‏ Judges 5

Барак ӕмӕ Деворӕйы уӕлахизы зарӕг

1Уыцы бон Деворӕ Авиноамы фырт Баракимӕ зарыдысты ахӕм уӕлахизы зарӕг: 2— Израилы йӕ фӕтӕгтӕ хӕстмӕ куы кӕной,
адӕм цингӕнгӕ тохмӕ куы цӕуой, —
Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!
3Байхъусут, паддзӕхтӕ!
Байхъусут, хицӕуттӕ!
Ӕз Дунедарӕгӕн зардзынӕн!
Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, стаудзынӕн!
4Дунедарӕг! Сеирӕй куы цыдтӕ,
Ды куы цыдтӕ Едомы бӕстӕйӕ, —
зӕхх ӕнкъуысти, къӕвда уарыди,
ӕмӕ мигътӕй лӕдӕрсти дон.
5Синайы Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы раз,
рызтызты хӕхтӕ.

6Йаел ӕмӕ Анаты фырт Шамгары заман
фӕндӕгтӕ куы сафтид сты!
Бӕлццӕтӕ, ӕмраст фӕндагыл цӕуджытӕ,
ӕнӕцыд фӕндӕгтыл куы цыдысты!
7Нал уыдис Израилы фӕтӕгтӕ,
цалынмӕ фӕзындтӕ ды, Деворӕ, Израилы мад!
8Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой,
ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ!
Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй
йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?
9Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй,
барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй.
Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!
10Зынаргъ гауызтыл урс хӕрджытыл бадджытӕ,
бӕлццӕттӕ, уӕлахизы зарӕг ракӕнут!
11Цъайты цурӕй хъуысынц фыййӕуты хъӕлӕстӕ,
зарӕджы стауынц Дунедарӕджы уӕлахизтӕ —
Израилы фӕтӕгты уӕлахизтӕ куы стауынц!

Дунедарӕджы адӕм кулдуары раз ӕрлӕууыдысты!
12Сыст, ныззар, о Деворӕ!
Сыст, Авиноамы фырт Барак, дӕ уацайрӕгты акӕн!
13Чи аирвӕзт, уыцы сахъгуырдтӕ
гуыппырсартӕм фӕзындысты ӕххуысмӕ,
ӕрлӕууыдысты Дунедарӕджы фарсмӕ —
ӕфсады ныхмӕ схӕцынмӕ!
14Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты,
ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, —
уӕ фӕдыл рацыдысты,
Бениамины фӕдонтӕ!
Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ,
фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.
15Иссахары фӕтӕгтӕ дӕр — Деворӕимӕ!
Иссахар Баракы фӕдыл дӕлвӕзмӕ куы ныййарц!

Рувимы фӕдонтӕ та хъаугъа куы кӕнынц!
16Фосдӕтты астӕу кӕдмӕ баддзыстут,
фыййауы уадындзмӕ кӕдмӕ хъусдзыстут?
Уӕ, хъаугъа куы кӕнынц
Рувимы фӕдонтӕ!
17Галаад Иорданы фале куы цӕры,
Дан та цӕмӕн ӕрцарди йӕ науты?
Асир дӕр денджызы был куы’рбынат кодта,
донбакӕлӕнтӕм хӕстӕг куы’рцарди!
18Мӕлӕты размӕ бырстой
Зевулоны фӕдонтӕ,
семӕ Неффалим дӕр —
быдыры къуыбыртыл!
19Хӕстмӕ рацыдысты паддзӕхтӕ!
Ханааны паддзӕхтӕ хӕстмӕ рацыдысты Таанахы цурмӕ,
Мегиддомӕ хӕстӕг доны былмӕ,
фӕлӕ ӕвзист нӕ бафтыди сӕ къухы!
20Уӕларвӕй тохы бацыдысты стъалытӕ,
сӕ бынӕттӕй Сисераимӕ стох кодтой.
21Уӕ, Кишоны дон знӕгты куы фӕласы,
уӕ рагон дон, цӕугӕдон Кишон!
О мӕ уд, знӕгты хъару басӕтт!
22Уӕ, сӕ бӕхтӕ куы фезгъорынц знӕгтӕн!

23Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты:
«Мерозы сахар ралгъитут,
ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, —
йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не’рлӕууыдысты,
сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»
24Арфӕгонд уӕд Йаел, кенаг Хеверы бинойнаг,
цатырты цӕрӕг сылгоймӕгты’хсӕн арфӕгонд у.
25Уазӕг ракуырдта дон, уый йын радта ӕхсыр,
бӕгъатыры аккаг кӕхцы йын ӕхсыры сӕртӕ бахаста.
26Йӕ галиу къухмӕ райста мих,
йӕ рахизмӕ та — кусӕджы дзӕбуг,
Сисерайы ныццавта, ныппырх кодта Сисерайӕн йӕ сӕр,
йӕ къӕмисӕн ын батыдта!
27Ӕрхауд йӕ къӕхты бын, хуыссы,
йӕ бынаты ӕрхауди мардӕй!
28Сисерайы мад рудзынгӕй кӕсы,
йӕ хъӕлӕс райхъуысы, кӕуы:
«Йӕ тохуӕрдӕттӕ куыд ӕрӕгмӕ здӕхынц,
цӕмӕн кӕнынц фӕстиат йӕ бӕхтӕ?»
29Дзуапп ын куы раттынц йӕ лӕггадгӕнджытӕ, зондджын сылгоймӕгтӕ,
стӕй йӕхӕдӕг дӕр афтӕ куы фӕзӕгъы:
30«Ӕфтиаг райстой, ӕмӕ йӕ се’хсӕн уарынц.
Алы хӕстонӕн дӕр — чызг, науӕд — дыууӕ.
Сисерайы’фтиаг — хъулон хӕрдгӕхуыд хъуымӕцтӕ,
дыууӕ нывӕфтыд фӕлысты».
31Дунедарӕг, Де знӕгтӕ афтӕ фесӕфӕнт!
Дунедарӕджы Чи уарзы, уыдон та — тӕмӕнкалгӕ хуры ӕнгӕс!

Дыууиссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.
Copyright information for OssIBT2022