‏ Judges 17

1Ефремы хохыл цардис иу лӕг, йӕ ном — Миха. 2Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де’лгъыст фехъуыстон. Уыцы’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!» 3Ӕмӕ йын Миха мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы ӕвзист фӕстӕмӕ куы радта, уӕд ын загъта: «Ацы ӕвзист мӕ лӕппуйы номыл нывонд кӕнын Дунедарӕгӕн. Уадз ӕмӕ дзы хуыцауы кӕрдгӕныв ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры саразой». 4Фӕлӕ йын уый йе’взист фӕстӕмӕ радта. Мад згъӕртайынгӕнӕгмӕ дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист радта, ӕмӕ дзы уый хуыцауы кӕрдгӕныв ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры сарӕзта. Михайы хӕдзары сӕ сӕвӕрдтой.

5Афтӕ Михамӕ фӕзынди йӕхи кувӕндон. Ефод
Кӕс: Фӕт 8:27.
ӕмӕ хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ дӕр сарӕзта, сауджынӕй та сӕвӕрдта йӕ фырты.
6Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.

7 8Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу, левит, уыцы заман царди иудейаг Вифлеемы ӕмӕ уырдыгӕй ног цӕрӕнбынат агурӕг ацыди. Ӕрбахӕццӕ ис Ефремы хохмӕ, Михайы хӕдзармӕ. 9Миха йӕ бафарста: «Кӕцон дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕн левит, иудейаг Вифлеемӕй, кӕм ӕрцӕрон, уый агурын». 10Миха йын загъта: «Мӕнмӕ лӕуу, сауджынӕй мӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн мын суыдзынӕ. Азмӕ дын дӕс шекелы ӕвзист дӕтдзынӕн, уымӕй уӕлдай — дзаума ӕмӕ хӕринаг». Ӕмӕ левит Михамӕ баззади. 11Сразы ис Михайы хӕдзары цӕрыныл, ӕмӕ йын хъӕбулы ад скодта. 12Миха левиты сауджыны куыстыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ хӕдзары царди. 13Миха дзырдта: «Ныр ӕз фидарӕй ӕууӕндын, Дунедарӕг мыл кӕй ауды, ууыл, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары левит у сауджын».
Copyright information for OssIBT2022