‏ Judges 7

Израилӕгты уӕлахиз

1Райсомӕй раджы Иеруббаал, ома Гедеон, йе’фсадимӕ Хароды суадоны был рӕсӕнуат скодта. Мидианӕгты рӕсӕнуат та уыдис цӕгатӕрдыгӕй, дӕлвӕзы, Морейы хохы цур. 2Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ. 3Хӕстонтӕн фехъусын кӕн: тӕрсгӕ чи кӕны ӕмӕ ныфс кӕмӕ нӕй, уыдон Галаады хӕхтӕй ацӕуӕнт». Дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, дӕс мины та уым баззадысты. 4Дунедарӕг загъта Гедеонӕн: «Нырма дӕм уӕддӕр бирӕ адӕм ис. Суадоны былмӕ сӕ акӕн ӕмӕ дын уым Мӕхӕдӕг равзардзынӕн хӕстонтӕ. Кӕмӕй дын зӕгъон, уыдон демӕ ацӕудзысты, иннӕтӕ баззайдзысты».

5Гедеон йӕ хӕстонты суадоны былмӕ акодта, ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Дон нуазынмӕ зӕххыл чи адӕлгом уа ӕмӕ дон куыдзау йе’взагӕй чи сдӕра, уыдоны-иу слӕууын кӕн иуӕрдыгӕй, йӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ, дон къухӕй чи нуаза, уыдоны та — иннӕрдыгӕй». 6Ӕртӕсӕдӕ лӕджы дон сдӕрдтой се’взагӕй, иннӕтӕ иууылдӕр сӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ дон къухӕй нуӕзтой. 7Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дон йе’взагӕй чи сдӕрдта, уыцы ӕртӕсӕдӕ лӕджы хъаруйӕ уын мидианӕгты басӕттын кӕндзынӕн. Иннӕтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ацӕуӕнт». 8Израилӕгтӕн семӕ уыди хӕринаг ӕмӕ сыкъауадындзтӕ. Мидианӕгты рӕсӕнуат уыди дӕле, тъӕпӕны. 9Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ. 10Кӕд тӕрсыс, уӕд уал сӕм де’ххуырст Пураимӕ ныццу 11ӕмӕ сын байхъус сӕ ныхӕстӕм. Уӕд фӕныфсджындӕр уыдзынӕ ӕмӕ рӕсӕнуатмӕ бабырсдзынӕ».

Гедеон ӕмӕ йе’ххуырст Пура, мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм ныццыдысты.
12Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбынат кодтой дӕлвӕзы. Мӕтыхтау бирӕ уыдысты, сӕ теуатӕ — денджызы змисау, ӕнӕнымӕц. 13Гедеон рӕсӕнуатмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ фехъуыста дыууӕ лӕджы ныхас. Уыдонӕй иу иннӕмӕн дзырдта: «Ӕз фыны уыдтон, цыма мидианӕгты рӕсӕнуатыл тымбыл хъӕбӕрхоры кӕрдзын фӕцӕйтылди. Цатыры онг куы батылд, уӕд ын ахӕм цӕф ныккодта, ӕмӕ цатыр афӕлдӕхт». 14Уӕд ын йе’мбал афтӕ зӕгъы: «Уый израилаг Гедеоны, Иоасы фырты, хъама у. Дунедарӕг ын уӕлахиз радта, ӕмӕ ацы мидианӕгты рӕсӕнуат бацахсдзӕн».

15Гедеон, фын цы амоны, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Дунедарӕгӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ израилӕгты рӕсӕнуатмӕ раздӕхт ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сыстут! Дунедарӕг уын мидианӕгты рӕсӕнуат уӕ къухмӕ радта!»

16Гедеон йе’ртӕсӕдӕ хӕстоны ӕртӕ къордыл адих кодта, алкӕмӕ дӕр дзы радта сыкъауадындз ӕмӕ афтид хъуырауы ӕмбӕхст цырагъ. 17Бафӕдзӕхста сын: «Ӕз-иу цы кӕнон, сымах дӕр — уый. Мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ куы бацӕуӕм, уӕд-иу мӕн бафӕзмут. 18Ӕз ӕмӕ, мемӕ цы къорд цӕуы, уыдон сӕ сыкъаудындзтӕй куы ныууасой, уӕд-иу сымах дӕр сӕ рӕсӕнуаты алыварс сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ хъӕр кӕнут: „Дунедарӕг ӕмӕ Гедеоны сӕраппонд!“»

19Ӕмбисӕхсӕв мидианӕгты хъахъхъӕнджытӕ кӕрӕдзийы куы баивтой, уӕд Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы сӕдӕ хӕстоны уыди, уыдон мидианӕгты рӕсӕнуаты размӕ бацыдысты, сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой. 20Уӕд иннӕ къордты цы хӕстонтӕ уыди, уыдон дӕр сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты ӕмӕ сӕ хъуырӕуттӕ ныппырх кодтой. Галиу къухтӕй хӕцыдысты цырӕгътыл, рахизтӕй та — сыкъауадындзтыл, рӕсӕнуаты алыварс сыкъауадындзтӕй уасыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Дунедарӕг ӕмӕ Гедеоны сӕраппонд!» 21Хӕстонтӕ рӕсӕнуаты алыварс лӕууыдысты, фӕлӕ сӕ бынӕттӕй не змӕлыдысты. Рӕсӕнуаты цы адӕм уыди, уыдон схъомпал сты, хъӕр-хъӕлӕба систой ӕмӕ лидзӕг фесты. 22Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.

23Гедеон фӕсидти Неффалим, Асир ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕм, ӕмӕ мидианӕгты фӕсте асырдтой. 24Ефремы хӕхтӕм дӕр Гедеон фӕдисӕттӕ арвыста: «Хӕхтӕй ӕрхизут ӕмӕ мидианӕгтӕн цӕугӕдонмӕ фӕндаг сӕхгӕнут! Иорданы былгӕрон суанг Бет-Барыйы онг бацахсут!» Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕрбамбырд сты ӕмӕ цӕугӕдонмӕ фӕндаг сӕхгӕдтой, Иорданы былгӕрон Бет-Барыйы онг бацахстой. 25Мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы, Зеев ӕмӕ Оревы ӕрцахстой. Зеевы амардтой Зеевы сахары, Оревы та — Оревы сахары.

Израилӕгтӕ дарддӕр зылдысты мидианӕгты фӕдыл. Гедеонӕн Иорданы фалейӕ Зеев ӕмӕ Оревы сӕртӕ ӕрбахастой.
Copyright information for OssIBT2022