Judges 18
Даны фӕдонтӕ Михайы кувӕндон сафтид кодтой
1Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди. Даны хӕдзарвӕндаг, кӕм ӕрбынат кӕной, уый агуырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм Израилы хӕдзӕрвӕндӕгты’хсӕн зӕххы хай афтӕ дӕр нал ӕрхауд. 2Даны фӕдонтӕ сӕ хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, фондз адӕймаджы, фондз фӕлтӕрд хӕстоны равзӕрстой ӕмӕ сӕ арвыстой бӕрӕгдзау, цӕмӕй уыцы бӕстӕйы тыххӕй алцыдӕр базоной. Загътой сын: «Ацӕут ӕмӕ алцыдӕр сбӕрӕг кӕнут бӕстӕйы тыххӕй». Уыдон бахӕццӕ сты Ефремы хӕхтӕм, Михайы хӕдзары цурмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвиуат бакодтой. 3Михайы хӕдзары раз куы уыдысты, уӕд ӕрыгон левитӕн йӕ хъӕлӕс фехъуыстой. Бацыдысты йӕм ӕмӕ йӕ бафарстой: «Ардӕм дӕ чи ӕрбакодта? Ам цы кусыс, цы мигӕнӕг дӕ?» 4Уый сын дзуапп радта: «Миха мӕ йӕхицӕн баххуырста, сауджынӕй йӕм кусын». Ӕмӕ сын радзырдта, Михайы хӕдзары йӕ цард куыд ӕрвиты, уый. 5Уыдон ын загътой: «Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыдыстӕм, уымӕн йӕ кӕрон хорз уыдзӕн ӕви нӕ, уый-ма нын базон, бафӕрс-ма Хуыцауы». 6Сауджын сын загъта: «Цӕут фарнимӕ, Дунедарӕг уемӕ ис». 7Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты. 8Фондз лӕджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндагмӕ, Цора ӕмӕ Ештаолы цӕрджытӕм, куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ уыдон бафарстой: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут?» 9Уыдон дзуапп радтой: «Цомут ӕмӕ схӕцӕм уыцы адӕмы ныхмӕ, мах федтам, сӕ зӕхх куыд хорз у, уый. Цӕмӕ ма кӕсут? Фӕстиат мауал кӕнут, цомут, бацахсӕм сын сӕ зӕхх! 10Цы адӕмы ныхмӕ рацӕудзыстут, уыдон фыдбылызӕн ӕнхъӕл дӕр не сты. Дунедарӕг нын лӕвар кӕны парахат бӕстӕ, уыцы зӕхх ӕппындӕр цух ницӕмӕй у». 11Даны хӕдзарвӕндагӕй, Цора ӕмӕ Ештаолы сахартӕй, ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны хӕстмӕ рацыдысты. 12Раздӕр Иудейы, Кирйат-Иариммӕ хӕстӕг, рӕсӕнуат скодтой. Уыцы бынат абоны онг дӕр Махане-Дан ▼▼Махане-Дан — «Даны рӕсӕнуат».
хуыйны. Уый ис Кирйат-Иаримы цур. 13Уырдыгӕй араст сты Ефремы хӕхтӕм. Михайы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ сты, 14уӕд, уымӕй размӕ Лаишмӕ бӕрӕгдзау цы фондз хӕстоны ацыдысты, уыдон иннӕтӕн загътой: «Сымах зонут, ацы хӕдзӕрттӕй иуы хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры кӕй ис, уый? Уӕдӕ ахъуыды кӕнут, цы кӕнгӕ уын у, ууыл». 15Уыйадыл уыцы лӕгтӕ Михайы хӕдзармӕ, ӕрыгон левит кӕм цардис, уыцырдӕм фӕзылдысты, бацыдысты мидӕмӕ ӕмӕ левитӕн салам радтой. 16Даны фӕдонтӕй ӕхсӕзсӕдӕ хӕстоны гӕрзифтонгӕй лӕууыдысты кулдуары цур. 17– 18Фондз сгарӕджы Михайы хӕдзармӕ бацыдысты ӕмӕ хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ, стӕй джиппыуагъд гуымирыйы рахастой, сауджын та лӕууыди кулдуары цур, йӕ разы — ӕхсӕзсӕдӕ гӕрзифтонг хӕстоны. Сауджын сӕ бафарста: «Уый цы ми кӕнут?» 19Уыдон ын загътой: «Ныхъхъус у, мацы дзур! Цом немӕ, сауджынӕй нӕм кусдзынӕ, фыды хуызӕн нын суыдзынӕ. Кӕмӕ хуыздӕр у сауджынӕй кусын: цавӕрдӕр лӕгмӕ йӕ хӕдзары мидӕг ӕви ӕнӕхъӕн хӕдзарвӕндагмӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иумӕ?» 20Сауджын бацин кодта. Ефод, хӕдзарон хуыцаугӕндты, стӕй джиппыуагъд гуымирыйы рахаста ӕмӕ адӕмимӕ баиу ис. 21Хӕстонтӕ дарддӕр ацыдысты. Сӕ бинонты ӕд исбон ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ разӕй ауагътой. 22Даны фӕдонтӕ Михайы хӕдзарӕй куы адард сты, уӕд сӕ Миха, йӕ сыхӕгтӕй кӕмӕ фӕсидтис, уыдонимӕ ӕрбаййӕфта. 23Даны байзӕддӕгтӕ фӕсте хъӕртӕ куы айхъуыстой, уӕд разылдысты ӕмӕ Михайы бафарстой: «Цы дӕ хъӕуы? Цӕмӕн ӕрӕмбырд кодтай адӕмы?» 24Миха сын дзуапп радта: «Сымах радавтат, ӕз кӕй сарӕзтон, уыцы хуыцӕутты, ракодтат мын мӕ сауджыны! Ницыуал мӕм баззад! Ноджы ма мӕ, цы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, фӕрсут?» 25Даны фӕдонтӕ йын дзуапп радтой: «Дӕ хъӕлӕс дын куыннӕуал фехъусӕм, афтӕ! Нӕ адӕм ӕнӕуый дӕр мӕстджын сты. Сӕхи уыл куы ныццӕвой, уӕд дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕ дӕр цагъды фӕуыдзысты». 26Уыйадыл Даны байзӕддӕгтӕ дарддӕр ацыдысты. Миха федта, уыдон дзы тыхджындӕр кӕй сты, уый ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхти. 27Даны фӕдонтӕ рахастой, Миха кӕй сарӕзта, уыдон, ракодтой йын йӕ сауджыны ӕмӕ ацыдысты Лаишы ныхмӕ хӕцынмӕ. Уым адӕм цардысты сабырӕй, фыдбылыз ӕнхъӕл нӕ уыдысты. Даны фӕдонтӕ сӕ карды амӕттаг бакодтой, сахар та басыгътой. 28Лаишы цӕрджытӕм ӕххуысмӕ ничи фӕзынд, уымӕн ӕмӕ сидойнӕгтӕй дард цардысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты. Лаишы сахар ис Бет-Реховы тъӕпӕны. Даны байзӕддӕгтӕ йӕ ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты. 29Сахар схуыдтой Дан — сӕ рагфыдӕл Даны, Израилы фырты, номыл. Раздӕр та сахар Лаиш хуынди. 30Даны фӕдонтӕ кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой. Фыццаг сӕм сауджынӕй куыста Моисейы фырты фырт, Гершомы фырт Йонатан, уый фӕстӕ та, суанг цалынмӕ уыцы зӕххы цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты, уӕдмӕ — Йонатаны фӕдонтӕ. 31Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022