‏ Judges 20

Израил ӕмӕ Бениамины мыггаджы хӕст

1Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты. 2Израилӕгты фӕтӕгтӕ се’ппӕт дӕр уыдысты уым. Уыцы ран ӕрӕмбырд сты Хуыцауы адӕм, кӕрдтӕй ифтонг хӕстонтӕ — цыппарсӕдӕ мины. 3Израилӕгтӕ Мицпайы кӕй ӕрӕмбырд сты, уыцы хабар Бениамины фӕдонтӕ дӕр фехъуыстой.

Израилӕгтӕ фарстой: «Ахӕм фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди?»
4Уӕд сын левит, мард сылгоймаджы лӕг, дзуапп радта: «Ӕз мӕ номылусимӕ Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн. 5Ӕхсӕвы Гевӕйы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты, хъавыдысты мӕ амарынмӕ. Мӕ номылусӕн мын батых кодтой, ӕмӕ амард. 6Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди! 7Уӕдӕ ныр, израилӕгтӕ, ӕркӕсут ацы хъуыддагмӕ ӕмӕ исты уынаффӕ рахӕссут!»

8Израилӕгтӕ иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, загътой: «Мах нӕ аздӕхдзыстӕм нӕ цатыртӕм, нӕ хӕдзӕрттӕм! 9Хуыцауы амындмӕ гӕсгӕ Гевӕйӕн бакӕндзыстӕм афтӕ: 10Израилӕгты мыггӕгтӕй алы сӕдӕйӕ дӕр дӕс, минӕй — сӕдӕ, дӕс минӕй мин адӕймаджы равзарӕм, цӕмӕй нын не’фсады фаг хӕринаг ӕрбахӕссой. Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, бабырсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй, Израил ахӕм ӕлгъаг хъуыддагӕй кӕй сӕгад кодтой, уый тыххӕй нӕ маст райсдзыстӕм».

11Ӕмӕ израилӕгтӕ, иу лӕджы хуызӕн, Гевӕйы цурмӕ ӕрбацыдысты. 12Бениамины мыггагмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, цӕмӕй сын фехъусын кӕной: «Уӕ зӕххыл ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди? 13Гевӕйы фыдгӕнджыты нын раттут, ӕмӕ сӕ амарӕм, цӕмӕй Израилы зӕххыл ӕлгъагӕй мацыуал баззайа!» Бениамины фӕдонтӕ се’фсымӕрты, израилӕгты ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. 14Сӕ алы сахартӕй Гевӕйы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилы ныхмӕ стох кӕной. 15Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй. 16Гевӕйаг авдсӕдӕ хӕстоны уыдысты фӕлтӕрд галиуӕгтӕ. Уыдонӕй иу дӕр, дурӕхсӕнӕй ӕрдуйыл дур фехсгӕйӕ, никуы фӕивгъуыдта. 17Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ.

18Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ
Кӕнӕ: Хуыцауы хӕдзармӕ.
ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».
19Райсомӕй израилӕгтӕ Гевӕмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодтой. 20Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты ӕмӕ Гевӕйы акомкоммӕ хӕстон рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. 21Бениамины фӕдонтӕ Гевӕйы сахарӕй рацыдысты ӕмӕ израилӕгты ӕфсадмӕ бабырстой, израилӕгтӕй дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц амардтой. 22Израилӕгтӕ сӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ та сӕ раздӕры бынаты рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. 23Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!» 24Ӕмӕ та дыккаг бон Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты. 25Уыдон та уыцы бон дӕр рацыдысты Гевӕйӕ ӕмӕ израилӕгтӕм бабырстой, ӕстдӕс мин гӕрзифтонг хӕстоны амардтой. 26Уӕд израилӕгтӕ, се’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой. 27Уый фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой. (Уыцы заман Дунедарӕджы Фидыды Чырын уым уыди, 28йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн». 29Уӕд израилӕгтӕ Гевӕйы алыварс бабадтысты. 30Ӕртыккаг бон израилӕгтӕ ногӕй Бениамины фӕдонты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты ӕмӕ, раздӕр куыд кодтой, афтӕ Гевӕйы акомкоммӕ рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. 31Бениамины фӕдонтӕ израилӕгтӕм бабырстой ӕмӕ дзӕвгар адард сты сӕ сахарӕй. Раздӕрау израилӕгты мардтой ӕмӕ сӕ, Вефил Гевӕимӕ цы фӕндаг иу кӕны, уый рӕзты бирӕ фӕсырдтой, израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой. 32Бениамины фӕдонтӕ цинӕй мардысты ӕмӕ хъуыды кодтой: «Уӕлахиз та кӕнӕм не знӕгтыл!» Израилӕгтӕ та фӕндӕгтыл барӕй лыгъдысты, сӕ зӕрды уыди се знӕгты сахарӕй расайын, цас дарддӕр, уыйас хуыздӕр.

