Judges 4
Сылгоймаг-пехуымпар Деворӕ
1Ехуд куы амарди, уӕд та израилӕгтӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, 2ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ханаанаг паддзах Йавины къухмӕ радта, уый хицауиуӕг кодта Хацоры сахары. Йавинӕн йе’фсады хицау хуынди Сисера, царди Харошет-Гоимы. 3Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой. 4Уыцы заман израилӕгты фӕтӕг уыди Деворӕ, сылгоймаг-пехуымпар, Лаппидоты бинойнаг. 5Уый бадти Деворӕйы пальмӕйы бын, Рама ӕмӕ Вефилы’хсӕн, Ефремы хӕхты. Израилӕгтӕ йӕм уырдӕм цыдысты, ӕмӕ сын уый сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрста. 6Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу. 7Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Сисера, Йавины ӕфсады хицау, ӕд ӕфсӕдтӕ ӕмӕ ӕд тохуӕрдӕттӕ Кишоны дӕлвӕзмӕ дӕ размӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ дын ӕй Ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн“». 8Барак Деворӕйӕн дзуапп радта: «Кӕд мемӕ ацӕудзынӕ, уӕд разы дӕн. Ды куынӕ ацӕуай, уӕд ӕз дӕр нӕ цӕуын». 9Уый йын загъта: «Ӕз демӕ ацӕудзынӕн, фӕлӕ ацы балц дӕу не скадджын кӕндзӕн. Дунедарӕг Сисерайы сылгоймаджы къухмӕ ратдзӕн». Ӕмӕ Деворӕ Баракимӕ Кедешмӕ ацыди. 10Барак Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕм Кедешы сахармӕ фӕсидти. Йӕ фӕдыл рацыди дӕс мин хӕстоны, Деворӕ дӕр уыдис йемӕ. 11Уыцы заман Каины фӕдон Хевер кенӕгтӕй, Моисейы каис Ховавы фӕдонтӕй йӕхи фӕхицӕн кодта. Кедешмӕ хӕстӕг, Цаананнимы тулдзы цур, йе’фсадимӕ рӕсӕнуат скодта. 12Сисерамӕ фӕхабар чындӕуыд, Авиноамы фырт Барак Фаворы хохыл ис, зӕгъгӕ. 13Сисера йӕ фарастсӕдӕ ӕфсӕн уӕрдоны, стӕй йын Харошет-Гоимы цыдӕриддӕр хӕстонтӕ уыди, уыдоны иууылдӕр Кишоны дӕлвӕзмӕ ӕрбакодта. 14Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди. 15Уыцы рӕстӕг Дунедарӕг Сисерайы катайы бацӕуын кодта. Йӕ хӕстонтыл дӕр ӕмӕ, тохуӕрдӕтты чи бадти, уыдоныл дӕр, Барак куы фӕзынди, уӕд карды цӕфӕй амӕлыны тӕссӕй ризӕг бахӕцыди. Сисера та тохуӕрдонӕй рагӕпп ласта ӕмӕ лидзӕг фӕцис. 16Барак ын йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстонты суанг Харошет-Гоимы онг фӕсырдта. Сисерайы хӕстонтӕ иууылдӕр цагъды фесты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзти. 17Сисера ӕрбалыгъдис Йаелы, кенӕгты байзӕддаг Хеверы усы, цатырмӕ. Хеверы мыггаг Хацоры паддзах Йавинимӕ цӕдисонтӕ уыдысты. 18Йаел Сисерайы размӕ рацыд ӕмӕ загъта: «Рахиз мидӕмӕ, ме’лдар, ма тӕрс». Сисера цатырмӕ бацыд, ӕмӕ йӕ Йаел хъӕццулӕй ӕрӕмбӕрзта. 19Сисера бахатыди Йаелмӕ: «Дойны мын у, иу чысыл-ма мын дон авӕр». Йаел ӕхсыры лалым байгом кодта, Сисерайӕн ӕхсыр радта ӕмӕ та йӕ ногӕй ӕрӕмбӕрзта. 20Сисера йын загъта: «Цатырмӕ бахизӕны раз слӕуу. Исчи куы’рбацӕуа ӕмӕ дӕ куы фӕрса, цатыры исчи ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕ ма схъӕр кӕн». 21Хеверы ус Йаел райста дзӕбуг ӕмӕ цатыр фидаргӕнӕн мих, сабыргай Сисерамӕ бахъуызыд, мих ын йӕ къӕмисӕны ныссагъта ӕмӕ йӕ зӕхмӕ ныххоста. Сисера фыр фӕлладӕй фынӕй уыд ӕмӕ уыцы ран амарди. 22Барак Сисерайы агурӕг куы фӕзынди, уӕд Йаел йӕ размӕ рацыд ӕмӕ загъта: «Рахиз мидӕмӕ, ӕз дын, кӕй агурыс, уый фенын кӕндзынӕн». Барак цатырмӕ бахызтис ӕмӕ федта: Сисера мардӕй хуыссы, йӕ къӕмисӕны — мих сагъд. 23Уыцы бон Дунедарӕг израилӕгтӕн уӕлахиз балӕвар кодта, ӕмӕ ханаанӕгты паддзах Йавины басастой. 24Израилӕгтӕ хӕцыдысты дарддӕр, цалынмӕ ханаанаг паддзах Йавин ӕмӕ йӕ адӕмы бынтондӕр ныццагътой, уӕдмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022