Judges 16
Самсон ӕмӕ Далилӕ
1Иу хатт Самсон Газӕйы сахармӕ ӕрбацыд. Иу хӕтаг сылы дзы федта ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. 2Газӕйы цӕрджытӕ базыдтой, Самсон сахары кӕй ис, уый. Уыцы бынаты алыварс ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв сахары кулдуары раз фӕхъахъхъӕдтой. Ӕгас ӕхсӕв ӕнхъӕлмӕ фӕкастысты ӕмӕ дзырдтой: «Боныцъӕхты йӕ амардзыстӕм!» 3Самсон та ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕфынӕй кодта, стӕй сыстади. Сахары кулдуар йӕ дыууӕ цӕджындзимӕ ӕд ӕвдузӕнтӕ рарӕдывта, йе’ккоймӕ йӕ систа ӕмӕ йӕ, Хевроны акомкоммӕ цы хох ис, уый сӕрмӕ схаста. 4Уый фӕстӕ иу сылгоймаджы бауарзта. Уый царди Соречы дӕлвӕзы, йӕ ном хуынди Далилӕ. 5Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ракъах Самсоны: ахӕм хъару йӕм кӕцӕй ис? Куыд ыл фӕуӕлахиз уӕм? Куыд ӕй ис сбӕттӕн ӕмӕ басӕттӕн? Махӕй дын алчидӕр мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист ратдзӕни». 6Далилӕ Самсоны бафарста: «Зӕгъ-ма мын, кӕцӕй дӕм ис ахӕм хъару? Куыд дӕ ис сбӕттӕн ӕмӕ дын дӕ хъару басӕттӕн цӕмӕй ис?» 7Самсон ын загъта: «Чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуарӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн, хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн». 8Филистимӕгты хицӕуттӕ Далилӕйӕн, чи нӕма бахус, ахӕм авд хом нуары ӕрбахастой, ӕмӕ Самсоны сбаста. 9Уыдон та ӕрӕмбӕхстысты йӕ уаты. Далилӕ Самсонмӕ дзуры: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон нуӕрттӕ, гӕн ӕндахыл арт куыд сирвӕзы, уыйау ӕрбаскъуыдта, ӕмӕ йӕ тыхы сусӕгдзинад нӕ раргом ис. 10Уӕд ын Далилӕ загъта: «Асайдтай мӕ! Зӕгъ-ма мын, цӕй, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!» 11Самсон ын дзуапп радта: «Пайда кӕмӕй нӕма кодтой, ахӕм ног бӕндӕнтӕй мӕ куы сбӕттай, уӕд мӕ тых фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг лӕджы хуызӕн суыдзынӕн». 12Далилӕ ног бӕндӕнтӕ райста, сбаста йӕ ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уыдон та уаты бадтысты. Самсон бӕндӕнтӕ ӕндӕхтау ӕрбаскъуыдтӕ кодта. 13Далилӕ йын загъта: «Сайыс мӕ! Раст ныхас мын нӕ дзурыс! Цӕй-ма, схъӕр мын ӕй кӕн, цӕмӕй дӕ сбӕттӕн ис, уый!» Самсон ын дзуапп радта: «Мӕ сӕрыхъуынтӕй мын авд дзыккуйы хъуымацы цӕхгӕрмӕ куы сбийай ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл куы ныххойай, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн». 14Самсон куы бафынӕй, уӕд ын Далилӕ йӕ сӕрыхъуынтӕй авд дзыккуйы ног хъуымацы бабыдта ӕмӕ хъуымац телӕй уафӕн тӕрхыл ныххоста. Уый фӕстӕ Далилӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уый фехъал ӕмӕ тел ӕд хъуымац срӕдывта. 15Далилӕ йын загъта: «Уарзыс мӕ, зӕгъгӕ, мын дзурыс, афтӕмӕй мыл не’ууӕндыс! Ӕртӕ хатты мӕ асайдтай, дӕ тыхы сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый та мын ныронг нӕ раргом кодтай!» 16Далилӕ Самсонӕн алы бон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодта ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, удхарӕй йӕ мардта. 