Judges 9
Авимелех
1Иеруббаалы фырт Авимелех Шехемы сахармӕ йе’фсымӕртӕм ӕрцыд ӕмӕ йе’фсымӕртӕн, стӕй йе’ппӕт мыггагӕн загъта: 2«Шехемы цӕрджытӕн зӕгъут: цы уӕм хуыздӕр кӕсы, цӕмӕй уын хицауиуӕг Иеруббаалы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты кӕной ӕви ӕрмӕстдӕр йӕ иу фырт? Ӕмӕ ма рох кӕнут, шехемӕгтӕ, ӕз уӕ туг, уе стӕг кӕй дӕн, уый». 3Авимелехы мады’фсымӕртӕ уыцы ныхӕстӕ шехемӕгтӕн куы рафӕзмыдтой, уӕд уыдон йӕ фарс рахӕцыдысты ӕмӕ загътой: «Уый не’фсымӕр у». 4Баал-Бериты кувӕндонӕй йын дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы ӕвзист радтой. Уыцы ӕхцайӕ уый алы фыдгӕнджытӕ ӕмӕ дзӕгъӕлдзуты баххуырста. 5Уыцы къордимӕ Офрайы сахармӕ, йӕ фыды мыггаг кӕм цардис, уырдӕм ӕрбацыд ӕмӕ йӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз ӕфсымӕры иу дуры сӕрыл амардта. Ӕрмӕст Гедеоны кӕстӕр фырт Йотам бамбӕхсти ӕмӕ уый фӕрцы аирвӕзт. 6Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты. 7Йотамӕн уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд Геризимы хохы сӕрмӕ ссыди ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Байхъусут мӕм, шехемӕгтӕ, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр уӕ куывд фехъусдзӕн! 8Иу хатт бӕлӕстӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сӕхицӕн паддзах равзарын сфӕнд кодтой. Оливӕ бӕласӕн загътой: «Паддзахӕй нын ныллӕуу». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: 9«Ӕмӕ уӕд, хуыцӕуттӕн ӕмӕ адӕмӕн цы сойӕ кад кӕнынц, уый та цы фӕуыдзӕн? Цӕмӕй иннӕ бӕлӕстӕй фӕуӕлдӕр уон, уый тыххӕй сын мӕ сой мауал дӕттон?» 10Уӕд бӕлӕстӕ легъуи бӕласмӕ бацыдысты, фӕлӕ сын уый загъта: 11«Ау, ӕмӕ мӕ хӕрзад дыргътӕ куыд ныууадзон? Ӕрмӕст, цӕмӕй иннӕ бӕлӕстӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсон, уый тыххӕй?» 12Бӕлӕстӕ сӕнӕфсиры таламӕ бахатыдысты: «Паддзахӕй нын ныллӕуу». 13Фӕлӕ сын загъта: «Ӕмӕ мӕ сӕн та? Уый хъӕлдзӕг кӕны хуыцӕутты ӕмӕ адӕмы. Ау, мауал сын ӕй дӕттон? Ӕрмӕстдӕр, цӕмӕй иннӕ бӕлӕстӕй фӕуӕлдӕр уон, уый тыххӕй?» 14Уӕд бӕлӕстӕ какон сындзӕн загътой: «Паддзахӕй нын ныллӕуу». 15Уый сын дзуапп радта: «Кӕд мӕ ӕцӕгдӕр уӕхицӕн паддзахӕй ӕвзарут, уӕд ӕрбацӕут ӕмӕ мӕ аууоны бамбӕхсут. Паддзахӕй мӕ куынӕ равзарат, уӕд мӕ сындзытӕй арты’взӕгтӕ рацӕудзысты ӕмӕ ливайнаг нӕзыты басудздзысты». 16Шехемӕгтӕ! Авимелехы уӕхицӕн паддзахӕй куы равзӕрстат, уӕд раст бакодтат, куыд уӕм кӕсы? Иеруббаалӕн ӕмӕ йӕ мыггагӕн сӕ хорздзинӕдтӕ хорзӕй бафыстат? Уый аккаг уыдис Иеруббаал? 17Мӕ фыд уӕ сӕрыл бирӕ фӕтох кодта. Цӕмӕй уӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ цардыл нӕ ауӕрста! 