‏ Judges 3

1 2Ханааны ныхмӕ чи нӕ хӕцыд, уыцы израилӕгты бафӕлварынӕн Дунедарӕг ныууагъта мӕнӕ ацы адӕмты (уадзгӕ та сӕ уымӕн ныккодта, цӕмӕй, хӕсты чи нӕ архайдта, Израилы уыцы фӕлтӕртӕ хӕстон дӕсныйадыл сахуыр уой). 3Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се’ппӕт дӕр. 4Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты израилӕгты бафӕлварынӕн: Дунедарӕг Моисейы уылты кӕй бафӕдзӕхста, уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн.

5Израилы адӕм цардысты ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты’хсӕн. 6Сӕ чызджыты сын куырдтой ӕмӕ сын сӕхи чызджыты моймӕ лӕвӕрдтой, сӕ хуыцӕуттӕн сын лӕггад кодтой. 7Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой. 8Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта. 9Израилӕгтӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ сын Уый радта ирвӕзынгӕнӕджы, Гофниелы, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы байзӕддаджы. 10Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.

11Дыууиссӕдз азы дӕргъы бӕстӕ уыди сабыр. Уый фӕстӕ Кеназы байзӕддаг Гофниел амард.

Ехуд

12Израилӕгтӕ та ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой. Уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ Моавы паддзах Еглон израилӕгтыл фӕуӕлахиз. 13Еглон аммонӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидтис ӕмӕ Израилы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди, израилӕгтыл фӕуӕлахиз ӕмӕ Пальмӕты сахар бацахста. 14Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕ уыдысты Моавы паддзах Еглоны дӕлбар. 15Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой, 16уӕд Ехуд йӕхицӕн ӕлмӕринӕй чысыл цыбырдӕр кард саразын кодта. Йӕ рахизфарс ӕй бамбӕхста 17ӕмӕ Моавы паддзах Еглоны раз хъалонимӕ’рлӕууыдис.

Еглон уыди тынг хӕрзхуыз лӕг.
18Ехуд ын хъалон йӕ размӕ бахаста. Уый фӕстӕ, йемӕ цы адӕм ӕрбацыд, уыдоны ауагъта йӕ разӕй, 19йӕхӕдӕг Гилгалы гуымирыты цурӕй фӕстӕмӕ фӕзылди, раздӕхт Еглонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Паддзах, хъуамӕ дын иу сусӕг хабар фехъусын кӕнон». — «Ссс!» — загъта Еглон.

Йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ацыдысты.
20Ехуд ӕм бацыди; паддзах бадтис йӕ уаты, дыккаг уӕладзыджы. Ехуд ын загъта: «Уац дын ӕрбахастон Хуыцауӕй». Еглон сыстади. 21 22Уӕд Ехуд, йӕ рахизфарс цы кард бамбӕхста, уый йӕ галиу къухӕй фелвӕста ӕмӕ йӕ ӕд фистон Еглоны гуыбыны ныссагъта. Кард ӕнӕхъӕнӕй нарды бацыд. Ехуд ӕй фӕстӕмӕ нал раласта ӕмӕ ахизӕны уылты рацыди — 23фӕрссаг бахизӕныл раирвӕзт, уаты дуар та сӕхгӕдта дӕгъӕлӕй. 24Куыддӕр Ехуд алыгъд, афтӕ Еглоны фӕсдзӕуинтӕ’рбаздӕхтысты. Уаты дуар ӕхгӕдӕй куы федтой, уӕд афтӕ банхъӕлдтой, ӕмӕ паддзах агъуысты йӕхи хъуыдыйы ис. 25Бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ дуар ничи гом кодта. Уӕд дӕгъӕл ӕрбахастой, бакодтой дуар ӕмӕ сӕ хицауы мардӕй федтой. 26Цалынмӕ уыдон фӕстиат кодтой, уӕдмӕ Ехуд Гилгалы гуымирытӕй фӕфале ис ӕмӕ Сеирайы сахармӕ алыгъди. 27Ефремы хӕхтӕм ссыди ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд. Израилӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ, ӕфсады разӕй йӕхӕдӕг, афтӕмӕй хӕхтӕй ӕрцыд. 28Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой. 29Моавӕгтӕй амардтой дӕс минмӕ’ввахс тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын хӕстоны, иу дӕр сын дзы нӕ аирвӕзт. 30Уыцы бон израилӕгтӕ моавӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Цыппарыссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр. 31Ехуды фӕстӕ Израилы фӕтӕг сси Шамгар, Анаты фырт. Хуымӕтӕг галтӕрӕн уисӕй Шамгар амардта ӕхсӕзсӕдӕ филистимаджы. Уый дӕр уыдис Израилы ирвӕзынгӕнӕг.
Copyright information for OssIBT2022