Judges 6
Израилӕгтӕ мидианӕгты дӕлбар
1Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта. 2Израилӕгтӕ мидианӕгты’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты. 3Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой, 4израилӕгты зӕххыл-иу рӕсӕнуӕттӕ скодтой ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕйы, суанг Газӕйы онг, хуымты бӕркад фесӕфтой. Израилӕгтӕн-иу нал хӕринаг ныууагътой, нал фыстӕ, нал галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ. 5Знӕгтӕ-иу ӕрбацыдысты ӕд бинонтӕ ӕмӕ ӕд фосы рӕгъӕуттӕ, мӕтыхтӕй-иу фылдӕр уыдысты. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ теуатӕн дӕр нымӕц нӕ уыди, ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бӕстӕ сафтид кодтой. 6Мидианӕгты ӕрбабырстытӕй израилӕгтӕ сӕ мӕгуыры хъистӕ хӕрынмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой. 7Мидианӕгтӕй фервӕзыны тыххӕй израилӕгтӕ Дунедарӕгӕй ӕххуыс агурын куы райдыдтой, 8уӕд сӕм Уый пехуымпары рарвыста. Пехуымпар израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, 9фервӕзын уӕ кодтон мысырӕгтӕй ӕмӕ уе’ппӕт знӕгтӕй, уе знӕгты уын атардтон ӕмӕ уын сӕ зӕххытӕ радтон. 10Ӕз уын загътон: «Уӕ Хуыцау Ӕз дӕн, Дунедарӕг, ма лӕггад кӕнут, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн». Фӕлӕ Мӕм сымах нӕ байхъуыстат. 11Дунедарӕджы зӕд Офрайы сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ, Иоасы зӕххыл цы тулдз уыдис, уый бын ӕрбадти. Иоас уыди Авиезеры хӕдзарвӕндагӕй. Уыцы рӕстӕг йӕ фырт Гедеон мӕнӕу ссадта сӕндуцӕны, цӕмӕй йӕ мидианӕгтӕ ма бафиппайой. 12Дунедарӕджы зӕд ӕм ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, Дунедарӕг демӕ ис!» 13Гедеон ын дзуапп радта: «Ме’лдар, кӕд Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр немӕ ис, уӕд ныл ацы бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? Нӕ фыдӕлтӕ-иу Дунедарӕджы диссӕгты кой арӕх ракодтой. Кӕм сты ныр Йӕ уыцы диссӕгтӕ? Афтӕ-иу нын куы дзырдтой, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй ракодта, зӕгъгӕ. Ныр нӕ Дунедарӕг мидианӕгты къухмӕ куы радта!» 14Дунедарӕг ӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, цӕугӕ ӕмӕ Израилы мидианӕгты ӕфсондзӕй фервӕзын кӕн. Ӕз дӕ ӕрвитын». 15Гедеон Ын дзуапп радта: «Ме’лдар, ӕмӕ ӕз Израилы куыд фервӕзын кӕндзынӕн? Мӕ мыггагӕй мӕгуырдӕр Менассиайы хӕдзарвӕндаджы куы нӕй, стӕй мӕ бинонты’хсӕн дӕр се’ппӕты кӕстӕр ӕз куы дӕн». 16Дунедарӕг ын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мидианӕгты фӕстаг лӕджы онг ныццӕгъддзынӕ». 17Гедеон Ын загъта: «Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын исты нысан фенын кӕн, мемӕ Дӕхӕдӕг кӕй дзурыс, уый ӕвдисӕнӕн. 18Цалынмӕ раздӕхон ӕмӕ Дын мӕ хуын ӕрбадавон, уӕдмӕ мӕм ам банхъӕлмӕ кӕс». Уый йын дзуапп радта: «Хорз, ацы ран дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн». 19Гедеон ауади, сӕныкк акусарт кодта ӕмӕ ссады ефӕйӕ гуылтӕ афыхта донгонд хыссӕйӕ. Дзидза нывӕрдта чыргъӕды, бас та хъуырауы ныккодта, тулдзы бынмӕ сӕ ахаста ӕмӕ сӕ уазӕджы раз ӕрӕвӕрдта. 20Зӕд ын загъта: «Райс дзидза ӕмӕ гуылтӕ, сӕвӕр сӕ ацы дурыл ӕмӕ сыл бас ныккӕн». Гедеон Йӕ коммӕ бакасти. 21Уӕд Дунедарӕджы зӕд йӕ лӕдзӕджы кӕронӕй дзидза ӕмӕ гуылтыл андзӕвыд, дурӕй арты’взӕгтӕ рацыдис ӕмӕ сӕ басыгътой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд фӕцыдӕр. 22Уӕд Гедеон бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр Дунедарӕджы зӕд кӕй уыдис, уый, ӕмӕ ныхъхъӕрзыдта: «О Дунедарӕг! Додойаг фӕдӕн! Ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Хуыцауы зӕды!» 23Дунедарӕг ын загъта: «Ӕрсабыр у! Ма тӕрс, нӕ амӕлдзынӕ». 24Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом ▼▼Яхве-Шалом — «Сабырдзинады Дунедарӕг».
. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл. Баалы нывондхӕссӕн
25Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дӕ фыды рӕгъауӕй хӕрзхаст авдазыккон гал ракӕн ӕмӕ, дӕ фыдмӕ чи ис, уыцы Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кӕн. Йӕ фарсмӕ Ашерӕйы цӕджындз дӕр акал. 26Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд». 27Гедеон йе’ххуырстытӕй дӕс лӕджы равзӕрста ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ бакодта. Ӕрмӕст боныгон нӕ, фӕлӕ ӕхсӕвы, уымӕн ӕмӕ тарстис йӕ хӕстӕджытӕй ӕмӕ иннӕ адӕмӕй. 28Райсомӕй хъӕуы цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Баалы нывондхӕссӕн пырх, Ашерӕйы цӕджындз — калд, ногарӕзт нывондхӕссӕныл та нывондӕн ӕрхастӕуыд хӕрзхаст гал. 29Адӕм кӕрӕдзийы фарстой, уӕдӕ уый чи уыдаид, зӕгъгӕ. Фӕцагуырдтой ӕмӕ базыдтой, Иоасы фырт Гедеон кӕй уыдис, уый. 30Хъӕуы цӕрджытӕ Иоасӕн загътой: «Дӕ фырт ныппырх кодта Баалы нывондхӕссӕн, акалдта Ашерӕйы цӕджындз! Ракӕн нӕм ӕй! Хъуамӕ мард ӕрцӕуа!» 31Уӕд Иоас, йӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоныл ныхъхъӕр кодта: «Ӕмӕ Баалы сӕрыл сымах хъуамӕ хӕцат? Йӕ фарс чи хӕца, уый ацы тӕккӕ райсом амарын кӕндзынӕн! Кӕд Баал хуыцау у, уӕд йӕхӕдӕг тох кӕнӕд йемӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта!» 32Уыцы бон Гедеонӕн радтой ном Иеруббаал. Уый амоны «Баал йемӕ тох кӕнӕд», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Гедеон Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кодта.Гедеон Хуыцауӕй куры ӕвдисӕйнаг
33Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты, цӕугӕдоны сӕрты бахызтысты ӕмӕ Изреелы дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодтой. 34Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта. 35Менассиайы мыггагмӕ дӕр фӕдисӕттӕ арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр хӕстмӕ рацыдысты. Ноджы ма фӕдисӕттӕ арвыста Асир, Зевулон ӕмӕ Неффалимы байзӕддӕгтӕм, ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты. 36Гедеон Хуыцауӕн загъта: «Израилы адӕмы ӕцӕгдӕр, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнынмӕ хъавыс? 37Уӕдӕ кӕс, мӕнӕ ӕз ацы ран, мусы, ӕвӕрын ногӕлвыд фысы хъуын. Хъуыныл ӕртӕх куы фӕзына, йӕ алыварс цы зӕхх ис, уый та хусӕй куы баззайа, уӕд мӕ бауырндзӕни, Ды Израилы мӕ къухӕй кӕй фервӕзын кӕндзынӕ, уый, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ». 38Куыд загъта, афтӕ рауади. Дыккаг бон Гедеон райсомӕй сыстад, хъуын лӕмарын байдыдта, ӕмӕ кӕхц донӕй айдзаг ис. 39Гедеон та загъта Хуыцауӕн: «Ма мӕм смӕсты у, ацы хъуыныл ма мын ноджы иу нысан равдис. Ныр та хъуын хусӕй баззайӕд, йӕ алыварс та ӕртӕх фӕзынӕд». 40Уыцы’хсӕв ын Хуыцау йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Хъуын баззади хусӕй, йӕ алыварс кӕрдӕг та иууылдӕр уыдис хуылыдз.
Copyright information for
OssIBT2022