18Ныр ын сымах йӕ мыггаджы ныхмӕ сыстадыстут ӕмӕ йын йӕ фыртты ныццагътат! Иу дурыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы амардтат! Ӕмӕ мӕ фыдӕн йӕ цагъары фырты, ӕрмӕстдӕр уӕ туг, уе стӕг кӕй у, уый тыххӕй уӕхицӕн, Шехемы цӕрджытӕн, паддзахӕй равзӕрстат! 19Гъемӕ уӕм кӕд, Иеруббаал ӕмӕ йӕ мыггаджы хӕрзтӕ ахӕм хуызы кӕй бафыстат, уый раст кӕсы, уӕд цин кӕнут Авимелехыл, ӕмӕ уыл уый дӕр цин кӕнӕд! 20Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа! 21Уый фӕстӕ Йотам йе’фсымӕр Авимелехӕй Бееры сахармӕ алыгъд ӕмӕ уым ӕрцардис. 22Авимелех ӕртӕ азы дӕргъы уыдис Израилы паддзах. 23Фӕлӕ Хуыцау Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджыты’хсӕн фыдӕхы моны бауагъта, ӕмӕ шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сыстадысты. 24Авимелех ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ сӕ тӕригъӕд хъуамӕ иумӕ бафыстаиккой, уымӕн ӕмӕ Авимелех амардта Гедеоны дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты, йе’фсымӕрты, шехемӕгтӕ та йын уыцы фыдракӕнды ӕххуыс кодтой. 25Шехемӕгтӕ Авимелехы ныхмӕ сӕ алыварс хӕхты бабадтысты ӕмӕ, сӕ рӕзты чидӕриддӕр цыди, уыдоны стыгътой. Авимелехмӕ уый тыххӕй фӕхабар чындӕуыд. 26Шехеммӕ ӕрбацыдис Эведы фырт Гаал йӕ хӕстӕджытимӕ. Шехемӕгтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Гаалыл. 27Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой. 28Эведы фырт Гаал дзырдта: «Чи у Авимелех шехемӕгты раз? Мах хъуамӕ Авимелехӕн лӕггад кӕнӕм? Иеруббаалы фырт ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Зевул хъуамӕ сӕхӕдӕг лӕггад кӕной Хаморы адӕмӕн. 29Ехх, ӕз ацы адӕмӕн хицау куы уаин, уӕд Авимелехы бӕргӕ атӕрин ардыгӕй!» Ӕмӕ Гаал фӕсидти Авимелехмӕ, де’фсад ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ хӕстмӕ рацу, зӕгъгӕ. 30Сахары хицау Зевул, Эведы фырт Гаал цы ныхӕстӕ кӕны, уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис, 31ӕмӕ сусӕгӕй Авимелехмӕ минӕвӕрттӕ арвыста, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Шехеммӕ йӕ хӕстӕджытимӕ ӕрбацыд Эведы фырт Гаал ӕмӕ сахары цӕрджыты дӕ ныхмӕ ардауы. 32Ӕхсӕвы дӕ адӕмимӕ фӕссахар бабад. 33Райсомӕй хур куыддӕр скӕса, афтӕ-иу бабырс сахармӕ. Гаал йе’фсадимӕ дӕ размӕ рацӕудзӕн ӕмӕ дӕ къухтӕм бахаудзӕн». 34Ӕхсӕвы Авимелех йе’ппӕт ӕфсадимӕ хӕстмӕ рацыдис, йӕ хӕстонтӕ цыппар къордыл адих сты ӕмӕ Шехемы алыварс бабадтысты. 35Эведы фырт Гаал лӕууыди сахары кулдуары цур. Ӕвиппайды рӕсӕнуатӕй фӕзындис Авимелех йӕ адӕмимӕ. 36Гаал сӕ ауыдта ӕмӕ Зевулӕн загъта: «Цавӕрдӕр адӕм къуыбырӕй ӕрцӕуынц». Зевул ын дзуапп радта: «Нӕ, уыдон адӕм не сты. Уый дӕм, къуыбыртыл цы аууӕттӕ ис, уыдон адӕмы хуызӕн фӕкастысты». 37Фӕлӕ та йын Гаал ногӕй загъта: «Къуыбырӕй адӕм ӕрцӕуынц. Иу ӕндӕр къорд та Дӕсныфӕрсджыты бӕласы’рдыгӕй ӕрбацӕуы». 