‏ Judges 8

1Ефремы байзӕддӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Мидианӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ куы ацыдтӕ, уӕд махмӕ цӕуылнӕ фӕдзырдтай?» Фыр мӕстӕй пиллон арт уагътой. 2Гедеон сын дзуапп радта: «Ау, ӕмӕ мӕнӕн цы бантысти, уыдон уӕ хъуыддӕгтимӕ абарӕн ис? Ефреммӕ ӕрхаудысты сӕнӕфсиры фӕстаг цупӕлттӕ, уыдон Авиезеры ӕфтиагӕй бирӕ хуыздӕр сты. 3Хуыцау уын уӕ къухмӕ радта мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы — Зеев ӕмӕ Оревы. Ӕз ахӕмӕй ницы сарӕзтон». Ефремы фӕдонтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты.

Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ

4Гедеон ӕмӕ йе’ртӕсӕдӕ хӕстоны Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты. Се знӕгты фӕдыл рагӕй зылдысты ӕмӕ тынг бафӕлладысты. 5Гедеон Суккоты цӕрджытӕн загъта: «Мӕ адӕмӕн мын иу чысыл хӕринаг авӕрут, бафӕлладысты. Мидианӕгты паддзӕхтӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы фӕдыл рагӕй зилӕм». 6Суккоты хицӕуттӕ йын дзуапп радтой: «Ӕмӕ Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ ныридӕгӕн дӕ къухы сты? Де’фсадӕн нӕ хӕринаг цӕй тыххӕй агурыс?» 7Гедеон сын загъта: «Хорз! Дунедарӕг мын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы мӕ къухмӕ куы радта, уӕд уын найгӕнӕнау ӕмӕ сындзытау уӕ буӕрттӕ ныссӕнддзынӕн!»

8Суккоты сахарӕй Гедеон ацыди Пенуелмӕ ӕмӕ та уым дӕр йӕ хӕстонтӕн хӕринаг куырдта. Пенуелы цӕрджытӕ дӕр ын суккотӕгты дзуапп радтой. 9Гедеон сын загъта: «Фӕстӕмӕ куы раздӕхон, уӕд уын уӕ мӕсыг ныппырх кӕндзынӕн!»

10Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ фынддӕс мин хӕстонимӕ ӕрбынат кодтой Каркоры. Скӕсӕйнаг знӕмты ӕфсадӕй ма ӕрмӕстдӕр уый бӕрц баззади, ӕхсӕзыссӕдз мины дзы хӕсты фӕмард сты. 11Гедеон, цӕугӕцардгӕнджытӕ цы фӕндагыл цыдысты, ууылты Новах ӕмӕ Йагбехайӕ скӕсӕнӕрдӕм ацыдис ӕмӕ, знаг уый ӕнхъӕл нӕ уыд, афтӕмӕй йын йӕ рӕсӕнуатмӕ бабырста. 12Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ алыгъдысты. Гедеон сӕ фӕсте асырдта ӕмӕ мидианӕгты дыууӕ паддзахы ӕрцахста. Се’фсад та фыр тӕссӕй алырдӕмты фӕлыгъдысты.

13Иоасы фырт Гедеон хӕстон балцӕй фӕстӕмӕ здӕхти Хересы къуыбырыл. 14Иу суккотаг лӕппуйы ӕрцахста ӕмӕ йын йӕ сахары хицӕутты, стӕй хистӕрты нӕмттӕ ныффыссын кодта. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз. 15Уый фӕстӕ Гедеон йе’фсадимӕ Суккотмӕ ӕрбацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Мӕнӕ уын Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ! Сымах та мӕ хынджылӕг кодтат, Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы куы нӕма ӕрцахстай, уӕд нӕ дӕ фӕллад хӕстонтӕн хӕринаг цӕмӕн агурыс, зӕгъгӕ». 16Гедеон сахары хистӕрты ӕрцахста, Суккоты цӕрджыты та сындзытӕ ӕмӕ бӕлӕсты къалиутӕй фӕнӕмын кодта. 17Пенуелы мӕсыг ныппырх кодта ӕмӕ сахары цӕрджыты ныццагъта.

