‏ Judges 15

Самсон филистимӕгтӕй йӕ маст райста

1Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, мӕнӕу кӕрдыны афон, Самсон йӕ усы бӕрӕггӕнӕг Тимнӕйы сахармӕ ацыди. Йемӕ ахаста сӕныкк дӕр. Самсон загъта: «Ӕз цӕуын уатмӕ, мӕ бинойнагмӕ». Фӕлӕ йӕ чызджы фыд нӕ бауагъта: 2«Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ йӕ уадзгӕ ныккодтай. Гъемӕ йӕ дӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радтон. Йӕ кӕстӕр хо ноджы рӕсугъддӕр у, кӕстӕры акӕн». 3Самсон загъта: «Ныр филистимӕгтӕн сар сӕ сӕр кӕны, ӕмӕ аххосджын дӕр сӕхӕдӕг сты. Ӕз сын, цы хъӕуа, уый бацамондзынӕн». 4Самсон ацыд, ӕртӕсӕдӕ сыл рувасы ӕрцахста, сӕ къӕдзилтӕй сӕ кӕрӕдзиуыл къӕйттӕй сбаста ӕмӕ алы къайыл дӕр фӕйнӕ цырагъы бабаста. 5Уый фӕстӕ цырӕгътӕ ссыгъта ӕмӕ рувӕсты филистимӕгты быдыртыл аскъӕрдта. Сӕ хосы мӕкъуылтӕ, мӕнӕуы хуымтӕ, сӕндӕттӕ ӕмӕ сой бӕлӕстӕ сын иууылдӕр басыгъта. 6Филистимӕгтӕ адӕмы фарстой: «Уый чи бакодта?» Ӕмӕ сын чидӕр загъта: «Уый Самсон уыди, Тимнайы сахарӕй иу лӕджы сиахс. Чызджы фыд ын йӕ усы йӕ фынгӕмбӕлттӕй иуӕн радта, ӕмӕ дзы Самсон йӕ маст райста». Уӕд филистимӕгтӕ ацыдысты, фыды дӕр ӕмӕ чызджы дӕр басыгътой. 7Самсон филистимӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ мӕ маст ӕххӕстӕй нӕ райсон, уӕдмӕ не’рсабыр уыдзынӕн». 8Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди. 9Филистимӕгтӕ Иудеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дзы рӕсӕнуат скодтой, Лехийы сахар бацахстой. 10Иудейы цӕрджытӕ сӕ бафарстой: «Нӕ ныхмӕ хӕцын цӕмӕн сфӕнд кодтат?» Уыдон сын дзуапп радтой: «Мах ӕрбацыдыстӕм Самсоны сбӕттынмӕ, нӕ маст райсынмӕ!» 11Иудейы цӕрджытӕй ӕртӕ мины, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уырдӕм ацыдысты ӕмӕ Самсонӕн загътой: «Филистимӕгтӕн сӕ дӕлбар стӕм, уый куы зоныс, уӕд цытӕ кӕныс?» Самсон сын дзуапп радта: «Сӕхӕдӕг мын куыд бакодтой, ӕз дӕр сын афтӕ». 12Уӕд Иудейы цӕрджытӕ загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Самсон сын загъта: «Сомы ракӕнут, кӕй мӕ нӕ амардзыстут, уый тыххӕй». 13Уыдон ын загътой: «Ницы дын кӕндзыстӕм, ӕрмӕстдӕр дӕ сбӕтдзыстӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухтӕм ратдзыстӕм, маргӕ дӕ нӕ акӕндзыстӕм». Дыууӕ ног бӕндӕнӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ лӕгӕтӕй ракодтой. 14Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты. 15Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта. 16Самсон загъта: «Хӕрӕджы ӕфсӕрӕй ӕнӕнымӕц знӕгты ныццагътон, мин адӕймаджы хӕрӕджы ӕфсӕрӕй амардтон». 17Уыцы ныхӕсты фӕстӕ хӕрӕджы’фсӕр ныззыгъуытт кодта. Уыцы бынат та схуыдтой Рамат-Лехи
Ома «Лехийы къуыбыр». Дзут. «рамат» — «фехсын», «лехи» — «ӕфсӕр».
.

18Самсон дойныйӕ марди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «Ды мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, балӕвар кодтай ацы стыр уӕлахиз. Уӕдӕ ныр дойныйӕ амӕлдзынӕн ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕтты къухтӕм бахаудзынӕн?» 19Уӕд Хуыцау Лехийы сахары цур айнӕджы цъасс байгом кодта, ӕмӕ дзы дон ракалди. Самсон йӕ дойны куы суагъта, уӕд ӕм йӕ хъару раздӕхт ӕмӕ йӕхимӕ’рцыди. Лехийы раз цы суадон фӕзынд, уымӕн абоны онг дӕр ис ахӕм ном — Ен-ха-Коре
Дзут. «Ен-ха-Коре» — «кувӕджы суадон».
.

20Филистимӕгты заман Самсон ссӕдз азы дӕргъы уыди Израилы фӕтӕг.
Copyright information for OssIBT2022