33Израилӕгты хӕстонтӕ Баал-Тамармӕ хӕстӕг хӕцынӕввонг рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. Гевӕйы ныгуылӕйнаг фарс цы къорд бабадти, уыдон та сӕ ных Гевӕйы’рдӕм сарӕзтой. 34Ӕгас Израилӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы дӕс мин ӕвзаргӕ хӕстоны Гевӕйы сахармӕ бабырстой. Райдыдта уӕззау тох. Бениамины фӕдонтӕ, фӕуӕлахиз сыл уыдзысты, уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, 35фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны. 36Бениамины байзӕддӕгтӕм афтӕ касти, цыма израилӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Уыдон та сӕ зӕрдӕ дардтой, Гевӕмӕ хӕстӕг рӕсӕнуаты цы хӕстонтӕ бабадт, уыдоныл ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхын райдыдтой. 37Рӕсӕнуаты цы хӕстонтӕ бабадт, уыдон Гевӕмӕ бабырстой ӕмӕ дзы цъиуызмӕлӕг нал ныууагътой. 38Израилаг хӕстонтӕ, рӕсӕнуаты чи бадти, уыдонимӕ ныхасгонд уыдысты, рӕсӕнуаты бадджытӕ сахары арт куы ссудзой, арты фӕздӕг арвмӕ куы фӕцӕуа, 39уӕд израилӕгты ӕфсад фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни, зӕгъгӕ. Бениамины фӕдонтӕ ныридӕгӕн израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой ӕмӕ сӕм афтӕ касти, цыма та израилӕгтӕ, фыццаг хӕсты куыд уыдис, афтӕ цагъды фесты. 40Уыцы рӕстӕг сахары сӕрмӕ фӕздӕджы къуымбил ссыди. Бениамины фӕдонтӕ фӕстӕмӕ разылдысты ӕмӕ федтой: сахар судзы, ӕмӕ йӕ фӕздӕг арвмӕ фӕцыди. 41Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сахары’рдӕм сӕ ных сарӕзтой. Бениамины хӕстонтӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, кӕй сӕ басастой, уый. 42Ӕмӕ израилӕгтӕй, ӕдзӕрӕг быдырмӕ цы фӕндаг цыди, ууылты алыгъдысты. Израилӕгтӕ сӕ фӕсте сурын байдыдтой. Израилӕгты хӕстон къорд сахары’рдыгӕй рацыди ӕмӕ, цы хӕстонтыл ӕрхъула кодтой, уыдоны цӕгъдын байдыдтой. 43Бениамины фӕдонтыл ӕртыхстысты ӕмӕ сӕ суанг ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Гевӕйы скӕсӕнварсмӕ, фӕсырдтой. 44Бениамины фӕдонтӕй фӕхъуыдис ӕстдӕс мин адӕймаджы. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ. 45Чи дзы аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ. Фӕндӕгтыл дзы израилӕгтӕ фондз мины ныццагътой, суанг сӕ Гидомы онг фӕсырдтой ӕмӕ ма дзы ноджы дыууӕ мины амардтой. 46Уыцы бон Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕдӕппӕтӕй фӕхъуыди фондз ӕмӕ ссӕдз мин гӕрзифтонг лӕджы, иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.

47Бениамины фӕдонтӕ алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхы цурмӕ. Ӕхсӕзсӕдӕ ма дзы аирвӕзт ӕмӕ цыппар мӕйы дӕргъы уым фембӕхстысты.

48Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты, Бениамины мыггаджы зӕххытӕм бабырстой ӕмӕ адӕмӕй, фосӕй — се’ппӕты дӕр ныццагътой, хъӕутӕ та иууылдӕр судзгӕ бакодтой.
Copyright information for OssIBT2022