18Гедеон Зевах ӕмӕ Цалмуннӕйы бафарста: «Хъуыды-ма кӕнут, Фаворы хохыл кӕй амардтой, уыцы адӕмы?» Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ йын дзуапп радтой: «Де’нгӕс уыдысты, ӕддаг бакастӕй — паддзахы фырттӕ». 19Гедеон сын загъта: «Уыдон ме’фсымӕртӕ уыдысты, мӕ ныййарӕг мады зӕнӕг. Ард уын хӕрын Дунедарӕгӕй, куы сыл бацауӕрстаиккат, уӕд уын ӕз дӕр фӕтӕригъӕд кӕнин». 20Ӕмӕ йӕ хистӕр фырт Иетерӕн загъта: «Амар сӕ!» Фӕлӕ уый нырма ӕрыгон уыди ӕмӕ кард сисынмӕ йӕ ныфс нӕ бахаста. 21Уӕд Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ Гедеонӕн загътой: «Дӕхӕдӕг нӕ амар. Алчидӕр, йӕ бон цы у, уый кӕны». Гедеон сӕ амардта ӕмӕ, сӕ теуатыл цы ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ ауыгъд уыди, уыдон йӕхицӕн райста. 22Израилӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Паддзахӕй нӕм ныллӕу, дӕ фӕстӕ нын паддзах дӕ фырт суӕд, уый фӕстӕ та — дӕ фырты фырт. Ды нӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кодтай!» 23Гедеон не сразы ис: «Ӕз сымахӕн паддзахӕй нӕ ныллӕудзынӕн, стӕй мӕ фырт дӕр сымахӕн хицау никуы уыдзӕн. Дунедарӕг уӕд уӕ паддзах». 24Гедеон сын ноджы загъта: «Иу курдиат мӕм ис. Алчидӕр мын йе’фтиагӕй иу хъусцӕг балӕвар кӕнӕд». Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ се знӕгтӕ уыдысты измаелӕгтӕ
Мидианӕгтӕ ӕмӕ измаелӕгтӕ тексты нысан кӕнынц иу адӕмы.
, ӕмӕ уыдон дардтой сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ.
25Израилӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Ратдзыстӕм дын!» Зӕххыл уӕлӕфтау айтыдтой, ӕмӕ йыл алчидӕр йе’фтиагӕй иу сыгъзӕрин хъусцӕг ӕрӕвӕрдта. 26Сӕ уӕз уыди мин ӕмӕ авдсӕдӕ шекелы. Уыдонӕй уӕлдай — ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ, даргъ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мидианӕгты паддзӕхты сӕнт сырх дарӕс, стӕй, теуаты бӕрзӕйтӕй цы фӕрдгуытӕ раластой, уыдон. 27Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод
Ацы ран ефод нысан кӕны «сыгъзӕрин цырт». Йӕ иннӕ нысаниуӕг — «сауджыны раздарӕн».
ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.

Гедеоны мӕлӕт

28Израилӕгтӕ мидианӕгтыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд уыдон хӕрдмӕ скӕсын дӕр нал уӕндыдысты. Гедеоны заман бӕстӕ дыууиссӕдз азы уыди сабыр.

29Иоасы фырт Иеруббаал (ома Гедеон) йӕ хӕдзары ӕрцарди. 30Гедеонӕн райгуырди дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, уымӕн ӕмӕ йын бирӕ устытӕ уыди. 31Шехемы йын цы номылус царди, уымӕй дӕр ын фырт райгуырди, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Авимелех. 32Иоасы фырт Гедеон амарди хӕрз зӕрондӕй, баныгӕдтой йӕ Офрайы, йӕ фыд Иоасы зӕппадзы, Авиезеры зӕххыл.

33Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой. 34Сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, сӕ алыварс знӕгтӕй сӕ Чи фервӕзын кодта, Уый та ферох кодтой. 35Стӕй Иеруббаалы (Гедеоны) мыггагӕн дӕр, Израилы сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон хӕрзтӕй нӕ бафыстой.
Copyright information for OssIBT2022