‏ Judges 21

Израил Бениамины мыггагимӕ куыд бафидыдта

1Израилӕгтӕ Мицпайы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд ард бахордтой: «Нӕ чызджыты Бениамины мыггагӕн моймӕ нал ратдзыстӕм». 2Уый фӕстӕ адӕм ацыдысты Вефилмӕ ӕмӕ бон-изӕрмӕ Дунедарӕджы раз хъӕрӕй фӕкуыдтой. Уыдон дзырдтой: 3«О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ацы бӕллӕх ныл цӕй тыххӕй ӕрцыди? Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!»

4Дыккаг бон райсомӕй израилӕгтӕ нывондхӕссӕн сарӕзтой, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой. 5Адӕм фарстой кӕрӕдзийы: «Дунедарӕджы раз куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Израилы хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн, чи не’рбацыдис, ахӕм разынди?» Афтӕ та уымӕн фарстой, ӕмӕ стыр ард бахордтой, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не’рбацӕуа, уыдоны удӕгасӕй нӕ ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ.

6Израилӕгтӕ се’фсымӕртыл, Бениамины мыггагыл, хъыг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух! 7Чи ма дзы аирвӕзт, уыдонӕн устытӕ кӕм ссардзыстӕм? Мах Дунедарӕджы раз сомы куы ракодтам, нӕ чызджыты сын моймӕ нал ратдзыстӕм, зӕгъгӕ!» 8Кӕрӕдзийы фарстой: «Израилы хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не’рбацыди, ахӕм ис?» Фӕстагмӕ рабӕрӕг ис, уыцы ӕмбырды Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, кӕй ничи уыди, уый. 9Ӕгас ӕфсад банымадтой, ӕмӕ дзы Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, ничи разынди. 10Уӕд Израилы дзыллӕ уыцы сахармӕ дыууадӕс мин хӕстоны арвыстой ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ Галаадаг Иавешы цӕрджыты ныццӕгъдут, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ. 11Мӕнӕ уын бардзырд: нӕлгоймӕгты се’ппӕты дӕр, стӕй мойгонд сылгоймӕгты иууылдӕр амарут ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут».

12Галаадаг Иавешы разынди цыппарсӕдӕ ӕнӕцыд чызджы. Израилӕгты рӕсӕнуат уыдис Ханааны, Силомы сахары, ӕмӕ чызджыты уырдӕм акодтой. 13Уый фӕстӕ Израилы дзыллӕ, Бениамины фӕдонтӕй Риммоны къӕдзӕхы цур чи бамбӕхсти, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, бафидауӕм, зӕгъгӕ. 14Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрыздӕхтысты, ӕмӕ сын Галаады, Иавешы сахары, удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыцы ӕнӕцыд чызджыты моймӕ радтой. Фӕлӕ чызджытӕ се’ппӕты фаг нӕ уыдысты. 15Адӕм хъыг кодтой Бениамины мыггагыл. Дунедарӕг сӕ Израилы иу мыггагӕй фӕцух кодта, 16ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сагъӕсы бацыдысты: «Бениамины мыггагӕй ма чи аирвӕзти, уыдонӕн устытӕ цы хуызы ссарӕм, сӕ хӕдзарвӕндаджы иу сылгоймаг дӕр куынӕуал баззад, уӕд?» 17Ӕмӕ загътой: «Бениамины фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн сӕ зӕхх хъуамӕ сӕ хӕдзарвӕндаджы къухы баззайа, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй хъуамӕ иунӕг дӕр ма фесӕфа. 18Нӕ чызджыты сын моймӕ раттын махӕн нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ сомы ракодтой, йӕ чызджы Бениамины мыггагӕй искӕмӕн чи радта, уый ӕлгъыст уыдзӕни, зӕгъгӕ». 19Уый фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, Силомы ӕрвылаз Дунедарӕджы номыл куывд кӕй фӕкӕнынц, уый. Уыцы сахар ис Вефилӕй цӕгатӕрдӕм, Левонайы сахарӕн йӕ хуссарварс, Вефил ӕмӕ Шехемы астӕу цы фӕндаг ис, уымӕй та — скӕсӕны’рдӕм. 20Адӕмы хистӕртӕ Бениамины фӕдонтӕн бафӕдзӕхстой: «Ацӕут Силоммӕ ӕмӕ сӕндӕтты бамбӕхсут. 21Силомаг чызджыты кафгӕ куы фенат, уӕд-иу разгъорут ӕмӕ-иу сӕм фӕлӕбурут. Алчидӕр дзы йӕхицӕн фӕйнӕ иуы ракӕнӕд, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Бениамины зӕхмӕ раздӕхут. 22Сӕ ныййарӕг фыдтӕ ӕмӕ нӕм се’фсымӕртӕ хъаст кӕнынмӕ куы’рбацӕуой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Батӕригъӕд нын кӕнут, ныууадзут нын уӕ чызджыты. Хӕсты рӕстӕг нӕ алкӕмӕн ус ссарын нӕ бантысти. Стӕй кӕд уӕ чызджытӕ сӕ къухы уӕхи фӕндонӕй нӕ бафтыдысты, уӕд тӕригъӕдджын не стут“».

23Бениамины байзӕддӕгтӕ, куыд сын загътой, афтӕ бакодтой. Алчидӕр дзы йӕхицӕн скъӕфт чызджытӕй, кафгӕ чи кодта, уыдонӕй, иуы ракодта ӕмӕ сӕ зӕххы хаймӕ аздӕхтысты. Сӕ хъӕутӕ ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ дзы ӕрцардысты. 24Израилӕгтӕ дӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕцыдысты. Алчидӕр раздӕхти йӕ хӕдзарвӕндагмӕ, йӕ мыггагмӕ. Иууылдӕр сӕ зӕххы хӕйттӕм фӕцыдысты.

25Уыцы заман Израилӕн паддзах нӕ уыди ӕмӕ алчидӕр, раст ӕм куыд касти, афтӕ кодта.
Copyright information for OssIBT2022