38Уӕд ын Зевул афтӕ зӕгъы: «Ӕмӕ дӕхӕдӕг афтӕ нӕ дзырдтай, Авимелех чи у ӕмӕ йын цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ? Уӕртӕ сты, дӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссыс, уыцы адӕм. Цу ӕмӕ схӕц семӕ!» 39Гаал Шехемы цӕрджыты йӕ фӕдыл акодта ӕмӕ Авимелехы’фсады ныхмӕ схӕцыди. 40Фӕлӕ йӕ хӕстонтӕ лидзӕг фесты. Авимелех сӕ сахары кулдуары онг фӕсырдта, бирӕтӕ дзы фӕмард сты. 41Уый фӕстӕ Авимелех ӕрбынат кодта Арумайы. Зевул та Гаалы йӕ хӕстӕджытимӕ Шехемӕй ратардта. 42Дыккаг бон шехемӕгтӕ ногӕй сахарӕй рацыдысты. Авимелехмӕ фӕхабар чындӕуыди. 43Йе’фсад ӕртӕ къордыл адих кодта ӕмӕ рӕсӕнуаты бадти. Сахарӕй чидӕриддӕр цыди, уыдоны мардта. 44Йӕ иу къордимӕ сахары кулдуары раз лӕууыд, иннӕ дыууӕ та, сахарӕй чи цыди, уыдоны цагътой. 45Авимелех ӕмӕ шехемӕгтӕ фӕхӕцыдысты ӕнӕхъӕн бон. Авимелех сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты ныццагъта. Шехемы сахар ныддӕрӕн кодта ӕмӕ йын йӕ бынаты цӕхх байзӕрста. 46Шехемы мӕсыджы чи царди, уыцы адӕм уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд, Ел-Бериты кувӕндоны цы фидар уыдис, уырдӕм ацыдысты. 47Авимелехӕн фехъусын кодтой, Шехемы мӕсыджы чи уыди, уыдон иууылдӕр уыцы ран ӕрӕмбырд сты, зӕгъгӕ. 48Уӕд Авимелех йӕ адӕмы фӕрӕттимӕ Цалмоны хохы цурмӕ ӕрбакодта, йӕ фӕрӕтӕй бӕласы къалиутӕ ӕрцагъта, йе’ккоймӕ сӕ систа ӕмӕ йӕ хӕстонтӕн бардзырд радта: «Рӕвдздӕр! Сымах дӕр мӕн бафӕзмут!» 49Хӕстонтӕ дӕр бӕлӕсты къалиутӕ ӕрцагътой ӕмӕ Авимелехы фӕдыл ацыдысты. Сӕ къалиутӕ фидары алыварс ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сыл арт бандзӕрстой. Уым уыди минмӕ ӕввахс нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, Шехемы мӕсыджы чидӕриддӕр уыди, уыдон иууылдӕр басыгъдысты. 50Уый фӕстӕ Авимелех Тевецы сахарыл ӕрхъула кодта ӕмӕ йӕ бацахста. 51Сахары уыди быруйӕ ӕхгӕд мӕсыг, ӕмӕ Тевецы цӕрджытӕ, усӕй, лӕгӕй, иууылдӕр уырдӕм згъордтой. Дуар сӕхгӕдтой ӕмӕ мӕсыджы сӕрмӕ слыгъдысты. 52Авимелех ӕмӕ йе’фсад мӕсыгмӕ хӕстӕг бацыдысты ӕмӕ йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты. Авимелех мӕсыгыл арт бандзарынмӕ куы хъавыди, 53уӕд ын иу сылгоймаг йӕ сӕрыл зилгӕ куыройы фыд ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын йӕ сӕргӕхц батыдта. 54Авимелех уайтагъд йӕ хотыхдармӕ фӕсидти: «Слас дӕ кард ӕмӕ мӕ амар. Хъуамӕ мачи зӕгъа, Авимелехы сылгоймаг амардта, зӕгъгӕ». Хотыхдар ын йӕ риуы кард ныссагъта, ӕмӕ амарди. 55Израилӕгтӕ йӕ мардӕй куы федтой, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕм ныххӕлиу сты. 56Афтӕ Хуыцау Авимелехӕн бафидын кодта йӕ тӕригъӕд — йӕ фыды мыггагмӕ йӕ къух кӕй систа ӕмӕ йе’фсымӕрты кӕй амардта, уый. 57Шехемӕгтӕн дӕр Хуыцау сӕ фыдракӕндтӕ бафидын кодта. Афтӕ сӕххӕст Иеруббаалы фырт Йотамы ӕлгъыст.
Copyright information for
OssIBT2022