17Ӕмӕ йын уӕд йӕ сусӕгдзинад радзырдта: «Ӕз мӕ сӕрыхъуынтӕ никуы алвыдтон. Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕн Хуыцауы назир. Мӕ сӕрыхъуынтӕ куы алвынон, уӕд мӕ хъару фесӕфдзӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕн». 18Далилӕ бамбӕрста, Самсон ын йӕ сусӕгдзинад кӕй раргом кодта, уый ӕмӕ филистимӕгты хицӕуттӕм фӕдзырдта: «Рацӕут! Раргом мын кодта йӕ сусӕгдзинад». Филистимӕгты хицӕуттӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕвзистимӕ. 19Далилӕ Самсоны куы бафынӕй кодта, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ йын уый йӕ сӕрӕй авд дзыккуйы ралыг кодта. Самсон фыццаг хатт ӕрлӕмӕгъ ис, йӕ хъару фесӕфти. 20Далилӕ та ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон фехъал ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Ницы кӕны, ацы хатт дӕр та аирвӕздзынӕн». Нӕма зыдта, Дунедарӕг ӕй кӕй ныууагъта, уый. 21Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой. 22Самсонӕн йӕ сӕрыхъуынтӕ ногӕй рӕзын байдыдтой.Самсоны мӕлӕт
23Филистимӕгты хицӕуттӕ ӕрӕмбырд сты сӕ хуыцау Дагонӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ сӕхи бахъӕлдзӕг кӕнынмӕ. Уыдон дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын Самсоны, не знаджы, нӕ къухмӕ радта» 24Адӕм дӕр, Самсонмӕ кӕсгӕйӕ, кад кодтой сӕ хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын, нӕ зӕххытӕ нын чи сафтид кодта ӕмӕ нӕ бирӕты чи фӕмардта, уыцы знаджы нӕ къухмӕ радта». 25Куы бахъӕлдзӕг сты, уӕд загътой: «Ӕрбакӕнут-ма Самсоны, уадз ӕмӕ нӕ ахудын кӕна!» Самсоны ахӕстонӕй ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ хӕдзары цӕджындзты астӕу ӕрлӕууын кодтой. 26Самсон, йӕ фӕдыл ӕй цы лӕггадгӕнӕг кодта, уымӕн загъта: «Хӕдзар цы цӕджындзтыл ӕнцайы, уыдоныл-ма мӕ андзӕвын кӕн мӕ уырзтӕй, ӕмӕ сыл ӕз ӕрӕнцой кӕнон». 27Хӕдзар та йедзаг уыди нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй, филистимӕгты паддзӕхтӕ иууылдӕр уым уыдысты, уӕлхӕдзары та уыдис ӕртӕ мин адӕймаджы. Уыдон ӕрӕмбырд сты Самсонмӕ бакӕсынмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ирхӕфсын сӕ кӕд райдайдзӕни, уымӕ. 28Самсон Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, ӕрхъуыды мӕ кӕн! Хуыцау, хъару мын ратт ныр, ӕмӕ иу хаттӕн филистимӕгтӕй мӕ дыууӕ цӕсты маст сисон!» 29Самсон, хӕдзар цы дыууӕ астӕуккаг цӕджындзыл хӕцыд, уыдоныл ӕрӕнцой кодта, иу къухӕй — рахиз цӕджындзыл, иннӕмӕй — галиуыл, 30ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уадз ӕмӕ филистимӕгтимӕ амӕлон!» Цӕджындзтыл тыххӕст акодта, ӕмӕ хӕдзар филистимӕгты хицӕуттыл, стӕй ма дзы цы адӕм уыди, уыдоныл ныккалди. Самсон, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ, цас знӕгтӕ амардта, уый бӕрц йе’гасӕй никуы фесӕфта. 31Самсоны’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕ Газӕмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ахастой. Баныгӕдтой йӕ Цора ӕмӕ Ештаолы астӕу, йӕ фыд Маноахы зӕппадзы. Самсон Израилы фӕтӕг уыди ссӕдз азы.
Copyright information for
OssIBT2022