕмӕн нӕм фӕдзырдтат? Цӕмӕй нӕ бастигъат, уымӕн?» 16Уӕд ус, цӕссыгкалгӕ, Самсонӕн загъта: «Нал мӕ уарзыс! Мӕ хӕстӕджытӕн мын уыци-уыци радзырдтай ӕмӕ йын йӕ дзуапп мӕнӕн дӕр нӕ дзурыс!» Самсон ын афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныййарджытӕн куы ницы схъӕр кодтон, уӕд ӕй дӕуӕн цӕмӕн хъуамӕ радзурон?» 17Ус ӕнӕхъӕн авд боны, цалынмӕ куывд цыди, уӕдмӕ фӕкуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыхицауы иу ран нал уагъта. Самсон дзы стыхсти ӕмӕ йын ӕвдӕм бон уыци-уыцийы дзуапп загъта, уый та йӕ радзырдта филистимӕгтӕн. 18Ӕвдӕм бон, хур нӕма аныгуылд, афтӕ сахары цӕрджытӕ Самсонӕн дзуапп радтой: «Цы ис мыдӕй адджындӕр? Чи у домбайӕ тыхджындӕр?» Самсон сын загъта: «Мӕ дыгӕрдыгыл мын куынӕ хуым кодтаиккат, уӕд мын мӕ уыци-уыци нӕ базыдтаиккат».

19Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти. 20Самсоны усы та йӕ сиахсӕмбӕлттӕй иуӕн радтой.
Copyright information for OssIBT2022